СÆ УАРЗОН ÆРДЗÆ СÆБÆЛ КУД ГАДЗИРАХАТТÆЙ РАЦУДÆЙ…
Царди ци зиндзийнæдтæ æрцæуй, уонæй кæцидæртæ уоййасæбæл æверхъау рауайунцæ, æма айдагъ еугай адæймæгути нæ, фал æнæгъæнæ адæми зæрдити æностæмæ тогæрхæнæй байзайуй. Уæхæн гъæдгинæй нур æртинсæй анзей дæргъи нæ зæрдитæ еци ресæги додой кæнунцæ, 1964 анзи æрдзон фудбæлахи ка фæммард æй, Хъарман-Синдзигъæуи еци æдзард сабийтæбæл.
Еци æлгъистаг 1964 анзи Хъарман-Синдзигъæуи астæуккаг скъолай 5-аг къласæй ба 9-аг кълæсти уæнгæ ахурдзаутæ, раздæр дæр куд уидæ, уотæ бабæй сæ сæрдигон фæлладуадзæн бæнтти рæстæг исфæндæ кодтонцæ сæ гъæуи колхозæн будуйрон кустити фæййагъаз кæнун. Кæми кустонцæ, еци зæнхитæ гъæуæй идардгомау ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ рæстæгмæ цæргæ дæр кодтонцæ, уоми син ци сæрмагонд будуйрон стан адтæй, уоми. Сæуми æма изæри сатæгбæл бакосиуонцæ, уæдта иннæ рæстæги ба син уидæ фадуат сæ фæлладуадзунæн. Уой æнгъæл ка адтæй, æма, уæди уæнгæ æрдзон фидбилизтæн сæ кой дæр кæми некæдма адтæй, еци рауæн уойбæрцæ сувæллæнттæ, æнай-æнойти сæбæл ци æрра дон рамбухта, уой амæттаг бауодзæнæнцæ…
Еци фудбæлах Иристони дзиллити зæрдитæ уотæ хъæбæр фæрресун кодта, æма ’й нæ дзиллæ нуриуæнгæ дæр хъæбæр хъонцгæнгæй имисунцæ. Газет «Дигорæ»-йи уой фæдбæл раздæр дæр мухургонд цудæй æрмæгутæ. Уоми ка фæммард æй, уони рохс нæмттæ æримисунæн нур дæр мухур кæнæн газет «Рæстдзинад»-и раздæри косæг, зундгонд журналист, дзенетибадæг Тепсихъоти Зойæ æ рæстæги ци берæ зæрдæмæгъаргæ æрмæгутæ бацæттæ кодта æ райгурæн Хъарман-Синдзигъæуи еци фудбæлахи туххæй, уонæй еу.
…Уæд, 1964 анзи июни Дигори райони Уорсдони колхоз «Ленини туруса»-й будуйрон куститæ сæ тæмæни адтæнцæ. Хъарман-Синдзигъæуи скъолай ахурдзаути бригадæ дæр агъаз кодта колхозæн, цæмæй сæ куст æнæкъулумпидæрæй цæуа, уой туххæй. Силтанухъи зæнхити минкъий къанаугонди билгæрон сæ уосонгити æрбунæттон æнцæ æхсæвеуатæй. Сæ тæккæ хуссунбæл æхцул кари адтæнцæ, уæлдайдæр ба сæрдигон даргъ бони æригон уоди æвзонг сабийи фунæй кæнунæй ка ’фсадуй. Сæ разамонæг ахургæнæг Гулати Ахурбег æхуæдæг боницъæхтæбæл раистадæй. Æ рæуæг пиджак æ усхъитæбæл æрбакодта æма азгъунсти ци æригон биццеутæ хустæй, уони ма райгъал кæнон, зæгъгæ, сабур къахдзæфтæй рацудæй тургъæмæ, æма бон раздæр ци нартихуари хуми хай нихсастонцæ, уобæл æ цæстæ рахаста. Æхсæст хæмпæлгæрдæг расор æй æма нартихуари цъæх æвзартæ сæуми рæуæг думгæмæ ’змалдæнцæ. Ахурбеги зæрдæ фæррохсдæр æй, скъолай бригади хумтæ æхсæст ке фæцæнцæ æма сувæллæнттæ дууæ-æртæ боней фæстæ сæ каникултæ æнæмæтæй ке æрветдзæнæнцæ сæ хæдзæртти, уомæй.
