07 декабря 2024

ТÆССАГ УАВÆРТИ ХЕ КУД ДАРУН ГЪÆУЙ?

14.05.2022 | 13:59

Зингисервæзт æй æнæнгъæлæги цау. Æ райеуварс кæнуни  туххæй уæ мадзæлттæ цæйбæрцæбæл раст æма ахедгæдæр уонцæ, уомæй аразгæ ‘й æ рахуссун кæнун. Гъулæггагæн, фулдæр адæммæ гъæугæ зонундзийнæдтæ нæ фæууй, зингисервæзти рæстæг куд архайун гъæуй, уой туххæй.

ЗИНГИСЕРВÆЗТ ÆХСÆНАДОН БУНÆТТИ

Катай æй зундирахасти уæхæн уавæр, æма си адæймаг кенæ ба берæ адæм дæр бахаунцæ, тæссаг бунатæй райервæзунбæл архайгæй. Адæм сæхе нæбал фæллæдæрунцæ. Уой хæццæ берети зундирахаст фæкъкъумух уй, уавæрæн раст аргъ искæнуни гъомус исæфун райдайуй. Сувæллæнттæ, æригæнттæ, силгоймæгтæ, рацæргæ адæм ба æрлæмæгъ унцæ, се ‘уæнгтæ сæ коммæ нæбал фæккæсунцæ, æма домæнтæ куд гъæуама æнхæст кæнонцæ? Ахид уотæ рауайуй, æма, иннæ адæм кумæ фæууайунцæ, уомæн дæр нецибал фæззонунцæ, айдагъдæр фæййархайунцæ тæссаг бунатæй кенæ ба мæнгæ тæссаг бунатæй иддарддæр рацæунбæл.

Катаййи бахаун ма уомæй тæссаг æй, æма, куд загътан, уотемæй, тæссаг бунатæй идарддæр рацæунмæ бæлгæй, адæм æрæмбурд унцæ рахезæни æма ‘й исæхгæнунцæ. Ледзæг адæмæй беретæн сæ бон, бæргæ, фæууй уавæрæн раст аргъ искæнун, ци гъæуй, уæхæн архайд кæнун, фал сæмæ тасдзийнадæ бацæуй, æма уомæй фæттæрсун кæнунцæ иннети дæр.

Цубурдзурдæй, сæхуæдтæ сæхецæн къулумпий хуасæ исунцæ, фидбилизи бунатæй цæугæй. Уомæ гæсгæ уæхæн уавæри ахсгиаг æй, цæмæй, катаййи ка бацудæй, еци адæми ‘хсæн разинна, сæ архайдæн разамунд дæттун æ бон кæмæн уа, уæхæн адæймаг.

АРХАЙД – ЗИНГИСЕРВÆЗТИ РÆСТÆГ

Цийфæнди æхсæнадон бунатмæ дæр бацæугæй, байархайетæ уæ над багъуди кæнунбæл; уе ’ргом раздахетæ, сæйраг æма æндæр рацæуæнтæ кæми ‘нцæ, уордæмæ; кæми ци ес, уой уæ зæрдæбæл бадаретæ; сувæллæнттæн хуæцетæ сæ къохтæбæл.

Гъæр «зингисервæзт!» фегъосгæй, сабур уотæ; фæразондзийнадæ дæр равдесетæ æма уой туххæй фегъосун кæнетæ уæ фарсмæ лæууæг адæмæн дæр, уæлдайдæр силгоймæгтæн. Уæ алфамбулай уавæрæн аргъ искæнетæ, уавæр æцæгæйдæр тæссаг æй, уой исбæрæг кæнетæ. (Кæд еске аци гъæрæй фæндуй адæми фæттæрсун кæнун.)

