27 июля 2024

ТÆХОДУЙАГ – ÆСТЪАЛУТÆМÆ ТУНДЗÆГ!..

13.04.2024 | 13:48

Паддзахади медæгæ цардиуаги уавæртæн аргъгæнæг, фиццаги-фиццагидæр, æнцæ ка си цæруй, еци адæм. Æма абони циуавæр аргъгонд цæуй адæми ’рдигæй нæ бæсти размæцудæн, уой исбæлвурд кæнуни фæндæй дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ исаразтонцæ сæрмагонд æрфарст. Ка си архайдта, еци уæрæсейæгтæй алли дуккаги – 52% – гъудимæ гæсгæ, гъуддæгутæ нæ бæсти медæгæ цæунцæ рæстæрдæмæ. Фæлварæ (2022 анзи) ба уотæ гъуди кодтонцæ айдагъдæр 34%, фал нуртæккæ ба аргъгæнæнтæ фенцаддæр æнцæ. Уæрæсейæгтæн сæ фулдæр сæ царди уавæртæ нимайунцæ зæрдæмæдзæугæбæл: уотæ загътонцæ æрфарст адæмæн сæ 56%. Уомæ гæсгæ ба социологтæ искодтонцæ уæхæн хатдзæг: аци фарстабæл дзуапп раттуни размæ уæрæсейæгтæ раздæри рæстæгути хæццæ рабаргæй, æстæндæр расагъæс-басагъæстæ кæнунцæ, нуртæкки бæсти медæгæ æма дуйней уавæртæ цихузæн æнцæ уомæ, уой бæсти федарæй хуæст æнцæ уæхæн зундирахастбæл: «Цард дæхе къохтæмæ райсæ!..» Рабарунæн ма уин уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан: пандемий тæккæ карз рæстæги сæ царди уавæртæй арази адтæнцæ, уой туххæй ке бафарстонцæ, еци уæрæсейæгтæн сæ 46%.

Нæ бæсти медæгæ гъуддæгутæ рæстæрдæмæ цæунцæ?

52% – арази дæн, рæстæрдæмæ ке цæунцæ, уобæл.

19% – нæ дæн арази.

26% – еуемæй арази дæн,  иннемæй ба нæ дæн арази.

3% – зингомау мин æй бæлвурд дзуапп раттун.