Еци рæстæг устур кадгин гъуддагбæл нимад адтæй скъоладзаути агъаз колхозтæн, совхозтæн. Æма устур кадæмæ бæлдтæнцæ хъармайнаг-синдзигъæуккаг скъоладзаутæ дæр. Адтæй сæмæ æскъуæлхтдзийнадæ. Се ‘новуд кусти фæрци сæхуæдтæ ба хуарзæнхгин æрцудайуонцæ уæди фæскомцæдеси райкоми æма обкоми, уæдта Рохсади министради Цæугæ Сурх Турусайæй, æндæр зæрдæбæлдарæн лæвæрттæй.
Еци зæрдрохс адтæнцæ скъоладзаутæ, мадта сæрустур дæр куд нæ адтайуонцæ. Фал æрдзи, цæмæдæр гæсгæ, нæ бафæндадтæй, цæмæй сабийтæ сæ хуарздзийнадæй кæрæй-кæронмæ цийнаг адтайуонцæ.
Уой æнгъæл ка адтæй, æма еци дессаги зæрдæмæдзæугæ сæрдигон бон æнай-æнойти æхе уоййасæбæл æверхъауæй фендæрхузон кæндзæнæй.
Силтанухъи æнæкæрон будурти сæрмæ 12 июни арв сабургай сау-сауид пæлæз итаун федæдта. Уой скъоладзаутæ уоййасæбæл нецæмæ ’рдардтонцæ, уомæн æма сæ тæккæ карзи адтæнцæ нартихуари хумтæ æхсæдуни ериси. Дзæбæх гæбазæ æхсæдгæ размæ цудæнцæ, фæстæмæ сæ къахвæдтæмæ ку ракастæнцæ, уæд сæ иуæнгтæ никки тагъддæр базмæлун кодтонцæ, кæрæдзей разæнгарддæр кæнгæй, рахсæдæн, дан, иуонгрæуæгæй æма бабæй изæрæй стани тургъи гъазт исараздзинан.
Изæрæрдæмæ сау мегътæ Дигоргоми кæмтти ’рдигæй сæхе исаразтонцæ, къубулæнттæй æмпурстонцæ сабийти ’рдæмæ. Арв сæ сæрмæ талингæй-талингæдæр кодта. Цæмæй зудтонцæ фæсевæд, е сау мегъти хузи уодхæссæг гъузгæй ке цæуй, сæ рæсугъд нæдтæ син зæйи дон æхгæнгæ ке кæндзæнæй. Сæ хестæр, æхсæвеуæтти син сæ ниййергути ка раййивта, еци ахургæнæг Гулати Ахурбег фестъæлфтæй æвеппайди арви æнæнгъæлти æрбаталингæй, сабийтæ ин æ сагъæсхуз цæсгонмæ фæккомкоммæ ‘нцæ, æма æ алфамбулай карки цъеути хузæн æрбатумбул æнцæ. Уæдта æставд æртæхтæ кæнун ку райдæдта, уæд гæбæлоти хузæн ратахтæнцæ сæ бунатмæ æд къæпетæ, æмæ фæсевæдбæл хъиамæти бон æркодта. Арв æма зæнхæ кæрæдзей хуайун райдæдтонцæ…
Еци æверхъау æрдзон фидбилиз, æ цæргæбæнттæмæ нæ феронх кæндзæнæй Дзугкойти Алик. Ахур кодта 9-аг къласи æма адтæй скъоладзаути бригади иуонг. Æнзтæмæ гæсгæ иннæ сувæллæнтти карæн адтæй, фал уонæй бæзæрхугдæр, хъаурæгиндæр, хуарз спортсмен. Уотæ Мæрзойти Васили дæр, сæ асæмæ гæсгæ хестæрхуз дардтонцæ, се ’мкъласонтæн сæ сæрти кастæнцæ. Васили еци фудбæлахи фæммард æй. Алик ба æ фæразондзийнади фæрци фæййервазтæй.
