06 декабря 2024

«СÆРУСТУР ДÆН МÆ ДОГÆЙ, МÆ АДÆМÆЙ, МÆ ИРИСТОНÆЙ!..»

13.04.2024 | 13:59

«Сæрустур дæн мæ догæй, мæ адæмæй, мæ Иристонæй!..» Цæмæй адæймаг уотæ зæгъа, уой туххæй уотид дзурдарæхст ун фагæ нæй. Алцæй разæй дæр гъæуй, цæмæй уай дæ доги, дæ адæми, дæ райгурæн Иристони аккаг уодгоймаг, дæ сæрустурдзийнадæ гъæуама æвдесай дæ рæстзæрдæй арæзт гъуддæгутæй. Æма, баруагæс уи уæд еци сæрустурдзийнадæмæ кæд еске барæ даруй, уæд уонæн сæ фиццæгтæй æй Мамсурати Дзамбеги фурт Таймураз. Уотæ цæмæн зæгъæн, е ба, махмæ гæсгæ, лæдæрд æй, уомæн æма Мамсурати Таймураз ка ’й æма ци ’й, цæмæй лæгигъæдгун æй æма цæстиварди æй, еугур еци хабæрттæ æргомæй-æргомдæрæй зундгонд æнцæ.

Мамсурати Таймуразæн æ фидæ Дзамбег æма æ мадæ Сипи (Тхостати кизгæ), куд алли ниййерæги дæр, уотæ куд нæ фæндадтайдæ, цæмæй сæ фурт лæгау-лæгæй исгъомбæл уа, куд нæ бæлдтæнцæ, цæмæй царди хуарздзийнæдтæй æнхæстæй фæххайгин уа, сæйрагдæр ба – цæмæй адæми ’хсæн нимад уа æ хуæрзæгъдаудзийнадæй æма лæгдзийнæдтæй. Бæлдтæнцæ рæстуодæй… Фал, æвæдзи, уой æнгъæл ба нæ адтæнцæ, æма сæ еци бæлдитæ уоййасæбæл агъазиауæй исæнхæст уодзæнæнцæ, æма сæ фурт, айдагъ нæхемæ Иристони нæ, фал Уæрæсей дæр æма фæсарæнти дæр хъæбæр берæ рауæнти устур кадæ æма нимайундзийнадæ кæмæн ес, уæхæн уодгоймагæй баскъуæлхтдзæнæй.

Мамсурати Таймурази цардвæндаги хабæрттæ дæр хуарз зундгонд æнцæ дзиллæн. Фал си уæддæр кæцидæрти кой ба ракæнæн. Райгурдæй сахар Беслæни 1954 анзи 13 апърели. 1976 анзи каст фæцæй Цæгат Иристони Кавказаг хуæнхон-металлургион институти промышленнон æма граждайнаг арæзтади факультет. Æ фæллойнадон над райдæдта трест «Севкавказэлеваторстрой»-и къабæзтæй еу хайади мастерæй.

Уæдмæ ’й байагурдтонцæ фæскомцæдесон кустмæ. Æма уотемæй æхсæнадон-политикон æма паддзахадон архайд иссæй æ царди сæйраг гъуддаг, кæцими нерæнгæ дæр ма æнтæстгинæй архайуй. Æма еци къабæзти къæпхæнгай иссудæй уæлиау рауæнтæмæ. Æ рæстæги æвзурст æрцудæй фæскомцæдеси обкоми фиццаг секретарæй. Æ архайд цæйбæрцæбæл арæхстгин адтæй, уомæн ба ирд æвдесæн  æй е, æма еци æригонæй æй советон æма партион къабæзти бæрнон разамунддæттæн бунæтти нисан кæнун ке байдæдтонцæ, е.

Райдайæни сæхемæ Рахесфарси райони, уой фæсте ба республикон хецаудзийнади. Зæгъæн, адтæй Цæгат Иристони Парламенти Сæрдар, 2005 анзи 7 июни ба республики Парламенти депутаттæ æмгъæлæсæй исарази ’нцæ Уæрæсей Президент Владимир Путини фæндæбæл æма Мамсурати Таймураз æвзурст æрцудæй нæ республики Сæргълæууæгæй.

