08 майя 2024

СÆРУСТУР АН Æ КАДÆ ÆМА НАМУСÆЙ!..

25.11.2023 | 22:34

Тох ныккодта, дæлæ Германы сау хæсты, гъей!

Плиты хъæбатыр хорз Иссæ, гъей!

Сахъ хæстон, уый сæрибарыл хæцыд

Нæ бæсты сæрвæлтау, гъей, тох!

 

Райгуырæн хохы хъæбатыр цæргæсау, гъей!

Дæрдтыл йæ базыртæ чи тындзы, сахъ хæстон,

Уый сæрибарыл хæцыд

Нæ райгуырæн бæстыл, гъей, тох!

Уæй, уæрæйдæ, мадæлтæй макуы райгуыра, гъей!

Иссæйау карз тох чи нæ кодта знæгтимæ.

Уый сæрибарыл хæцыд,

Нæ бæсты сæрвæлтау, гъей, тох!

 

Нæ Иристони номдзуддæр адæймæгутæй еу, Плити Александри фурт Исси рохс ном абони уомæ гæсгæ имисæн, æма 25 ноябри æ райгурдбæл æнхæст кæнуй æхсæзинсæй анзи (1903-1979).

Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр, Манголи Адæмон Республики Бæгъатæр, æфсади инæлар Плити Иссæ райгурдæй 1903 анзи 25 ноябри Бæтæхъойгъæуи зæнхкосæги хæдзари. Æ фидæ Александр, æ кари лæг уогæй, æ бийнонти цардиуагæ ести хузи фæххуæздæр кæнунæн мадзæлттæ исамал кæнуни зæрдтæй рандæй Канадæмæ æма уоми 1908-1912 æнзти фæккуста шахтити. Цидæр æхцатæ исæрвиста æ мадæн. Плити Александри карни туххæй кæддæр финстан нæ газети дæр.

Иссæ 1918 анзи уалдзæги каст фæцæй Дзæуæгигъæуи реалон училище. 1922 анзи 1 мартъий  ба бацудæй Кавказаг Сæрмагонд Æфсади къуармæ. Уоми æхе хъæппæресгунæй ке равдиста, уомæ гæсгæ ’й ахурмæ рарвистонцæ Ленингради бæхгин æфсади училищемæ.

Хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ ’й каст ку фæцæй, уæд æй 1926 анзи иснисан кодтонцæ Краснодари хуæнхон адæмти бæхгин æфсади скъолай ахурдзаути командирæй. 1930 анзи идарддæр æ ахур рахъæртун кодта Фрунзей номбæл Æфсæддон Академий. Уой каст фæууогæй, Иссæ нисангонд æрцудæй Киеви æфсæддон зилди 2-аг бæхгин корпуси 5-аг дивизий оперативон къуари хецауæй. 1936 анзи ба ’й рарвистонцæ Манголимæ. Улан-Батори цæттæ кодта афицерти кадртæ. Бæсти разамунд Исси исхуарзæнхæ кодта Сæумон стъалуй орденæй.

Болкъон Плити Исси 1939 анзи иснисан кодтонцæ 6-аг бæхгин двиизий 32-аг полкки командирæй. Æ полкки хæццæ архайдта Нигулæн Белоруссий тугъдон балций, æхе си равдиста дæсни разамонæгæй, æма ’й райстонцæ генералон штаби Æфсæддон Академимæ. Каст æй фæцæй æмгъудæй раздæр: Устур Фидибæстон  тугъд райдæдта…

Цалдæр бонемæ Иссæ исаразта Кубани 50-аг бæхгин дивизи. 1941 анзи июли æ сæргъи уогæй, тохи бацудæй немуцаг фашистти хæццæ. Инæлар Доватори бæхгин къуари уогæй, Плий-фурти дивизи 1941 анзи августи-сентябри рандæй немуци 9-аг æфсади фæскъилдунмæ. Е æмпурста Мæскумæ. Исси тугъдонти æнæнгъæлти нимпурст устур зиантæ æрхаста фашисттæн: нæбал син адтæй бастдзийнадæ штаби хæццæ, бандзарстонцæ син се скълæдтæ æма базитæбæл. Немуци аци æфсадæн бал Мæскумæ æ размæмпурст нæ рауадæй.