Еци фидбилиз æхе цæститæй ка фæууидта, еци сабийти фесæвди хабар аллихузи фæдздзорунцæ, фал æхуæдæг еци фидбилизи ка адтæй, еци Дзугкойти Алик алцидæр гъуди кæнуй æма уотæ зæгъуй:
– Кæрæй-кæронмæ 12 июни изæри уæнгæ дæр хорбон адтæй, дзæбæх устур хумæ бахсастан, уæдта арв цидæр талингитæ кæнун райдæдта æма фондз сахаттей фæсте нæ бунатмæ фæттагъд кодтан. 5-аг æма 6-аг кълæсти ахурдзаути сæумæй гъæуæй раласиуонцæ, изæрæй ба сæ фæстæмæ сæ хæдзæрттæмæ ластонцæ. Мах, хестæртæ, 7-аг, 8-аг, 9-аг кълæсти ахурдзаутæ ба, æхсæвеуатæй адтан. Нæ бунат адтæй Сурх-Дигори бунмæ тæрфи. Дзæуæгигъæуæй Чиколамæ ци асфальт над цæуй, уордæмæ хæстæг. Колхози уæзласæн хуæдтолгæ лæудтæй нæ бунати рази, æма, гъæумæ ка цудæй, еци сувæллæнттæ æ гуфæмæ сæхе бакалдтонцæ, къæбини ба бадтæй кизгуттæй еу. Цæмæдæр гæсгæ хæдтолгæ фæстеуат кодта, мæнæ нур ранæхстæр уа æ надбæл, зæгъгæ, уотæ ставд æртæхтæ æвеппайди кæлун райдæдтонцæ æма сувæллæнттæ рагæппитæ кодтонцæ хæдтолги гуфæй æма сæхе раримахстонцæ будуйрон сарайи. Хъæбæр карз уардта. Фæккарз æй арви гæбар-губур дæр. Нæ рази æрхи ци минкъий къанаугонд адтæй, уордæмæ Сурх-Дигори ’рдигæй зæйдон фулдæрæй-фулдæр кæлун райдæдта. Сарайи буни кæронæй лæудтан, хуæстæн къолæгондбæл æма арв ку фæггæрах кодта, уæд мин мæ къох æрæргъавта æма фæккиудтæн, ме ’мбæлттæй мæ кадæр райахæста æма уæд нæхе рæбундæр байстан. Нæ аги фунхтæй æхсæвæр, æма е дæр дони буни фæцæй. Уæдмæ нæ бунати дæр дон исберæ æй, нæ къахидарæс си накæ кæнун райдæдтонцæ. Сарайи фæстети дæр дон ивулун райдæдта. Уæд нæ нæ ахургæнæг Гулати Ахурбег сарайæй ракодта æма къубургондмæ уæлæмæ исуадан. Уордæмæ дæр адзал нæ фæдбæл цудæй. Обауи сæрмæ нæмæ дон исхъæрттæй. Нур æй балæдæрдтан, нæ алке цард дæр нин тæссаг уавæри ке æй æма кæрæдземæ хъæбæрдæр æрбангон ан. Кизгуттæ гъæр, цъæхахст кæнун байдæдтонцæ.
Кæронæй, дондзæвæни, æз æма Мæрзойти Васили æрлæудтан. Мæхуæдæг мæ астæуæй мæ ронæ райхалдтон æма ’й мæ кæстæр хуæрæ Аллæбæл æрбатухтон æма ибæл мæ къохæй хуæстæн, цæмæй мин æй æнахъæл дон ма раскъафтайдæ.
Мæ цæнгтæбæл, мæ астæубæл ба мин цалдæр кизги хуæстæнцæ. Кудзойти Валяйæн æ цонгбæл сахат адтæй æма ин æ тарстдзийнадæ фæссорон, зæгъгæ æй фæрсун, дæ сахат раст рæстæг амонуй, зæгъгæ. Гъо, кæугæй дзуапп равардта, аст сахатти фондз минутти гъæуагæ, дан. Уæдта дин кæсун, æма нæмæ трасси ’рдигæй æрбатундзуй æфсæддон уæзласæн хуæдтолгæ (тягач). Уæлбилæ, Чикола æма Киристонгъæуи ‘хсæн надæй еуварсгомау адтæй ракетон базæ æма, нæ зонун, ка сæмæ фæххабар кодта.
