09 майя 2024

ТÆХОДУЙАГ ÆЙ, ФИДИБÆСТÆ РÆСТЗÆРДÆЙ КА УАРЗУЙ…

16.09.2023 | 15:16

«Дæ Райгурæн бæстæбæл æновуд дæ?..» Уæхæн фарста дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ уæрæсейæгтæй кæмæ равардтонцæ, уонæн сæ фулдæр – 92% – куд зæгъунцæ, уотемæй Фидибæстæ син цитгин æй, æновуд ибæл æнцæ. Уой хæццæ ба бæлвурдæй-бæлвурддæрæй сæхе уæхæн еузæрдиуонтæбæл нимайунцæ – 54% – раздæри æнзти хæццæ рабаргæй, тæккæ уæлиаудæр бæрæггæнæн. Фæстаг æнзти зингæ фендæрхузон æй, Фидибæстæбæл æновуд ун æцæгæй ци æй, уой лæдæрундзийнадæ. Е ци æй, зæгъгæ, уæд раздæр уой фæдбæл фулдæр зæгъиуонцæ: «Дæ бæстæ уарзун…», нур ба фæффулдæр æй загъд: «Косун æма архайун æ сæрбæлтау…»

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма нуртæккæ нæ бæсти нихмæ æдзæстуарзон зæрдихаттæй нæмæ ци паддзахæдтæ кæсунцæ, етæ Уæрæсей нихмæ алли фудмиутæ ке аразунцæ, уомæ гæсгæ не ’хсæнади медæгæ зингæ фæффулдæр æй, патриот ун амонуй нæ бæстæ цийфæнди æфхуæрæнтæ дæр æма фудгингæнæнтæй дæр гъæуай кæнун гъæуй, зæгъгæ, ка гъуди кæнуй, уони бæрцæ. Нæ Фидибæстæй цæмæй гъæуама уæн сæрустур, еци сæйрагдæр хабæрттæ ’нцæ: Хъирим Уæрæсемæ æрбайеу кæнæн, Донецки æма Лугански Адæмон Республикити банимайундзийнадæ, спорти æскъуæлхтдзийнадæ. Уогæ æрфарст адæмæн се ’ртиккаг хай еци гъуддаги фæдбæл бæлвурдæй неци зæгъунгъон разиндтæнцæ. Алли дæсæймаг адæймаги  гъудимæ гæсгæ ба, сæрустур цæмæй гъæуама уæн, уæхæн уадессагæй нерæнгæ нецима ’рцудæй.

Бæлвурдæй æновуд дæн Фидибæстæбæл – 54%

Æвæдзи, дæн æновуд – 38%

Бæлвурдæй нæ дæн – 1%

Æвæдзи, нæ дæн – 4%

Зингомау мин æй циуавæрдæр дзуапп раттун – 3%