Исси дивизийæй 1941 анзи 26 ноябри исаразтонцæ 3-аг бæхгин гвардион дивизи. Мæскуй бунмæ тугъди гвардионтæ устур æскъуæлхтдзийнæдтæ ке равдистонцæ, уой туххæй син сæ командир Плий-фурти реубæл исæрттевун кодтонцæ Ленини орден.

Гъæу Палашкино немуцæй уæгъдæ кæнгæй, 1941 анзи 19 декабри фæммард æй 2-аг бæхгин гвардион корпуси сæргълæууæг инæлар-майор Л.М.Доватор. Корпусæн командæ кæнуни ихæс барæгонд æрцудæй Плий-фуртæн.

Аци корпус 1942 анзи июли райдайæни равардта инæлар Ф.А.Пархоменкомæ, æхуæдæг ба командæ кæнун райдæдта 3-аг бæхгин гвардион корпусæн – е бахаудтæй хъæбæр зин уавæри, байзадæй æнæ командирæй.  Сталингради фронти архайгæй, корпус бæгъатæрæй тох кодта берæ агъазиау тугъдтити. Исси иснисан кодтонцæ 5-аг гвардион танкити æфсади командæгæнæги фиццаг хуæдæййевæгæй. 1943 анзи апърелæй ноябрмæ ба адтæй Будуйраг фронти командæгæнæги хуæдæййевæг.

 


БАЛХОНИ ЗÆРДИАГ САГЪÆСТÆ

Плити Исси туххæй зæрдæмæдзæугæ киунугæ «По тылам врага» æ рæстæги ниффинста краснодайраг журналист К. Зверев. Æма номдзуд балхони хæццæ фембæлдтитæ имисгæй, куд финста, уотемæй, дан, ин еууæхæни уотæ загъта:

– Алцæмæндæр æхе рæстæг ес. Мæ ирисхъæбæл зæрдихудт кæнун мæ бон нæй. Цард дзæгъæлти цард не ’рцудæй. Мæ бон ци адтæй, уой искодтон адæмæн, Фидибæстæн…

Цалдæр мæйей фæсте инæлар Плий-фурт æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй.

Фал æ намусгин гъуддæгути, Фидибæстæн уодуæлдайæй æма еузæрдиуонæй лæггадæ кæнуни фæдбæл зæрдæбæлдарæнтæ ба цæрунцæ…»


Буденный финста: «Æмбал Плий-фурт æй арæхстгин, лæгигъæдгун æма домагæ инæлар. Алкæддæр тугъди æхе равдесуй дæсни разамонæгæй. Е æнтæстгинæй командæ кодта дивизийæн, уæдта корпусæн. Фронти командæгæнæги хуæдæййевæг ку адтæй, уæддæр æхе хъæбæр хъæппæресгунæй равдиста. Плий-фурт æй уой аккаг, цæмæй ин лæвæрд æрцæуа инæлар-лейтенанти цин…»  Æма ин еци цин лæвæрд æрцудæй 1943 анзи.

Плити Иссæ 1943 анзи 2 ноябри иссæй 3-аг Украинаг фронти 4-аг бæхгин гвардион корпуси командир. 1944 анзи феврали исаразтонцæ бæхгин-механизацигонд къуар. Уордæмæ хаудтæнцæ 4-аг бæхгин гвардион корпус, 4-аг механизацигонд гвардион корпус æма æндæр хæйттæ. Æма ин Исси иснисан кодтонцæ раздзæуæгæй.

Бæхгин-механизацигонд къуар 1944 анзи апърели æнтæстгинæй архайдта знаги фæскъилдуни. Украинæ сæребарæгæнгæй, æ бæрнигонд æфсæдтæн æнтæстгин разамунд ке лæвардта, уой туххæй Плити Иссæ хуарзæнхæгонд æрцудæй Суворови I къæпхæни орденæй, равардтонцæ ин Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. 1944 анзи июли кæрони ба нисангонд æрцудæй фиццаг Белоруссаг фронти бæхгин-механизацигонд къуари командæгæнæгæй. 1944 анзи фæззæги ба нæуæг бунат: дуккаг Украинаг фронти бæхгин-механизацигонд къуари сæргъи. Е архайдта Венгри æма Чехословаки немуцаг-фашистон æрдонгтæй исуæгъдæ кæнуни тугъдтити. Уæлахезбæл исæмбалдæй Праги. Майи ин исаккаг кодтонцæ инæлар-болкъони цин.

