06 декабря 2024

СÆ ИСФÆЛДИСТ – АЛÆМÆТ, СÆ БАКАСТ – УОДÆНЦОЙНÆ!..

13.07.2024 | 21:58

Хузæгæнæгæн æ исфæлдистадон куститæй, сæ исфæлдист æй алæмæт, сæ бакаст ба – адæймагæн дæттуй уодæнцойнæ, зæгъгæ, ку зæгъай, уæд ин, баруагæс уи уæд, уомæй æхцæуæндæр некæци аргъгонд уодзæнæй. Æма æрæги Еугонд «Мæскуй равдисти залтæ»-йи галерея «Тушино»-й не ’мзæнхон зундгонд скульптор Цæрикъати Биларæн æма хузæгæнæг Санати Ибрагимæн ци равдист (цудæй 13 июнæй ба 7 июли уæнгæ) арæзт æрцудæй, уой ка бабæрæг кодта, уонæн сæ зæгъуйнæгти еумæйаг гъуди раст гъе уæхæн адтæй.

Цæрикъай-фурти конд скульптуритæ æма Санай-фурти хузæгæндтитæ, æцæгæйдæр, сæ искондæй дести æфтаунцæ, ка сæмæ кæсуй, уони зæрдити ба æвзурун кæнунцæ рохс зæрдиуагæ, хуæрзуагон сагъæстæ æма гъудитæ. Равдисти туххæй æрмæг кæсетæ 4-аг фарсбæл.

 

Аци дууæ алæмæти искурдиадæгин адæймагей айдагъ Иристони нæ, фал сауæнгæ Уæрæсей берæ рауæнти дæр хуарз зонунцæ. Уомæ гæсгæ ба сæ цардвæндаги æма исфæлдистадон зингæдзийнади туххæй уоййасæбæл парахаттæй нæ дзордзинан, фал уæддæр цубурæй ба кæцидæр хабæртти кой ракæндзинан.

Цæрикъай-фуртмæ нæййес нуриккон царди хæццæ баст сюжеттæ, е ’ргом ахиддæр æздахуй, таурæхътæй нæмæ ци цаутæ æма хабæрттæ, хецæн номдзуд бæгъатæрти æскъуæлхтдзийнæдти койтæ æрхъæрттæй, уони сорæттæ æхердигонау равдесунмæ.

Фæууинæн си ес «Сугъдæг Уасгерги»-й, «Æфсати»-й, аллихузон сирдти скульптуритæ, адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæмæ ковунцæ, уæхæнттæ – куд сæ тергади кæнуй æ медзæрди, уотемæй.

(Галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) ЦÆРИКЪАТИ Римæ, ХУАДОНТИ Таирæ, ЦÆРИКЪАТИ Билар æма ХУАДОНТИ Алинæ.

Цæрикъати Билар райгурдæй Цæгат Иристони Чиколай 1955 анзи. Каст фæцæй Дзæуæгигъæуи аййевæдти училище, 1990 анзи ба Мæскуй В.И. Сурикови номбæл паддзахадон аййевадон институт. Ахур кодта профессор П.И. Бондаревмæ. Архайдта берæ аллихузон равдистити æма симпозиумти. Билар, уæлдæр куд загътан, уотемæй, раздæри скульптортæй кадæр кæддæр кæмæй испайда кодта, уæхæн цæттæ сюжеттæ нæ фæнзуй, фал, ци хабæрттæ æма цаутæ исфæлдесуйнаг фæууй, уони æвдесуй, æхуæдæг сæ куд уинуй, уотæ. Æ исфæлдистадон сæйраг сорæттæ ’нцæ: Есо Киристе, æма Изæдтæ, Елийа – цæфсгæ уæрдуни, Пикассо, Мейерхольд, Пиросмани Муза Дали æма æндæрти сорæттæ.

 Цæрикъати Билари исфæлдистадон алæмæтдзийнади туххæй берæ зæрдæмæдзæугæ гъудитæ фæззæгъунцæ зундгонд аййевадæртасгутæ. Зæгъæн, уонæй еу, Тандути Агундæ уотæ баханхæ кодта: «Æ сорæттæ ци бронзæй кæнуй, е æ къохти цардæгас, уолæфгæ бауæр фестуй…»

Цæрикъати Билари исфæлдистадæн бæрзонд аргъгонд цæуй, исаккаг ин кодтонцæ Уæрæсей аййевæдти академий сугъзæрийнæ майдан, 2013 анзи иссæй сахар Мæскуй дизайнерти исфæлдистадон цæдеси юбилейон Æхсæндуйнеуон равдист-конкурси лауреат (номинаци «Скульптурæ»).

Æ куститæ ин фæууинæн ес, куд Уæрæсей, уотæ фæсарæйнаг паддзахæдти берæ музейти, уони хæццæ ба Третьякови Паддзахадон галерейи, æнцæ хецæн адæймæгути коллекцити Уæрæсей дæр æма фæсарæнти дæр.


ЗÆРДТАГОН ЗАГЪД – ЗУНДÆФТАУÆН!..

