12 ноября 2024

ТУГЪДИ АДТÆЙ ÆХСАРГИН, ХУМÆТÆГ ЦАРДИ – ХУÆРЗÆГЪДАУ…

23.06.2022 | 09:34

ХЪАЛАТИ Семени æносон бунат иссæй Дзæуæгигъæуи Намуси Аллейæ. Аци къарæ ист æрцудæй æ циртбæл ин циртдзæвæн æ бюсти хæццæ æвæруни рæстæг.

Евгъуд æноси инсæйæймаг æнзти Советон хецауадæ берæ аллихузон мадзæлттæ аразта адæми цардиуагæ фæххуæздæр кæнунæн. Уæди дзамани уæлдай тухстдæр уавæрти адтæнцæ хуæнхаг гъæути цæргутæ. Æма цæмæй фæххуæздæр адтайуонцæ сæ царди уавæртæ, уой туххæй ардигон адæмæн райдæдтонцæ иуарун будури зæнхитæ. Дигоргоми гъæути цæргутæй беретæ сæ цæрæн бунæттæ раййивтонцæ будуйрон рауæнтæмæ, æма си уотемæй фæззиндтæй нæуæг гъæутæ. Уонæй сæ еу адтæй Сурх-Дигорæ, кæцимæн бундор æвæрд æрцудæй 1931 анзи. Фиццаг ка æрбундорон æй ами, уони хæццæ адтæнцæ Хъалати Урусхани фурт Дзагей бийнонтæ дæр.

Раледзæг адæм исаразтонцæ колхоз æма ‘й исхудтонцæ «Хонх». Сæ гъæуи еумæйаг хæдзаради гъуддæгути е ‘мгарæ фæсевæди хæццæ æмархайд кодта Дзагей хестæр фурт Семен дæр.

Адæм бæргæ разæнгардæй аразтонцæ сæ царди хабæрттæ, бæлдтæнцæ амондгундæр исонибонмæ. Фал сæ рæсугъд фæндитæй фæффудевгед æнцæ – нæ райгурæн бæстæмæ гадзирахаттæй æрбалæбурдта фашистон Германи æма еци-еу бонбæл æнæгъæнæй дæр тугъдон фестадæй. Советон дзиллæ æмхузонæй исистадæнцæ Фидибæстæ немуцаг-фашистон æрдонгтæй фæййервæзун кæнунмæ. Хъалати Семен дæр 1941 анзи дæсæймаг октябри, æ трактор Секъинати Назирæти бæрнæхсти бакæнгæй, рандæй Сурх Æфсади рæнгъитæмæ.

Куд фæлтæрдгун тракторист, уотæ ‘й, гъай-гъай, танкист исун хъæбæр фæндадтæй, фал ин нæ рауадæй. Уæдта фронтмæ дæр æй еци фæдбæл нæ рарвистонцæ. Бахаудтæй дæсæймаг æфсади 1675 хецæн батальонмæ, аразтонцæ знаги нихмæ федæрттæ. Устур æнтæстдзийнæдтæ ке бавдиста кусти медæгæ, уой туххæй ин лæвæрд æрцудæй Кади гæгъæди.

Еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте ба сæ рарвистонцæ Воронежи облæстмæ, ами иссæй 174-аг æхсæг дивизий æфсæддон, æ бæрнæхсти ин бакодтонцæ миномет.

Гъе уотемæй 135-аг æхсæг полкки рæнгъити фæццудæй æ тугъдон нæдтæбæл, кæцитæ ин фæцæнцæ Прибалтики. Æ тугъдон карни хабæрттæн сæ еугурей туххæй радзоруни равгæ нин нæййес, фал си цалдæр ба æримисæн.

Воронежи рæбун 1942 анзи сæрдигон æнхъуæт бæнтти карз тох райеудагъ æй фашистти дивизий нихмæ. Сурх Æфсад разагъди лæгдзийнадæ бавдиста æма знаги батардта цæугæдон Дони иннæ билæмæ. Семен ци дивизий рæнгъити адтæй, е иссæй 46-аг æма ин лæвæрд æрцудæй гвардиони ном. Семен дæр раст гъе уæд райста æ фиццаг тугъдон хуæрзеуæг.

Сæ роти командир Бекмæрзти Самсони фурт Сергей куд имиста, уотемæй 1943 анзи 6 октябри изæрмæ сахар Невель уæгъдæгонд æрцудæй знагæй. Фал цæмæй не ‘фсад ма ниффедар адтайдæ уоми, уой туххæй æ нихмæ нæуæгæй истохунæн фашисттæ иннæ рауæнтæй æмбурд кодтонцæ æфсæддон хæйттæ.

Мах æфсæдтæ гъæуама æвдæймаг октябрмæ æхсæвæ бацудайуонцæ знаги къилдунмæ æма æрахæстайуонцæ над Невель – Ленинград, цæмæй фашисттæн сидзмудзи ледзунæн дæр фадуат нæбал адтайдæ. Нæ минометтæй æхсгутæ фехалдтонцæ знаги цуппæрдæс машини æд æфсæддонтæ æма хуæлцæ. Знагæн карз нихкъуæрд дæтгæй, устур лæгдзийнадæ ке бавдистонцæ, уой туххæй айдагъ полкки нæ, фал минометон роти æфсæддонтæн дæр лæвæрд æрцудæй ордентæ æма майдантæ. Хъалай-фурти реубæл исæрттивта майдан «Тугъдон æскъуæлхтдзийнади туххæй», сæ командир, капитан Бекмæрзти Сергейæн ба исаккаг кодтонцæ Сурх Стъалуй орден.

