ТЕРРОРИЗМИ ЗАЛИАГ ХЕЛАГÆН Æ ЕУГУР СÆРТÆ ДÆР НИЛЛИЦЪÆ КÆНÆН…
Терроризм æ фудæнахъæлдзийнадæй бабæй нин нæ зæрдитæ ниррезун кодта… Мах хъæбæр зæрдристæй хъонц кæнæн, еци фудракæнди уоййасæбæл берæ адæм ке бастъалдæй, тæфирфæс кæнæн, уоми ка фæммард æй уони хеуæнттæн, гъигæдард си ка æрцудæй, уонæн Хуцауæй корæн, цæмæй тагъддæр радзæбæх уонцæ.
Аци æверхъау цау нин еума хатт бавдиста: терроризм æй залиаг хелаги хузæн берæсæрон, æма ин цалинмæ æ еугур сæртæ æнæгъæнæйдæр бустæги нæ ниллицъæ кæнæн, уæдмæ си æдас нæ уодзинан.
Уæлдайдæр ба уомæ гæсгæ, æма абони нæ Фидибæсти нихмæ ка архайуй, етæ ’й хъæбæр хуарз лæдæрунцæ, лæгæй-лæгмæ архайдæй нин сæ бон неци бауодзæнæй, уомæ гæсгæ ба алли фудракæндтитæй гъавунцæ не ’хсæнади æхсæн тасдзийнадæ исæвзурун кæнун, нæ берæнацион æма берæконфессионалон бæсти цæрæг адæмти фæккæрæдземæ кæнун национ æма конфессионалон нæбухсундзийнадæй. Фал син уомæй дæр неци рауайдзæнæй – аци теракт ирдæй бавдиста нæ адæмти алæмæти еудзийнадæ æма æмзунддзийнадæ.
Е æхцæуæн æй, фал нæ уæддæр еумæйагæй гъæуй не ’знæгти уæхæн миути нихмæ никки карздæр фæллæуун, сæ сау мæлæтхæссæг фæндитæ син фегуппæг кæнунбæл архайун.