Еу тогкалæн тугъд ку фæцæй, уæд бабæй æй рарвистонцæ Фæсбайкали фронтмæ. 1945 анзи июнæй 1946 анзи феврали уæнгæ Иссæ адтæй советон-мангойлаг æфсæдти бæхгин-механизацигонд къуари командæгæнæг.Дæс бонемæ аци къуар Гобий зменсæ будурти рацудæй сæдæ километри. Минкъий æма Устур Хинганбæл рахизтæнцæ, знаги фæскъилдунмæ бацудæнцæ æма Квантунаг æфсади ниппурхæ кæнуни гъуддагмæ бахастонцæ устур æвæрæн. Еууæхæни бабæй дин Иссæ минкъий æфсæдти къуари хæццæ æнæнгъæлти бампурста япойнæгти сахар-федар Жэхэмæ. Знæгтæ цавддортау фæцæнцæ, æма уоми берæминон гарнизон æхе уацари равардта. Махонтæ сахар райстонцæ æнæ еу гæрахæй. Еци æскъуæлхтдзийнади туххæй Плити Иссæн Советон хецауадæ исаккаг кодта «Сугъзæрийнæ Стъалу»-й дуккаг майдан. 1971 анзи ба – Манголи Адæмон Республики Бæгъатæри ном, Сухэ-Батори орден æма Сугъзæрийнæ стъалу.

Плити Иссæ 1948 анзи апърелæй 1949 анзи апърели уæнгæ ахур кодта Ворошилови номбæл Генералон штаби уæлдæр Æфсæддон академий Уæлдæр академион къурсити. 1949 анзи апърелæй 1955 анзи майи уæнгæ командæ кодта Фæскавказаг æфсæддон зилдæн. 1955 анзи июнæй 1958 анзмæ адтæй Цæгат Кавкази æфсæддон зилди командæгæнæги фиццаг хуæдæййевæг. 1962 анзи ин аккаггонд æрцудæй æфсади инæлари цин.

Уæдмæ бабæй дуйнеуон уавæр исæмæнтъери æй. «Уазал тугъд» æ карзи ку адтæй, уæд 1962 анзи Америки Еугонд Штатти уæди разамунд исфæндæ кодтонцæ сæребарæ Куби разамонæг Фидель Кастрой хецауади рагæлдзун. Æма  Куби разамунди курдиадæмæ гæсгæ Советон Цæдесæй уордæмæ ци æфсæддон хæйттæ æрвист æрцудæнцæ, уонæн командæгæнæгæй иснисан кодтонцæ æфсади инæлар Плити Исси. Æма æ еугур хъауритæ æма гæнæнтæй дæр архайдта, цæмæй ракетон-ядерон тугъд ма ’рцæуа. Æма еци æверхъаудзийнадæ ке не ’рцудæй, уоми ес нæ номдзуд æмзæнхони агъазиау байвæрæн. Плити Иссæ 1968 анзи рацудæй Цæгат Кавкази æфсæддон зилди командæгæнæги бунатæй.

Плити Иссæ ма фескъуæлхтæй куд искурдиадæгин паддзахадон архайæг дæр. Адтæй Коммунистон партий XIX, XX, XXII, XXIII съездти делегат, партий Центрон Комитети иуонгтæмæ кандидат, Советон Цæдеси Сæйраг Совети цалдæр фæдздзурдей депутат.

Æ уæлзæнхон цардæй Плити Иссæ рахецæн æй 1979 анзи 6 феврали. Æхе уосиатмæ гæсгæ е ’носон бунат иссæй æ райгурæн Иристони зæнхæбæл – æвæрд æй Дзæуæгигъæуи Намуси Аллейи.

Плити Иссæн устур кадæ кодтонцæ æма нерæнгæ дæр ма кæнунцæ айдагъ Иристони нæ, фал ма Кавкази, Уæрæсей, сауæнгæ дуйней берæ рауæнти дæр, кæмидæрти си æвæрд æрцудæнцæ æ номерæн циртдзæвæнтæ дæр. Уонæй кæцидæрти къартæ абони мухур кæнæн.