Уæ бунати лæугæй, лæмбунæг ракæсетæ уæ алливарсмæ; телефон, кенæ зингисервæзти дзæнгæрæги кънопкæ фæууингæй, зингисервæзти туххæй фегъосун кæнетæ зингхуссунгæнæн гъæуайкæнуйнадæмæ, ма банимайетæ уотæ, æма  уой дæр уæ бæсти еске бакæндзæнæй, æма æнцадæй цæун райдайетæ хæстæгдæр рахезæнмæ. Кæд гæнæн уа арт рахуссун кæнунæн, уæд æвæстеуатæй уой туххæй фегъосун кæнетæ уæ алливарс ка ‘й, еци адæмæн; арт рахуссун кæнетæ, фæййагъаз кæнунмæ уæ фарсмæ лæууæг адæммæ фæдздзоргæй, испайда кæнетæ, уæ къохи ци фæууа, уомæй æма сæрмагонд фæрæзнитæй.

Азгъунст хъуæцæй ку байдзаг уа кенæ си талингæ ку уа, уæд байархайетæ рахезæнмæ рацæунбæл; уолæфгæ кæнетæ къохмæрзæнмæ кенæ уæледарæси дусмæ; сувæллæнтти ба хонетæ уæ разæй, сæ усхъитæбæл хуæцгæй.

Цийфæнди уавæри дæр уæмæ разиннæд фæразондзийнадæ æма ма фæттухсетæ, уе ‘гъдауæй æрсабур кæнетæ уæ алливарс адæми, катайдзийнади ранигъулун сæ ма бауадзетæ. Уæхемæ райсетæ адæми фæййервæзун кæнуни хъæппæрес! Се ’хсæн цæугæй, уæ разæй рауадзетæ сувæллæнтти, силгоймæгти, рацæргæ адæми. Фæййагъаз син кæнетæ, катаййи ка бахаудтæй, æма цæун æ бон кæмæн нæбал æй, еци адæмæн; сæхе æрлæдæруни туххæй син сæ уадæлттæ рахуайетæ, сабур æма лæдæргæ цъухи уагæй сæмæ дзоретæ, хуæцетæ син сæ къохтæбæл.

Æлхъивддзийнади бахаугæй, уæ къохтæ фæттасун кæнетæ  æма сæ нилхъеветæ уæ фæрстæмæ, тумбулкъохтæ æрбалхъевгæй; уæ фæрстæ гъæуай кæнетæ æлхъивди фæуунæй. Уæхе æргубур кæнетæ фæстæмæ, къæхтæ размæ исбуцæу кæнгæй, æма бавзаретæ адæми æлхъивд уæ фæсонтæй бауорамунбæл, тугъдадæ разæй исуæгъдæ кæнгæй æма сабургай цотæ, гæнæн цæйбæрцæбæл ес, уойбæрцæ. Агъаз кæнетæ, зæнхæмæ ка æрхаудтæй, уони сæ къæхтæбæл ислæуун кæнунæн. Кæд уин уæхе скъуæрдтонцæ, уæдта байархайетæ уæ усхъитæбæл ислæуунбæл, æма уой туххæй пъолмæ уæ къохтæ ниббуцæу кæнетæ, къæхтæй ба цæхгæрмæ уæхе схуайетæ æма уæ гурæ исраст кæнетæ. Сувæллæнтти байаууон кæнетæ уæ фæсонтæй кенæ ба сæ исбадун кæнетæ уæ усхъитæбæл.

Кæд берæуæладзугон хæдзари уайтæ, уæд ма бавзаретæ лифтæй испайда кæнунбæл, æрхезетæ асинттæбæл; уæ гъудий дæр ма уæд къæразгæй бæрзондæй рагæпп кæнун. Миййаг, адæмæн рацæунæн гæнæн ку нæ уа, уæд байархайетæ, содзгæ кæми нæ кæнуй, уæхæн рауæнмæ бацæунбæл æма уоми æнгъæлмæ кæсетæ зингхуссунгæнгути æрбацудмæ.

ДЗАНТИАТИ Марат,

Дзæуæгигъæуи зингисервæзтитæй багъæуай кæнуни цæстдарди хайади бæрæггæнæг.