Зин рæстæгути имæ æрхаудтæй еци бæрнон ихæс, фал имæ разиндтæй хъаурæ æма нифс, уой æнтæстгинæй æнхæст кæнунæн. Иристони адæм алкæддæр æма алли гъуддаги дæр сæ сæрæнд-зийнадæ æвдистонцæ æма æвдесунцæ устур æма арфиаг гъуддæгутæй. Уомæ гæсгæ ба, æвæдзи, уæхæн адæми сæргъи разамонæгæн зиндæр æй – уомæн æма æ карнæмæ бæрнон цæстингасæй кæсæг адæм уæлдай домагæдæр æнцæ сæ разамонгутæй. Еунæг уой зæгъæн æма Мамсури-фурт Цæгат Иристони Сæргълæууæг уогæй дæр, архайдта æма нур дæр архайуй, Федералон Æмбурди Федераций Совети иуонг нæ республики номæй уогæй, æ фæткæ аразуй, кæддæр æхуæдæг ци гъуди загъта, уомæ гæсгæ: «Гъæуама ни алкедæр тундза æ наций кадæ уæлдæр кæнунмæ, наций бон ба уа кæддæриддæр æмдогон, дуйнеуон цивилизаций райрæзти æмвæзи уни хæццæ ба æнæмæнгæ – хуæдбундор æма хе æрмдзæфи хæццæ…»

Цæмæй æцæгæйдæр уотæ уа, уобæл æй, ку зæгъæн, Мамсури-фурти аллибони архайд. Куд æма ин ци æнтæсуй – уой ба уæхуæдтæ уинетæ æма аргъ кæнетæ…

Æцæг еунæг уой зæгъуйнаг ан, æма Мамсурати Таймурази, куд нæ республики раздæри разамонæги туххæй дзубанди ку рацæуй, уæд фулдæрæй-фулдæрей хабæрттæмæ  æма уавæртæмæ кæдзос зæрдиуагæй соцъагæнæг æма хæрангонд ка нæй, уони гъуди фæууй: арæхстгин æма аккаг, федар æма раст, æхемæ ихæстæ бæрнонæй ка иста æма сæ бæрнонæй ка æнхæст кодта, уæхæн разамонæг адтæй.

Мах ба ма уой зæгъуйнаг ан, æма Мамсурати Таймураз цардиуаги дæр хумæтæг, æцæг ирон хуæрзæгъдаудзийнадæй æнхæст, багъæуаги бавдесуй уоди кæдзосдзийнадæ æма федардзийнади, зунди хъаурæ æма фæразундзийнадæ. Идæрдтæбæл нæ дзордзинан. Æримисæн, инсæй анзей размæ, 2004 анзи фиццаг сентябри Беслæни фиццаг скъолай террористти къуар ци æверхъаудзийнадæ исаразтонцæ, уой. Уæд иннæ амæнæтти хæццæ лæгмарти къохти бахаудтæнцæ Таймурази кизгæ æма биццеу дæр. Æма уой ку иской кодтонцæ, гъома, гæнæн æма амал ес, дæ сувæллæнтти уордигæй ракæнун, уæд хъæбæр карзæй фæккæрон кодта уæхæн дзубандитæн. Æ уоди кæдзосдзийнадæ ин зонгæй, федарæй ни æруагæс кæнуй, банимадта ’й æностæмæ дæр æхецæн ке нæ ниххатир кæндзæнæй, уæхæн æнаккаг миуæбæл. Уæхæн уавæри ин уæхæн загъд зæгъун цæйбæрцæбæл зин адтæй, уой, æвæдзи, æхе уодæй бæлвурддæр неке зонуй… Уæдта ни алкедæр æхе уой уавæри ниввæрæд æма ни ’й алкедæр уæд балæдæрдзæнæй… Хуцауæй арази, æ сувæллæнттæ кæд гъигæдард баййафтонцæ, уæддæр кутемæйдæрти фæййервазтæнцæ. Æма абони хуæрзарæхстгинæй кæнунцæ сæ царди хабæрттæ. Нæ зонæн, фал уотæ æнгъæл ан, æма сæ фиди уæди унаффæй гъæуама сæрустур уонцæ.

