08 майя 2024

ТÆРСУН НÆ ФИДТÆЛТÆМÆ ДÆР ÆГАДÆ АДТÆЙ!..

24.06.2023 | 23:23

Æцæгæйдæр уотæ ке адтæй, уой туххæй ба нæ адæмон  исфæлдистади дæнцæн берæ таурæхътæ иссерæн ес.

Сахармæ нади еуварс бæласи буни сатæги, дан,  бадтæй еу зæронд лæг. Еци рæстæг надбæл исцæйцудæй рун. Зæронд æй фæрсуй:

– Кумæ цæуис, рун?  Ке къонатæ ихæлдзæнæнцæ?

– Сахармæ цæун, мин адæймаги си гъæуама рамарон!

Анзи фæсте рун æздахтæй сахарæй, æма бабæй ибæл еци рауæн еци зæронд рамбалдæй. Лæг имæ дзоруй:

– Уотæ нæ загътай, мин адæймаги марунмæ цæун, зæгъгæ? Мадта уæд уони бæрцæ дæс миней уæнгæ цæмæн  исхъæрттæй?

– Раст дин дзурдтон: æз си мин адæймаги рамардтон, иннетæ рамардæнцæ… сæ фуртæссæй.

Аци таурæхъ уомæ гæсгæ нæ æримистан, цæмæй уæ бустæги базæрдхъурмæ кæнæн. Гъуддаг уой медæгæ ’й, æма алли рæстæгути дæр адæм берæ цæмæйдæрти тарстæнцæ. Нури цардарæзти дæр уавæр неци фендæрхузон æй. Уомæн æвдесæн æй, дзилли цæстингас бæлвурдгæгæг Левада-центр (Уæрæсей нимад цæуй фæсарæйнаг агентбæл) æрæги ци æрфарст исаразта, уой бæрæгæнæнтæ. Абони уæлдай хъæбæрдæр цæмæй тæрсетæ, зæгъгæ, уæрæсейæгтæй ке бафарстонцæ, уони дзуæппитæ еумæйагæй рауадæнцæ мæнæ ауæхæн.

64% – хæстæгути, сæ цæуæти фæссæйгæ унæй

54%  – дуйнеуон тугъдæй

39% –  незтæ æма хъезæмæрттæй

37% –  паддзахеуæггæнгути хевастдзийнадæй

32% – мæгурдзийнадæ æма фурмæгурдзийнадæй

32% –  мæлæтæй

30% – репрессити догæмæ раздæхунæй

30% – политикон уагæвæрд фæккарздæр унæй