05 ноября 2024

«СÆРУСТУР ДÆН МÆ РАЙГУРÆН ГЪÆУБÆСТÆЙ!..»

23.09.2023 | 21:20

Мамсурати Хаджи-Умар æригонæй е ’рдхуæрдти хæццæ Ольгинскæйи. 1926 анз.

Мамсурати Хаджи-Умари кæд хъæбæр агъазиау гъуддæгути фæдбæл харз кæнун гъудæй æ рæстæг æма æ хъауритæ æнæгъæнæй дæр, кæд берæ вазуггин фарстатæбæл æй багъæуидæ æхсæвæй-бонæй гъуди кæнун, уæддæр æ зæрдæй некæд исцох æй æ фидиуæзæгбæл æгæрон æхцулдзийнадæ. Æ уарзон Иристон, æ райгурæн гъæу Ольгинскæ адтæнцæ æ агъазиаудæр уодæнцойнæ, æ царди фæстаг бæнтти сæбæл æновуд адтæй. Радиожурналист Фæрдзинти Барис æма звукорежиссер Газайти Зойи фæрци æ рæстæги нæ республикон радиойæй иронау æма уруссагау райгъустæй Мамсурати Хаджи-Умари зæрдæргомгæнæн дзубанди. Уæд уотæ загъта:

– Æз æрветун мæ райгурæн гъæубæстæн устур салæмттæ. Мæ уарзон гъæу æй. Хуарздзийнадæй мæмæ ци ес, е ’рцудæй мæнмæ мæ гъæубæсти фæсевæдæй, мæ гъæубæсти адæмæй. Мæ сабийбонтæй фæстæмæ мæн мæ гъæубæстæ исахур кодтонцæ лæгдзийнадæбæл, бæгъатæрдзийнадæбæл, Советон паддзахади туххæй косунбæл. Хуарз адæмтæ нæ гъæубæсти хъæбæр берæ адтæй æма си ес. Мæн фæндуй, мæ гъæубæстæ Иристони еугурей разæй куд уонцæ кусти. Цæмæн? Æз уой зонун, æма Ольгинскæ куд кустонцæ æма косунмæ куд цæттæ адтæнцæ, уой. Сæ хъаурæ æма син сæ тухæ дæр зонун æз. Хъæбæр косæг адæм адтæнцæ нæ гъæу. Рæдудтитæ дæр сæмæ адтæй. Фал, æз уотæ æнгъæл дæн, æма дууæ-æртæ анзей бæрцæ рацæудзæнæй, æма Ольгинскæйи, фиццаг куд кадгин адтæй, куд æгъдаугин адæм адтæнцæ, ахурмæ куд бæлдтæнцæ, уотæ бабæй разæй цæудзæнæнцæ. Устур салæмттæ æрветун æз Ольгински зæронд лæгтæн æма силгоймæгтæн. Царди берæ ка фæууидта, хъиамæт берæ ка фæккодта, фæсевæдæн зунд амонун сæ бон кæмæн адтæй, мæнæн агъаз ка бакодта, мæнæн гъуддаг ка аразта, хуарз надбæл мæ цæун ка кодта, уонæй ма беретæ ес, æма сæ цæрæнбон берæ уæд. Берæ фæццæрæнтæ дзæбæхæй, æма сæ гъæуккæгтæй сæ зæрдæ рохс куд уа идарддæр, уæхæн амонд сæ уæд.