Мадта гурдзиаг тогмондаг æфсæдтæ сæ фудвæндити хæццæ Хонсар Иристонмæ ку ’рбалæбурдтонцæ, уæддæр Мамсурати Таймураз уордæмæ фиццæгти хæццæ фæффæдесон æй. Берæ агъазиау гъуддæгутæ исаразун ин бантæстæй æрбалæборæг знагæн карз нихкъуæрд раттунæн.

Цийфæнди устур паддзахадон куститæ кæнгæй дæр, Таймураз æ адæми аллибони царди гъуддæгутæй æхе некæд разилдта иннердæмæ. Рæстæг иссеруй цийни гъуддæгутæн, зиангинти рази балæуунæн.

*  *  *

Сæрустур дæн мæ догæй, зæгъгæ, Мамсурати Таймураз уотид рæсугъд загъди туххæй нæ фæззæгъуй. Е æцæгæйдæр аккаг аргъ кæнуй, ци рæстæгути ин цæргæ æма косгæ рауадæй, уонæн. Кадæртæ, ести рæстæгути равгитæй сæхе хуарзæн хъæбæр æнхæстæй ка фæппайда кодта, етæ абони ба, ку нæбал сæ гъæунцæ, уæд син сæ фудкойтæ кæнунцæ. Фал Таймураз ба уоййасæбæл рæстзæрдæ æма цæсгонгин адæймаг æй, æма еци рæстæгути хабæртти кой фæккæнуй цитгинæй. Зæгъæн, æ фæскомцæдесон æнзти туххæй. Уотæ сæ имисуй:

– Фæскомцæдес алкæддæр адтæй æхсæнади ахсгиагдæр хæйттæй, кæций рæнгъити алкæддæр адтæнцæ фулдæр нæ фæсевæди хуæздæртæ. Фæскомцæдесæн адтæй æхе уагæвæрд, æхе нисантæ, æгъдау æма фæткæ.

Гъай-гъай, æхсæнадон организаци уогæй, уобæл дæр æнæ фæззингæ куд нæ адтайуонцæ æхсæнади уæди сахъаттæ. Бюрократизм, карьеризм, цъуххæссæнтæ æма ардауæнтæ  – аци æма æндæр гъæндзийнæдтæ адтæнцæ æхсæнади, адтæнцæ фæскомцæдеси медæгæ дæр, уæлдайдæр ба «фæскомцæдесон» чиновникти фалдзос. Еци менеугутæ кæд адтæнцæ, уæддæр етæ æгириддæр нæ ниййаууон кæндзæнæнцæ, фæскомцæдеси ка архайдта кæдзос зæрдæй, еци фæлтæрти минæвæрттæй алке зæрди дæр ци рохсдзийнадæ байзадæй, уой.

Еци рохсдзийнадæ ба фиццагидæр æй уæди фæскомцæдесонти æнæ хепайдадзийнадæ, сæ кæдзос уодти кæдзос тундзундзийнадæ, Райгурæн бæстæ багъæуай кæнунмæ цæттæдзийнадæ – етæ дзæгъæл дзубандитæ нæ адтæнцæ. Гъо, адтæй цидæр æнæбунати миутæ дæр, фал æгириддæр неке ес барæ  уотæ дзорунæн: «Цæй фæскомцæдес, цæй Днепрогэс, цæй БАМ-тæ – етæ еугурæйдæр адтæнцæ ахæстити фæрци…» Нæкæси, ахæститæ дæр уотид гъæуама ма бадонцæ ахæстдæнтти паддзахадон бюджети харзæй. Етæ дæр гъæуама косгæ кæнонцæ – уотæ ’й алли паддзахади æгъдæуттæмæ гæсгæ. Фал мæ дзубанди нуртæккæ уобæл æй æма ахæститæ нæ, фал бæлвурдæй фæскомцæдесонтæ архайдтонцæ нæ бæсти тæккæ ахсгиагдæр цаутæ æма хабæртти, æма архайгæ ба кодтонцæ æнæбари нæ, фал сæ зæрдити фæндæй, барвæндонæй. Уомæн хъæбæр берæ дæнцæнтæ ес, куд æнæгъæнæйдæр ФÆЛКЦ-и, уотæ цæгатиристойнаг фæскомцæдеси историй. Хумæтæги нæй е дæр, æма Советон Цæдеси Бæгъатæри ном, бæсти иннæ адæмти хæццæ ку рабарæн, уæд нæ бæрцæмæ гæсгæ мах адæми минæвæрттæй еугуремæй фулдæремæн лæвæрд æрцудæй.

