26 апреля 2024

«СӔ УӔЛЗӔНХОН ЦАРД ПУСУЛМӔНТТӔ ГЪӔУАМА АККАГ ХУЗИ ӔРВЕТОНЦӔ…»

05.04.2022 | 12:13

Cабати, 2 апърели ралӕудтӕй пусулмон анзнимади цитгиндӕр мӕйтӕй еу – Рамадан. Еци мӕйи фиццаг бон ӕй уоразай райдайӕн

Хуӕрзауодӕг, Хуӕрзауодӕгзӕрдӕ Еунӕг Хуцауи номи хӕццӕ! Мах нирвистан Хъуран «Аль-Кадр»-и устуради ӕма аккаги ӕхсӕви. Кӕцӕй ӕй зонай ду, ци ӕй устуради ӕма аккаги ӕхсӕвӕ?! Устуради ӕма аккаги ӕхсӕвӕ ӕй мин мӕйӕй хуӕздӕр, уомӕн ӕма номзагъдӕй еци ӕхсӕвӕ ӕрвист ӕрцудӕй Уас Хъуран.

Устуради ӕхсӕви изӕдтӕ ӕма Джибрил ӕруадзунцӕ сӕхе зӕнхӕмӕ сӕ Хуцауи барвӕндӕй ӕма Ӕ нистауӕнти хӕццӕ. Устуради ӕхсӕви паддзахеуӕг ниллӕууй сабурадӕ, нӕ фӕууй нӕ зиан, нӕ бӕлах сӕуӕхседи райдайӕнмӕ.

Хъуран. Сурӕ (Нистауӕн)

Хъурани аци Сурӕ уин хумӕтӕги не ’рлӕуун кодтан уӕ зӕрдитӕбӕл. Евгъуд сабати, 2 апърели пусулмон анзнимадмӕ гӕсгӕ райдӕдта арфӕгонд мӕйӕ Рамадан. Уой райдайӕн иссӕй, пусулмӕнттӕн ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг фӕтки – Уоразай – райдайӕн. Уомӕ гӕсгӕ дуйней еугур пусулмон дзиллӕ 29 боней дӕргъи ком дардзӕнӕнцӕ, уой фӕсте ба сӕ ком исуадздзӕнӕнцӕ ӕма бӕрӕггонд цӕудзӕнӕй цитгийнаг бӕрӕгбон комуадзӕн – Уораза-байрам.

Хъурани бӕлвурд амунд ӕй, комдарӕн цӕй туххӕй ӕй ӕма бӕлвурдӕй Рамадани мӕйи нисангонд цӕмӕн ӕй, е. Комдарӕн баст ӕй уӕларвон Хъурани зӕнхон цард, пахампар Мӕхӕмӕти – Хуцауи салам ин! – минӕварадон архайди райдайӕни хӕццӕ. Уомӕ гӕсгӕ ба ӕцӕг пусулмонбӕл ци ихӕстӕ ӕвӕрд фӕууй, етӕ ӕгириддӕр уӕлӕнгай хузи ӕнхӕстгонд гъӕуама ма цӕуонцӕ.

Ком бадарун ӕй пусулмон дини фондз цӕгиндземӕн сӕ ахсгиагдӕр ӕма ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕстгӕнгӕ ӕгъдӕуттӕй еу. Фал уой дӕр зонун гъӕуй, ӕма е ‘нхӕст кӕнун адӕймаги ӕнӕнездзийнадӕн зӕран гъӕуама ма ‘рхӕсса. Уомӕ гӕсгӕ ба Рамадани мӕйи комдаруни ихӕсӕй уӕгъдӕ ’нцӕ: уӕззау сӕйгитӕ, сувӕллонмӕ ка ’нгъӕл кӕсуй, уӕдта дзедзедай сувӕллон кӕмӕн ес, еци силгоймӕгтӕ, ӕнӕхъаурӕ зӕрӕндтӕ, финддӕс анзи кӕбӕл нӕма цӕуй, еци сувӕллӕнттӕ, идард надбӕл цӕуӕг бӕлццӕнттӕ.

Рамадани рӕстӕги ком бадарун цӕмӕдӕр гӕсгӕ ӕнхӕстӕй кенӕ ба ӕгириддӕр бадарун кӕмӕн нӕ бантӕстӕй, уони бон ӕй сӕ еци ихӕс фӕстӕдӕр исӕнхӕст кӕнун, ӕцӕг, иннӕ Рамадани уӕнгӕ рӕстӕги.