Мæнмæ уотæ кæсуй, æма нуртæккæ гъæуи разæй цæуй колхози сæрдар Цæболи-фурт, партион организаций нимæрдар Кокай-фурт. Етæ хъæбæр хуарз биццеутæ ’нцæ. Адæми зæрдæ зонунцæ, æма уони ном дæр æнæ зæгъæн нæййес. Æма син устур арфитæ кæнун сæ хуарз кусти туххæй. Фæндуй мæ, цæмæй сæ къохи бафтуйа фулдæр пайда паддзахадæн, уæдта адæмæн дæр. Ольгинскæ зæронд Ольгинскæ нæбал æй. Нуртæккæ бабæй гъæубæсти цæруй берæ, Иристони алли кæрæнттæй ка ’рбацудæй, ка ’рцудæй хонхæй дæр, иннæ бæститæй дæр, уæхæн адæм. Æма цæрунцæ æнсувæрти хузæн. Сæ колхози ном «Путь к коммунизму» æй, æма еци ном æцæгæй куд æнхæст кæнонцæ, уæхæн амонд сæ уæд. Устур салæмттæ син æрветун æз. Еске нæмттæ си ку зæгъон, уæд си кедæр не ’ргъуди кæндзæнæн, æма уæд е зæрдихудтæй байзайдзæнæй. Уомæ гæсгæ арфæ кæнун сæ еугуремæн дæр. Æз гъæуи минкъий рæстæг адтæн, æ фæллойни æнтæстдзийнæдтæ ин ами сахари базудтон Хъæбæлой-фуртæй. Æма мин хъæбæр æхцæуæн адтæй, мæ гъæубæстæ размæ цæуй, зæгъгæ. Æма сæ салам берæ уæд. Нуртæккæ Иристони разамонæг ка æй, Билар Емæзай фурт, е листæг кæсуй алли гъæумæ дæр, æма мин ку дзурдта Ольгинскæйи хуарз гъуддæгутæ, уæд æхецæн дæр æхцæуæн ке адтæй, уой æз балæдæрдтæн, дзубанди ку кодтан, уæд. Мæнæн ба уæлдай æхцæуæн адтæй, уомæн æма Ольгинскæйи зиндзийнадæ æма тухстдзийнадæ, мæнæн дæр мæ зиндзийнадæ æма тухстдзийнадæ ’нцæ, Ольгинскæйи ци æнтæстдзийнадæ ’рцæуй, е мæнæн дæр мæхе æнтæстдзийнади хузæн зæрдтагон æхцæуæн фæууй. Æма мæ хъæбæр фæндуй, нæ гъæубæстæ еудадзуг разæй ку уидæ хуарз гъуддæгути, е.

*  *  *

Æ фидиуæзæгбæл æ æгæрон æновуддзийнадæ иссæй æ кæстæрти æма уони цæуæти уодигъæди дæр. Уой фæдбæл æримисдзинан мæнæ ауæхæн хабар. Цæветтонгæ, Мамсурати Хаджи-Умари райгурдбæл 115 анзи ке исæнхæст æй (е адтæй фондз анзей размæ), уæд уой фæдбæл Ольгинскæйи арæзт æрцудæнцæ цитгингæнæг мадзæлттæ. Уонæми архайунмæ Мæскуйæй сæрмагондæй иссудæй Хаджи-Умари кизгæ Аси фурт Серхио Эрнандес. Æ мади фиди æмгъæуккæгтæн куд радзурдта, уотемæй æ цардæмбал Нори хæццæ гъомбæл кæнунцæ цуппар кæстæри. Сæ хестæр кизгæ Маргаритæ сæрмагондæй ахур кæнуй режиссери дæсниадæбæл, цæмæй æ номдзуд фидтæл Хаджи-Умари туххæй исеса кинонивæ.

Серхио Эрнандес ма сæрустурæй уотæ дæр загъта:

– Анзæй-анзмæ ми хъæбæрдæр æруагæс кæнуй, ме ’уæнгти ирон тог ке цæуй, е. Мæхе бæттун  Иристони хæццæ дæр æма Мæскуй цæрæг ирæнтти хæццæ дæр, мæ равгитæмæ гæсгæ архайун сæ гъуддæгути. Мæ фидиуæзæг фиццаг хатт бабæрæг кæнунæн мин фадуат фæцæй мæ сабийдоги – ами ин хæдзарæ-музей ку байгон кодтонцæ 1978 анзи, уæд. Æма мæ уарзти æнкъарæнтæ хъæртун кæнун мæ кæстæртæмæ.