04 октября 2024

СÆ РОХС НÆМТТÆ НÆ ДЗИЛЛИ ЗÆРДИТИ ÆНОСТÆМÆ ЦÆРДЗÆНÆНЦÆ…

30.06.2022 | 17:48

Украини сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй, не ‘мзæнхонтæй си бæгъатæрæй ка фæммард æй, уони бийнонти хæццæ Горæтгæрон райони æма Дзæуæгигъæуи фембалдæй Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Хъæбæр зæрдхъурмæй æдзард тугъдонти хеуæнттæн ратæфирфæс кæнгæй, е загъта:

– Рæстæг куд æвдесуй, уотемæй не ‘мзæнхон æфсæддон службæгæнгутæ кадæ æма радæй æнхæст кæнунцæ сæ размæ æвæрд ихæстæ. Фал, гъулæггагæн, нæ бæгъатæр биццеутæй алке æ хæдзарæбæл нæбал исæмбæлдзæнæй. Беретæ си, æфсæддон ардбахуæрдбæл еузæрдиуон уогæй, сæ цард нæ бавгъау кодтонцæ сабурдзийнади сæрбæлтау. Еци æфсæддонтæ æностæмæ байзайдзæнæнцæ лæгдзийнади, патриотизм æма Фидибæстæбæл æновуддзийнади дæнцæнæй. Мах еугур хъауритæй дæр архайдзинан, цæмæй æдзард æфсæддонти бийнонтæн лæвæрд цæуа еугурвæрсуг агъаз. Бæгъатæрти нæмттæ ба байзайдзæнæнцæ Цæгат Иристон æма Уæрæсей историй.

Еци фембæлдтити рæстæг Сергей Меняйло æдзард тугъдонти хеуæнттæн равардта, сæ фурттæ, æнсувæртæ, цардæмбæлттæ æма фидтæлтæ сæ бæгъатæрдзийнади туххæй ци бæрзонд паддзахадон хуæрзеугутæй хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ, уони.

Уæрæсей Президент Владимир Путини Указæй Лæгдзийнади орденæй хуарзæнхæгонд (сæ мæлæти фæсте) æрцудæнцæ: майор Андрей Лисунов (хуæрзеуæг равардтонцæ æ фурт Сергеймæ), хестæр сержант Вахтанг Загашвили (хуæрзеуæг равардтонцæ æ фурт Давидмæ), хестæр сержант Демьян Мозговой (хуæрзеуæг равардтонцæ æ кизгæ Велимирæмæ), сержант Козати Руслан (хуæрзеуæг равардтонцæ æ кизгæ Динæмæ), сержант Владислав Сакнышев (хуæрзеуæг равардтонцæ е ‘нсувæр Ярославмæ), кæстæр сержант Мæргъити Владимир (хуæрзеуæг равардтонцæ æ бийнойнаг Ланæмæ), ефрейтор Виталий Дядюшко (хуæрзеуæг равардтонцæ æ мадæ Антонинæмæ), старшина Мæргъити Батраз (хуæрзеуæг равардтонцæ е ‘нсувæр Аланмæ), сержант Хугати Радислав (хуæрзеуæг равардтонцæ æ мадæ Жаннæмæ), кæстæр сержант Бязæрти Батраз (хуæрзеуæг равардтонцæ æ фидæ Олегмæ) æма рæнгъон Нартихъти Давид (хуæрзеуæг равардтонцæ æ фидæ Таймуразмæ).

***

Нæ республики Сæргълæууæг ма аци бæнтти фембалдæй, Украини сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй бæгъатæрæй ка фæммард æй, еци Мæздæги, Кирови æма Рахесфарси районтæй рацæуæг æфсæддонти бийнонти хæццæ. Зæрдхъурмæй син ратæфирфæс кодта:

– Нæ намусгин фæсевæди хуæздæр минæвæрттæ не ‘хсæнæй цардгъæуагæй ке фæгъгъудæнцæ, е махæн нæ еугуремæн дæр æй нæ еумæйаг рист æма, банхæстгæнæн кæмæн нæййес, уæхæн зиан. Уонæй алкедæр, е ‘фсæддон ихæс рæстуодæй æнхæст кæнгæй, равдиста лæгдзийнадæ æма сæрæндзийнадæ, сауæнгæ сæ цард дæр ма иснивонд кæнгæй… Уæ хæццæ хъонц кæнгæй, арфæ уин кæнун уæхæн аккаг фурттæ ке исгъомбæл кодтайтæ, уой туххæй. Етæ сæ цард равардтонцæ нæ бæстæ æма нæ адæми æдасдзийнадæ гъæуайгæнгæй сабур арви сæрбæлтау. Нæ бæгъатæрти нæмттæ иронх нæ уодзæнæнцæ, – загъта республики Сæргълæууæг.

Цæгат Иристони разамонæг куд бафеппайдта, уотемæй республики муниципалитетти хецæутти социалон службити размæ æвæрд цæуй æдзард тугъдонти бийнонтæн алливæрсуг агъаз кæнуни ихæс.

Сæ тугъдон ихæстæ æнхæст кæнгæй, лæгдзийнадæ, æвзугъддзийнадæ æма хебæл нæ байауæрдуни æууæлтæ равдесуни туххæй Уæрæсей Президенти Указæй Лæгдзийнади ордентæй хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ (сæ мæлæти фæсте): сержант Александр Гордиенко (орден равардтонцæ æ фидæ Валерий Гордиенкомæ), рæнгъон Георгий Эприкян (орден равардтонцæ æ мадæ Бетети Ингæмæ), сержант Тулойти Альберт (орден равардтонцæ æ идæдзæ Кодзурти Викториямæ), хестæр лейтенант Эдуард Василенко (орден равардтонцæ æ мадæ Иринæ Василенкомæ), кæстæр сержант Демети Николай (орден равардтонцæ е ‘нсувæр Демети Александрмæ).

 

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