Куд еугур Уӕрӕсей, уотӕ Иристони пусулмӕнттӕ дӕр Рамадани мӕйӕ идайгӕй бӕлвурдӕй лӕдӕрунцӕ комдаруни нисан циуавӕр ӕй, уой: суткити бӕлвурд рӕстӕги хуӕруйнагӕй хе хумӕтӕги уорамунӕй сӕйрагдӕр ӕй Хуцауӕй тӕрсундзийнадӕ, е ӕй адӕймаги уодигъӕдӕ ӕма ӕфсарми менеугутӕ ӕнхӕстӕй-ӕнхӕстдӕр кӕнуни зингӕдӕр, мадзал.

Куд алли рӕстӕгути, уотӕ нури доги дӕр ӕцӕг ӕууӕндӕг адӕймаг ӕууӕндундзийнади бундорон фӕткитӕ гъӕуама ӕнхӕст кӕна ӕнӕгъӕнӕй, уомӕн ӕма етӕ ‘нцӕ, ӕ зӕнхон царди надбӕл ци рӕдуддзийнӕдтӕ ӕма имӕ бафауйнаг гъуддӕгутӕ кӕсунцӕ, уонӕй хе багъӕуай кӕнуни агъазиау фадуат. Сӕ уӕлзӕнхон цард пусулмӕнттӕ гъӕуама ӕрветонцӕ ӕгъдаугинӕй, аккаг хузи, федауцӕй, дуйней адӕмтӕн ӕности дӕргъи хуӕздӕрӕй ци бантӕстӕй, уони фӕнзгӕй, зӕнхон царди рӕстӕгмӕ хӕзнати ӕцӕгдзийнадӕ нӕ цитгин дин – ислами домӕнтӕмӕ гӕсгӕ ӕвзаргӕй. Уӕрӕсейаг пусулмӕнттӕ алкӕддӕр хуӕст адтӕнцӕ ислами ӕцӕг хӕзнатӕбӕл, уонӕмӕ гӕсгӕ арӕзт цардиуагӕ ӕй исахур кӕнуни ӕма бафӕнзуни аккаг дӕнцӕн.

Пусулмон динбӕл кӕдзос зӕрдӕй хуӕст адӕммӕ дзоргӕй, еу хатт дӕр ма нӕ фӕндуй уонӕн сӕ зӕрдитӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун уой, ӕма Рамадани мӕйи ком даруни рӕстӕг ӕй уоди устур фӕллойни, аллихузон лӕмӕгъдзийнӕдти сӕрти бахезуни хъиамӕт, уодигъӕди хуӕздӕр менеугути райрӕзти рӕстӕг. Еугур еци гъуддӕгутӕ домунцӕ уод ӕма бауӕри устур хъазауат, хе цард ӕма ракӕндтитӕмӕ ӕргомзӕрдӕ ӕма ӕргомцӕстӕй ӕркӕсун, уомӕн ӕма Еунӕг Хуцауи лӕвар– адӕймагон цард – нӕ уӕлзӕнхон надбӕл цӕугӕй махӕй домуй лӕдӕрундзийнадӕ ӕма ӕргомдзийнадӕ.

Рамадани мӕйи уораза дарун пусулмӕнттӕн исуй хеуодигъӕдон ӕнхӕстдзийнадӕбӕл архайуни рӕстӕг, – уой дӕр уӕхӕн хузи, цӕмӕй анзи дӕргъи, иннӕ ӕнзтӕ ӕма мӕйти дӕр си алкедӕр архайа ӕ царди медӕги рӕдудтитӕ не ’руадзунбӕл, рӕстзӕрдӕй ӕма ӕновудӕй ӕнхӕст кӕна, дин нӕбӕл ци ихӕстӕ ӕвӕруй, уони. Уотемӕй хӕстӕгдӕр кӕндзинан Исфӕлдесӕгмӕ ӕма нифсгун уодзинан ӕ хуӕрззӕрдӕй ӕма хуӕрзауодунӕй хайгин унӕй.

Сабурдзийнадӕ, Еунӕг Хуцауи хуӕрззӕрдӕ ӕма хуарзӕнхӕ уӕ уӕнтӕ!