10 сентября 2024

«ТÆХОДУЙТÆ, АДÆМÆН ЕСТИ ХУАРЗ ФÆУУО!..»

27.08.2022 | 12:40

ТЕТЦОЙТИ Таймураз

***

Тæходуйтæ, æма дæ царди

Адæмæн ести хуарз фæууо! –

Еци бæлд, раст цума йе ‘рдхуардмæ,

Æрбацудæй мæнмæ хуæддзо.

Фæссурдта ми ме ‘ндæр бæлдтитæ,

Æндæр гъуди æма нинкъард,

Раст цума нихмæлæуд фæндитæ,

Бонгинау мин райста мæ цард.

Фæссурдта е мæнæй ристадæ,

Мæ зийнадæ æма фæллад,

Федæнбонмæ мæнæн фестадæй

Мæ цийнадæ æма мæ над.

Адæм ба мин рæдау сæхуæдтæ

Фæккæнунцæ æнхус æдзох,

Амонунцæ фидау мæ нæдтæ,

Фæддæттунцæ зини сæ къох.

Ка фæййесуй стур уаргъ æхемæ,

Ке райеуварс кæнунцæ ‘нцад,

Уæхæн сау биццеуау, мæхемæ

Æнæбон æркæсун стæн хатт.

Тетцойти Гацири фурт Таймурази райгурдбæл 1 сентябри æнхæст кæнуй сæдæ анзи (1922-2010). Уой фæдбæл æрмæгутæ кæсетæ 6-7-аг фæрстæбæл.