Уæдмæ зæйдон дæр коми нæбал цудæй, æ хæццæ ласта бæлæстæ æд бундзæфхæдтæ, гъæди лухтæ, фæйнæгутæ, аллихузон пихсæ. Дон æй исхонæн нæбал адтæй, цъифи хæццæ æзмæнст. Æфсæддон «тягач» дони «бампурстæй», æ шофер Петр Скрябин æма старшина Гуæздæрти Солтан тагъд кодтонцæ мах фæййервæзун кæнунмæ. Æхе цардæн хъæбæр тæссаг уогæй, Солтан къæбини дуарбæл ислæудтæй æма амудта Петрмæ, куд æма кумæ бадæттун гъæуй уæззау хуæдтолги. Раздæр, мах ци обаубæл лæудтан, уордæмæ æхе фæййаразта, фал имæ ахургæнæг райамудта, уæртæ, дан, нæ хуæдтолги гуфи ци биццеутæ ‘нцæ, уони еци хуæдтолгæмæ бакæнæ, зæгъгæ. Тягач хуæдтолгæмæ æхе фæййаразта, биццеутæ имæ багæпп кодтонцæ, æма уæд махмæ фæстæрдæмæ æхе æрбадæтта, зæгъгæ, уотемæй бабæй имæ райамудта, кизгæ, дан, къæбини ци кизгæ байзадæй, уой дæр райсетæ, зæгъгæ. Æма бабæй уæд нæуæгæй Гуæздæри-фурт тягач фæззелун кодта хуæдтолги ’рдæмæ. Фал еци рæстæг комæй никки устурдæр уолæн ратудта. Солтан ма бæргæ багъавта къæбинæмæ багæпп кæнун, фал зæйдон еци уæззау æма хъаурæгин хуæдтолгæ спички къоппи хузæн раскъафта æ нихъуæрæни. Ци обаубæл лæудтан, уой дæр кæронгай «хуæргæ» цудæй дон, æма скъоладзаутæ кезугай нихъулгæ цудæнцæ. Æз астæуæй, уотемæй мæбæл сæхе нилхъивтонцæ 5-аг æма 6-аг кълæсти кизгуттæ авдемæй, уæдта мæхе хуæрæ Аллæ æма Кудзойти Валя.
Зæйдон ласта аллихузи гъæдæрмæг, æма кизгуттæбæл бæргæ хуæстæн, цæйбæрцæ мæ хъаурæ адтæй, уойбæрцæ, фал гулфæнтæ æмбухтонцæ æма нæ сæ хæццæ раскъафтонцæ. Мæ бон адтæй цийфæнди зинтæй дæр ранакæ кæнун, фал мæ хуæрæ Аллæ æма иннæ кизгутти сæртæ æгъатир уолæнти ’хсæн ку рауидтон, уæд сæмæ мæхе бæргæ багæлдзинæ, фал уолæнтæ уотæ тухгин адтæнцæ æма мæ фæстæмæ фехсиуонцæ.
Хъаурæгин адтæн, мæ фæрстæ мин хуастонцæ дортæ, гъæдтæ, еу фæтæн фæйнæг мæмæ исбуцæу æй, мæ фарс мин хафта, хуайгæ мæ цудæй. Хъæбæр талингæ адтæй коми бæлæсти ’хсæн, фал мæ еци фæйнæг фæййервæзун кодта. Хуæстæн ибæл, ласта мæ урдуг коми дон, цума цонæгъбæл бадтæн. Уотемæй мæ зæйдон еу-фондз километри ку раласта, уæд бæласи къалеубæл мæхе искъуæрдтон æма ибæл мæ еу къохæй фæххуæстæн, уæдта имæ иннемæй дæр фæллæбурдтон дони хурфæй. Исуолæфтитæ кодтон, гъостæ, гъæлæс, сæригъунтæ лæкъæрдæ æма зменсæй байдзаг æнцæ. Цæун бæргæ равзурстон, фал мæ бунати æрхаудтæн. Нигъгъæр кæнунмæ гъавтон ме ’мбæлттæмæ, фал мæ гъæлæс нийсустæй, ме ’взаг мæ коммæ нæбал кастæй…
Мæ тарфи адтæн æма, ескæми мæхе æруадзон, зæгъгæ, уæлбилæ исхизтæн. Уæд идардгомауи рауидтон рохс. Е калдæй Дигорай совхози фермæй. Мæ фарсбæл имæ ниббурдтæн. Мæ уæледарæс никъкъуæхтæ ‘нцæ, мæ къахбæл ма еунæг дзабур байзадæй. Ферми хæдзари цалдæремæй бадтæнцæ уоми косгутæ. Загътон син, зæгъун, дон мæ ме ’мбæлтти хæццæ фæлласта, æз фæййервазтæн, иннетæн неци зонун, хъæбæр уазал мин æй, зæгъгæ. Ферми куста нæ гъæуккаг Найфонти Нюрæ æма мæ уайтæкки базудта, æ уæллаггурæ мæбæл ракодта, æхсир мин рагъар кодта æма сæумæмæ уоми фæдтæн. Уæдта рацудтæн æма кæсун, ме ’мбæлтти мæрдтæ æмбурд кæнунцæ.