Мæнæн фæскомцæдес æй уæхæн лæгæвзарæн рæстæг, кæци æнæмæнгæ гъудæй, уомæн æма е адтæй адæймагæн æ цард райаразуни туххæй дессаги фæлтæрддзийнадæ ка лæвардта, уæхæн фадуат, сæйрагдæр ба – адæймаг си гъомбæл кодта æхемæ бæрнондзийнадæ есуни бундорбæл, уæхæн менеуæг, кæци гъæуама  уа абони æригæнттæмæ дæр.

Æз сæрустур дæн, æгайтима мин фадуат фæцæй фæскомцæдеси рæнгъити фæуунæн æма мин зин æй, нуртæкки еци организаци ке нæбал æй, е. Фал æз уæхæн адæймаг нæ дæн, кæци дуйнебæл цидæриддæр ес, уони æлгъетуй, ФÆЛКЦ ке нæбал æй, уомæ гæсгæ.

Æвæдзи, нæ царди алцидæр цæуй диалектики закъонтæмæ гæсгæ, алцидæр фæззиннуй æма цæруй  бæрæг рæстæгути уалæнгæ, уæдта райевгъуйуй.

Фæсевæд нуртæккæ еу кæнуй æндæр цæмæдæртæмæ гæсгæ – фæйнæхузи монцтæ  – территориалон принциптæ, наукон интерестæ, динмæ рахастдзийнæдтæ. Фал нæ историй уæхæн вазуггин цаутæбæл, куд ФÆЛКЦ-и архайд, раханхæ кæнун ба раст нæй. Нæ бæсти истори æцæгæй куд адтæй, уой рæстдзийнадæ, æ берæ хуарздзийнæдтæ ин римæхсгæй, нуриккон «историктæ» махæн нæ зæрди ахиддæр æфтаунцæ лæгъуздæр цаутæ: репресситæ кæци æнзти адтæнцæ, дефолт кæци анз адтæй æма кæци анзи цидæр лæгъуз, кенæ рæдуди хузи конд æрцудæй… Уæхæн агъазиау цаутæ ба, куд фæскомцæдеси 90-анзей юбилей, иронхуати райзайунцæ. Æз сæрмагонд Указ бафинстон, кæцимæ гæсгæ  мах республики еци бæрæгбон кадгин уавæри бæрæггонд æрцудæй, адæми зæрдæ си барохс æй.

*  *  *

Хуарз зундгонд æй е дæр, æма Мамсурати Таймураз æгириддæр нæ уарзуй, æстаунтæ ’й ку байдайунцæ, уой. Фал абони, раст ци куд æй æма нæ арфи аккаг ци æй, уой куд нæ зæгъæн. Æма нин нæ абони дзубанди дæр гъæуама еци хузи балæдæра. Мах ба ин æ юбилейи фæдбæл арфити хæццæ зæгъæн:

– Æцæг мæсугамайæг ди рауайун кодта Хуцау, æма нæ уарзон Иристони мæсуг федарæй-федардæр кæнис дæ арфиаг гъуддæгути къæйдортæй. Æма ди боз æма сæрустур ан.

 

Республикон газет «Дигори» редакций коллектив