25 апреля 2024

ТОЛСТОЙИ ГЪУДИТÆ

25.11.2020 | 16:48

Теуайæн судзийни цъаси рахезун æнцондæр æй, гъæздугæн Хуцауи дуйнемæ бахаунæй. Нæ Ервæзунгæнæги аци гъудитæ æнцæ æверхъау раст.

 

***

Адæймаг цалинмæ мæлæтæй тæрса, уæдмæ æ къохи некæд неци бафтуйдзæнæй. Мæлæтæй ка нæ тæрса, уомæ ба алцидæр уодзæнæй.

 

***

Цæрæ Хуцауи агоргæй, æма уæд æнæ Хуцауæй нæ цæрдзæнæ.

 

***

Адæймагæн сахари сæдæ анзи дæр æ бон фæццæрун æй, фал уæддæр нæ балæдæрдзæнæй, раги ке бамбудæй, уой. Æхемæ лæмбунæг æркæсунмæ ’й нæ евдæлуй, æдзохдæр гогозелæ кæнуй.

 

***

Цалинмæ базаргæнгутæ ковæндонæй æрвист не ’рцæуонцæ, уæдмæ аййевади ковæндонæн ковæндонæ исхонæн нæ уодзæнæй. Федæни аййевадæ сæ фендæдуар кæндзæнæй.

 

***

Цагъарæй разагъди лæг некæд рауайдзæнæй, уомæн æма разагъди лæг, зæгъгæ, еци дзубанди цагъар æхердигонау лæдæруй.

 

***

Æ царди кæронмæ ка фæцæйхъæртуй, етæ едзун райдайунцæ, кæддæр ци байтудтонцæ, уомæй байзайгæ æфсертæ.

***

Кæд дæмæ уотæ кæсуй, кадæр дæ рази фудгин æй, уæд ин ниххатир кæнæ æма ’й феронх кæнæ. Махæн æфхуæруни барæ нæййес. Æма балæдæрдзæнæ, хатир кæнун амонд ке æй, уой.

 

***

Дуйнебæл ес айдагъдæр еунæг æнæгурусхаг амонд – æндæрей сæрбæлтау цæрун.

 

***

Идеал æй надамонæг стъалу. Æнæ уомæй нæййес федар къахдзæфтæ кæнæн. Æнæ федар къахдзæфтæ кæнгæ ’й ба цард нæййес.

 

***

Кæцифæнди адæймаг дæр цийфæнди фудгин, фудгæнагæ, æнахургонд, зундцох ку уа, цийфæнди цъаммар æма æнæсæрфат миутæ ку кæна, уæддæр æхе æнæмæнгæ нимайуй растбæл.

 

***

Рæстдзийнадæ рартасунæн æма балæдæрунæн тæккæ сæйрагдæр цæлхдор мæнгарддзийнадæ нæй, фал, рæстдзийнади хузи ка бацæуй, еци сайд миуæ.

 

***

Адæм ахуради сæйраг хай скъолайæй нæ райсунцæ, фал цардæй.