Уæхæн цауæн куд ес феронхгæнæн. Цал анзи рацудæй, уал анзи старшина Гуæздæрти Солтан мæ цæститæбæл уайуй, куд бæгъатæрæй тох кодта æверхъау зæйдони хæццæ, цæмæй сувæллæнттæ æ адзалхæссæг уолæнтæй фæййервæзун кодтайдæ. Æ бон адтæй æхе фæййервæзун кæнун, фал уой æ сæрмæ не ’рхаста.
Еци æзнæт дони нихмæ æрлæууæн нæ адтæй, е ба æрра уолæнтæмæ æхе гæлста, цæмæй раластайдæ хуæдтолги къæбинæй скъоладзау кизги, уæдта мах фæййервæзун кодтайдæ. Хъæбæр æдæрсгæй, бæгъатæрæй командæ кодта «тягачи» шоферæн, æхе ба ин зæйдон нихъуардта. Е уæд æгириддæр нæ гъуди кодта æхе уодбæл. Солтани хонун æнгъезуй æцæг бæгъатæр, æ мæлæти фæсте хуарзæнхгин æрцудæй Сурх Турусай орденæй, фал е фагæ нæ адтæй, æнгъизтæй ин Советон Цæдеси Бæгъатæри ном раттун дæр. Æхуæдæг ба нæуæгуосгин адтæй, æ фæсте райгурдæй кизгæ. Некæд æй феронх кæндзæнæн, уомæн æма мах сæрбæлтау æ цард равардта.
Æз райгурдтæн 14 июни. Зæйдони фудахъæли бахаудтан 12 июни, ка ни фæммард æй, еци дууинсæй скъоладзауи, сæ ахургæнæг æма дууæ æфсæддони ба се ’носон дуйнемæ бацудæнцæ 14 июни, мæ райгурæн бони. Уæдæй фæстæмæ æз мæ райгурæн бон некæдбал исбæрæг кодтон. Еци бон мæнæн фæууй саударæн бон. Рохсаг уæнтæ, сæ рази къæндзæстуг нæ дæн, мæ бон адтæй раледзун, уоми сæ зæйдони уолæнти астæу фæууадзун, фал кизгутти къуар, мæ астæубæл сæхе æртухтонцæ, мæ фæстаг тухти уæнгæ сæ не ’суæгъдæ кодтон, цалинмæ нæ агъазиау гъæди лух не ’скъуæрдта æма нæ еугурейдæр нихъулгæй урдуг дони коми æ гъæлæси нæ рахаста. Мæхуæдæг дæр æгудзæг уавæри адтæн, уотемæй дæр сæмæ бæргæ лæбурдтон, фал уайтæккæ æзмæнст дони фæттар æнцæ, мæ хуæрæ Аллæ дæр сæ хæццæ, уотемæй. Еци æверхъау цау, кæд хъæбæр берæ æнзтæ рацудæй, уæддæр мæ цæстити рази лæууй æма мæ уодхарæй маруй, хъур фенод уй, зæрдæ æ фурристæй ратуппур уй…
Алик æ дзубанди фæцæй, æ сæр æ реумæ æруагъта æма æ цæстисугтæ ростæбæл гæр-гæрæй æруадæнцæ…
Кæд æма æртинсæй анзи рацудæй еци æверхъау цауæй абони уæнгæ, уæддæр тæрегъæддагæй-тæрегъæддагдæр гъæубæсти цæргутæ, уæдта сæ зинбæл бахъонц кæнунмæ Иристони алли рауæнтæй æма синхаг республикитæй ци берæ дзиллæ æрæмбурд æй, уонæн сæ цæргæ-цæрæнбæнтти дæр сæ рист зæрдитæбæл бадаруйнаг фæцæнцæ еци бæнтти уæззаудзийнæдтæ. Уæд 1964 анзи 14 июни рæфтæ ’рдæмæ гъæуи кæрæй-кæронмæ, сауæнгæ æ фалдзости дæр, кумæдæриддæр нæ ракастайсæ, се ‘мидзаг адтæнцæ мæрддзогойни адæмæй. Никки уæззаудæр ба – уал æма уал гъæунгеми ку хастонцæ цардгъæуагæ кизгутти æма биццеути киртæ, уæд уоййасæбæл берæ адæми зæрдихарæ æмкуд-æмгъарæнгæ. Уæхæн хæдзæрттæ дæр адтæй, æма дугай киртæ кæмæй рахастонцæ. Æримисæн, зæйдони ка бабун æй, еци æригон сабийти нæмттæ æма син рохсаг зæгъæн.