Не ’мзæнхон номдзуд, æнæгъæнæ дуйнетæбæл зундгонд скульптор ГАДАТИ Лазæр (1938-2008) ма адтæй искурдиадæгин финсæг æма публицист. Кæддæр минкъий формити скульптури туххæй дзоргæй уотæ загъта: «Хор ку фæннигулуй, хуæнхтæй сатæг думгæ думун ку райдайуй æма ку фæууазал уй, уæд дæхе устур дорбæл бакъолæ кæндзæнæ æма дæ еугур бауæрæй дæр лæдæрис дессаги гъардзийнадæ… Æз мæ сабийбонти ахид кенæ мæ рос, кенæ ба мæ армитъæпæнтæ ниввæринæ дори фарсбæл æма гъе уотемæй мæхе гъар кодтон. Аци æнкъарæн нецæй хæццæ ес рабарæн. Дортæ гъæуай кæнунцæ æнæгъæнæйдæр бони  хори гъар сауæнгæ æмбесæхсæвæмæ, æма уомæ гæсгæ уæлдай уарзтæй уарзун дор. Аййевадæ дæр, еци дори хузæн, æнæгъæнæ ’хсæвæ гъæуай кæнуй хори гъардзийнадæ…»


Цæрикъати Билар нимад цæуй нуриккон скульпторти тæккæ искурдиадæгиндæртæй еуебæл. Æ куститæ ин æрæвæрæн ес, айдагъ Уæрæсей нæ, фал дуйнеуон устурдæр æнтæстити æмвæзадæмæ ка исхизтæй, уони æмрæнгъæ. Мæскуй скульпторти секций иуонг, Мæскуй скульпторти Æхсæнади иуонг. Биларæн аци равдисти фæууинæн ес е ’сконд скульптурон куститæй инсæйемæй фулдæр. Сæ еугурдæр конд æнцæ бронзæй. Æ скульптуритæ ’нцæ хевæрцон, неке хæццæ син ес феййевдзигæнæн.

САНАТИ Ибрагим

Санати Ибрагим райгурдæй 1954 анзи Дагестани, гъæу Андалалыйи. Ахур кодта аййевадон скъолай, 1983 анзи ба каст фæцæй Цæгат-Иристойнаг аййевадон училище, фæстæдæр (1984 анзи) ахур кодта Ленингради И.Е.Репини номбæл хузæкæнунади, архитектури æма скульптури Институти, уæдта æ ахури гъуддаг идарддæр (1987-1989 æнзти) æнхæст кодта В.И.Сурикови номбæл хузæгæнгути институти. 1999 анзæй фæстæмæ æй Мæскуй хузæгæнгути Цæдеси иуонг. Архайдта куд Уæрæсей, уотæ фæсарæйнаг бæстити аййевадон равдиститæй беретæми дæр. Мæнæ абони ци равдисти кой кæнæн, уоми фæууинæн ес æ конд хузтæ æма графикон куститæ. Еумæйагæй етæ ’вдесунцæ, аци хузæгæнæг даргъ æма вазуггин исфæлдистадон нæдтæбæл рацæугæй, дуйней исконди æма адæми цардарæзти ци æма куд балæдæрдтæй, уой æма æ еци «раргомдзийнæдтæ» ба исфæлдиста аййевадон фæрæзнити фæрци. Æма ин е ци мадзæлтти фæрци æнтæсуй, етæ уоййасæбæл ахедгæ ’нцæ, æма уой фæрци ба æ конд куститæ кæнунцæ цæстуинагæдæр, ахедгæдæр. Алфамбулай æрдзæ, алли хецæн цаути хæццæ фæззелæнтæ – неци евгъуйуй хузæгæнæги цæстингасæй, алцæмæ дæр къæрцгъос уогæй, ахæссуй дуйней æнæнгъæлти фæззиндтитæ æма сосæгдзийнæдтæ. Æма е ’сфæлдистадæ уæхæн цæстрæвдаугæ уомæн æй. Бæрæг даруй Санай-фурти æрмдзæф аллихузон хуарæнтæй арæхстгинæй архайунмæ, уомæ гæсгæ ба ин æ куститæмæ ка кæса, уони ести æнкъарæнтæбæл æнæ бафтаугæ нæ фæууодзæнæнцæ.

Санай-фурт дуйнемæ кæсуй, æ рагбонти имæ ци хе сæрмагонд цæстингас исæвзурдæй, уомæй. Æ конд хузтæмæ ин ка фæккæсуй, етæ сæхуæдтæ дæр барæ-æнæбари исунцæ æ исконд сорæтти хæццæ æмархайæг. Æ алли хузæ дæр æнахур тухæ дæттуй адæймагæн, раскъæфуй æй уæлмонцти уацари æма ’й фæххæссуй, хумæтæг зæнхон уодгоймагæн исхъæртæн дæр кумæ нæййес, уæхæн бæрзонд аййевадон дуйнемæ.

Санай-фурт – дуйне, æрдзæ æцæгæй куд æй, уотæ хумæтæги хузи æй не ’вдесуй, фал нин нæхе дæр хонуй е ’ргъудигонд дуйнемæ. Бауæргъæдæ æма æнкъарæнтæ кæми исеу унцæ, æ еци дуйне æй райдзаст, æцæгхуз. Царди космос кæд æгæрон æй, уæддæр си æмæнтъерийæн  ба бунат нæййес.

Хузæгæнæги æрмдзæф æй арф гъудитæбæл æфтауæг, сагъæссаг тематикæ, цидæр æнахур тухæ хæссунцæ сæ медæги. Фæнди сирд уа, фæнди куй, робас, –  райдайæни нæ фиццаг бакастæй фæттæрсун кæнуй, уæдта нæ зæрдæмæ цæун райдайуй, æрдзи хæццæ федауцæй куд   æмеуæг кæнуй, уомæй. Уотæ æ еугур исфæлдистадæ дæр, цардхуз, æцæг æма уæларвон…