СÆЙРАГДÆР – НАЦИОН САБУРДЗИЙНАДÆ
Цæгат Иристони арæзт æрцудæй фиццаг æхсæнрегионалон фестиваль «Сабурдзийнади территори». Æ архайгутæ иссæнцæ Кæсæг-Балхъари, Хъæрæсе-Черкесий, Цæцæни, Стъараполи, Дагестани, Кемерови, Цæгат æма Хонсар Иристони минæвæрттæ. Форуми нисанеуæг – национ сабурдзийнади райрæзтæн агъазгæнæг мадзæлттæ æма равгитæ исбæлвурд кæнун.
Мадзал исаразæг иссæй нæ республики мухури æма дзиллон коммуникацити гъуддæгути фæдбæл Комитет. Уой сæрдар Фидарати Юрий пленарон æмбурди уотæ загъта:
– Нæ абони царди терроризми темæ æй ахедгæ, гъæуй ибæл дзорун. Нæ сæйраг ихæс – нæ кæстæрти бахезун еци æбуалгъ гъудитæй. Беслæн ка гъуди кæнуй, етæ зонунцæ, ци æй терроризм, уой. Абони цийфæнди дæр гъæуама исаразæн, цæмæй нæ зæнхæ, Кавкази, Уæрæсей æма еугур дуйней сабурдзийнадæй уа хайгин.
Пленарон æмбурди каст æрцудæй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæуæг Сергей Меняйлой саламдæттæг финстæг, кæцими мадзали архайгутæн адтæй уæхæн фæдзæхст: «Адæми гъуди федаргæнгутæ айтæ дзиллон хабархæссæг фæрæзнити косгутæ, ес уæбæл устур ихæс æвæрд. Уой хæццæ баст æй журналисти дзубандити ци тухæ æма уæзæ ес, е. Экстремизм æма терроризми хæццæ тохи дæр журналисти бунат æй сæйрагдæртæй еу. Форум-фестиваль уин агъаз уодзæнæй аци фарстатæ хуæздæр базонун æма сæбæл раст косунæн…»
Аци мадзали ахедундзийнадæ æнæмæнгæ æй агъазиау. Фиццагидæр уомæй, æма е æригон журналисттæн æма PR-специалисттæн гъæуама исауа кæрæдзей лæдæрундзийнади æма ахуради фæзуат.