Еу хæдзарæй дугæйттæй адтæнцæ: Атайти Майæ æма Зитæ, Цæбити Заремæ æма Зæирæ, Цæрукъати Сослан æма Беллæ, Басити Светæ æма Ритæ, Бекъойти Риммæ æма Рая, Хубулти Светæ æма Геуæрги, Айларти Любæ, Атайти Ирæ, Æлборти Светæ, Баскати Александр, Бутати Николай, Дзбойти Азæ, Дзбойти Мæдинæ, Дзбойти Лидæ, Дзбойти Валя, Дзиццойти Валя, Дзугкойти Аллæ, Езети Алетæ, Езети Иветæ, Зурапти Батраз, Касати Розæ, Кобести Розæ, Кудзойти Валя, Къусрати Беллæ, Къусрати Лидæ, Магкæти Зинæ, Магкæти Зæирæ, Мæрзойти Васили, Олисати Зарæ, Сохити Полинæ, Тогойти Зинæ, Хамати Светæ, Цæрæкти Фатимæ, Цæрукъати Аслæнбег, ахургæнæг Гулати Ахурбег, æфсæддон хаййи уæзласæн хуæдтолги шофер Петр Скрябин, старшина Гуæздæрти Солтан.
Саударæн митинги гъæуи хестæртæ, æрцæуæг адæми минæвæрттæ дзурдтонцæ сæ кæун бауорамун нæ фæразгæй. Сæ ростæбæл сæ цæстисуг калдæй, уотемæй дзурдтонцæ СЦКП-ий Цæгат Иристони обкоми уæди фиццаг секретарь Хъæбæлоти Билар, УСФСР-и рохсади уæди министр Афанасьев, Цæгат Иристони АССР-и культури уæди министр Гапбати Иван…
Хъармани скъолай фарсмæ, урух цъæх фæзи дæргъæй-дæргъæмæ еумæйаг цирти æносмæ сæ мæрдон бунæтти хуссунцæ – дууинсæй æригон кизги æма биццеуи сæ ахургæнæги хæццæ. Зумæгæй-сæрдæй син сæ уæлмæрдтæмæ зелунцæ гъæубæсти абони кæстæртæ, деденгутæй æй исрæсугъд кæнунцæ æма цъæх бæлæстæй. Цирти рæзти кадæриддæр рацæуй, хеуонæй, æцæгæлонæй, етæ ‘рлæуунцæ, зæрдхъурмæй син сæ циртмæ фæккæсунцæ æма син кæугæй фæззæгъунцæ рохсаг. Фæлтæртæ æййевдзæнæнцæ фæлтæрти, уæддæр æдзард сабийтæн сæ ном цæрдзæнæй æностæмæ.
* * *
Редакцийæй. Аци æрмæг мухур кæнæн, æ рæстæги æй Тепсихъоти Зойæ куд ниффинста, уотемæй – неци æййивддзийнæдтæ имæ бахæсгæй.
ТЕПСИХЪОТИ Зойæ (1928-2008) публицист, Уæрæсей Федераций культури æскъуæлхт косæг
ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр
ХЪАРМАНЫ САБИТЫ ЗАРÆГ
Уæй, Сылтаныхъы рындзыл
Сау мигъ сау рон æрбаста…
Не ‘взонг удты нын
Мæсчъинаджы æрхы
Сау дон фæласта.
Уæй, нæ чысыл къухвæллой
Адæмæн царды нысан у…
Фыдæлты зæхх нын
Хъарманы бæласы бын
Мады хъæбысау у.
Уæй, цы мыггаг ныссагътам,
Уый рæсугъдæй разади, –
Зæрæстон быдырты,
Дзыллæйы зæрдæты
Æнусмæ баззади.
Уæй, нæ комулæфт уæм
Рог дымгæ куы скъæфдзæни
Хæхты нарджытæй,
Нæ дзырд нын хъусдзыстут
Мæргъты зарджытæ.
Уæй, нæ буц ныййарджытæ,
Æгъгъæд уæ судзгæ цæссыгтæн,
Мах уæм алы уалдзæг
Дидинджыты цæстæй
Худгæ кæсдзыстæм!..