07 декабря 2024

«СТЪАЛУТИ ÆРТТИВДÆЙ ÆРТТЕВГÆ АДТÆН…»

22.06.2024 | 14:17

Нæ зæрдитæ нин ниррезун кодта уæззауæй-уæззаудæр хабар – црдгъæуагæй æ зæнхон цардæй рахецæн æй Дзагурти Валодий кизгæ Данæ… Зæрддзæф фæцæнцæ кадæриддæр æй зудта, етæ еугурæйдæр. Зонгæ ба ’й айдагъ хеуæнттæ æма æмбæлттæ нæ кодтонцæ…

Кæд хуæрзæригон адтæй, уæддæр æ ном ба зундгонд иссæй æнæгъæнæ Иристони дæр – уой дæр, дессаги зæрдхæлар адæймаг, алæмæти искурдиадæгин уодгоймаг. Куд поэт, уотæ ин адзали фудæй кæд берæ исфæлдесун нæ бантæстæй, уæддæр нæ дзилли устур дести бафтудта – æ искурдиади уæлтæмæнадæй, æ поэтикон æвзаги гъæздугдзийнадæй, дигорон бундойрон дзурдти цæйбæрцæбæл рæсугъдæй æма медесгунæй исфедаун кодта æма ма берæ æндæр æскъуæлхтдзийнæдтæй. Уæлдайдæр ба – æ цардбæллондзийнадæй, зæрдрохсдзийнадæй. Е ’мдзæвгитæй еуеми («Мæнау»), уотæ финста:

 

Дæн хорæн æ гъарæй,

Арвæн – æ цъæхæй,

Зæнхæн – æ гъæздугæй,

Дунгæн – æ хъаурæй.

Æз æрдзи рæсугъдæй

Не ’рцудтæн æртæст,

Уомæн æй мæ зæрдæ

Рохс уарзтæй исæрст.

Æз дони æртæхтæй

Уæлæрвтæй тахтæн,

Стъалути æрттивдæй

Æрттевгæ адтæн.

Æз царди уолæнти

Боц дард æрцудтæн,

Уомæй æй мæ уоди

Мæ равгæ фулдæр.

Дæ уарзти рæвдудæй

Дæн надбæл Хуцау,

Дуйне дæ лæдæрæд,

Ма уарзæд мæнау…

 

«Стъалути æрттивдæй æрттевгæ адтæн…» Бæргæ цийнæ кодтан, æгайтима нæ дигорон поэзий цъæх-цъæхид арвбæл фæззиндтæй алæмæти рохс æма нифсдæттæг стъалу… Фал фæффудевгед ан… Цидæр æнахур тухтæ нин æй бавгъау кодтонцæ… Цума уой Данæ æхуæдæг дæр лæдæрдтæй… Æндæра е ’мдзæвгæ «Уæлмæрдтæ» цæмæн ниффинста?

 

Бутъуйсинх гъæугæрон æрæнцойнæ ’й,

Е ’ндæ горен цард цæфсуй, бурсуй.

А уæлмæрдтæ æхгæд мин цæстемæй

Сæццæкæсæ дуйнемæ кæнуй.

Кир-кир кæнуй гæггог цирти сæрмæ,

Хори лæфин тавуй сау сикъит,

Идардæй æрбайгъусуй ’веппайди

Куд никкæнуй дудзигъæр мæзгит.

Æфсæн колдуар растæруй æ билтæ,

Мæрдæнцойнæ еблагъуæ зæгъуй,

А фæзбуни хецау æнæ ’нцойнæ,

Æ цибæл сундакъæбæл цæвуй…

 

Зин æй, хъæбæр зин æй абони Данæн, уæхæн зæрдрохс æма цардбæллон адæймагæн зæгъун: «Рохсаг уо…» Фал ци кæнæн… Нæ бон айдагъдæр нæ Исфæлдесæгæй уой корун æй, æма ин дзенети æ уæлзæнхон зинтæй кæми исуæгъдæ уа, уæхæн уодæнцойнæдæр рауæн куд исаккаг кæна…

Хъæбæр зæрдристæй хъонц кæнæн æма хъæбæр зæрдхъурмæй тæфирфæс кæнæн Дани хеуæнттæ æма хæстæгутæн.

 

Республикон газет «Дигорæ»,  журнал «Ирæф»-и æма сайт www.digoria.com-и косгутæ