Тугъдон æгъдауæй арæхстдзийнадæ æма æскъуæлхтдзийнадæ Хъалати Семен бавдиста цæугæдон Нигулæн Двинай сæрти бахезуни тугъдтити рæстæг. Нæ размæмпурсæг æфсæддонти фиццаг рæнгъити байервазтæй Семен цæугæдони иннæ билæмæ, æма цалинмæ иннæ æфсæддон хæйттæ цудæнцæ, уæдмæ гвардий хестæр сержант Хъалай-фурт е ‘мбæлтти хæццæ знæгтæн карз нихкъуæрд лæвардта. Хæстæгмæ сæ æрбацæун нæ уагътонцæ. Минометти карз æхстæй дæрæн кодтонцæ знаги, сæхецæй ба еунæг тугъдон дæр нæ фæгъгъудæй. Æ размæ æвæрд ихæс æнтæстгинæй ке исæнхæст кодта, уой туххæй Семенæн 1944 анзи июли исаккаг кодтонцæ Намуси æртиккаг къæпхæни орден.

Еу къуар мæйей фæсте бабæй бавдиста никки агъазиаудæр æскъуæлхтдзийнæдтæ знаги техникæ æма æфсæдтæ дæрæн кæнгæй. Æ архайд хъæбæр фæййагъаз æй не ‘фсæддон хæйтти размæцудæн, æма ин уомæ гæсгæ исаккаг кодтонцæ Намуси дуккаг къæпхæни орден. Е адтæй 1944 анзи октябри.

Еци анз ноябри ба ин лæвæрд æрцудæй майдан «За отвагу». Нæ аурста æхебæл Семен, уотид æ гъуди еунæг адтæй: гъæуама Уæлахези хæццæ исæздæха æ райгурæн гъæумæ, æ ниййергутæ æма гъæубæсти размæ. Æма еци гъудий хæццæ уодуæлдайæй тох кодта.

Латвий зæнхæбæл 1944 анзи 25-29 декабри карз тугъдтити рæстæг Семен ниппурхæ кодта знаги æртæ пулемети æд æфсæддонтæ, уæдта рамардта инсæй гитлерони æма уой фæрци исаразта нæхеуонтæн размæ цæуни фадуат. Æнцон кæми адтæй еци уазал бæнтти тохун, фал хонхи зин уавæри ка исгъомбæл æй, е æхсист адтæй. Хумæтæги ин æ лæгдзийнæдтæн устур аргъ нæ кодта Уæлдæр командæкæнуйнадæ.

Советон Цæдеси Сæйраг Совети Президиуми Указмæ гæсгæ Семенæн уæдмæ лæвæрд æрцудæй Намуси фиццаг къæпхæни орден дæр. Еци æртæ ордени нимад цæунцæ зундгонд куд æй, уотемæй еумæ Советон Цæдеси Бæгъатæри Сугъзæрийнæ стъалуй æмрæнгъæ.

Сæрбæрзонд адтæнцæ Симонæй æ тугъдон æмбæлттæ дæр, æ алфамбулай ка адтæй, æ еци æмзæнхонтæ дæр. Хабæрттæ куд нæ игъустайуонцæ Иристонмæ дæр, гъæубæстæмæ, бийнонтæмæ. Еунæг анзмæ дин паддзахадæ исаккаг кæнæд уæхæн кадгин хуæрзеуæг æртæ хатти, уæд е куд нæй устур лæгдзийнади бæрæггæнæн?!

Семен æма æ хæццæ усхъæй-усхъæмæ ка тох кодта, уонæн сæ сæйрагдæр бæлдæ еу адтæй – знаги æхе лæгæтмæ фæссорун æма ‘й уоми ниххорх, ниддæрæн кæнун, Уæлахез уарзон Фидибæстæн æрхæссун. Семен ци минометон къуари рæнгъити тох кодта, уоми æхецæй уæлдай ма адтæй дууæ иристойнаги – Гæбути Гобе æма Гасинти Харитъон, уæдта узбекаг Самандар Исламов, украинаг Григорий Зезул.

Æ сæрæндзийнади туххæй берæ уарзтонцæ Семени æ командиртæ дæр, уомæн æма сæ некæд фæффудевгед кодта. Мæнæ куд финста полкки командир: «Хестæр сержант Хъалати Семен. Хуæздæр æфсæддонти фиццаг рæнгъити цудæй, æхе бавдиста бæгъатæр æма фæнзуйнагæй, æ цардбæл нæ аурста нæ Райгурæн бæстæ æма адæми сæрбæлтау. Агъазиау лæгдзийнадæ бавдиста знаги дæрæн кæнуни гъуддаги. Æй берæ хуæрзеугути аккаг…»

Тугъдон уæззау, тогæй идзаг даргъ нæдтæ… Æдзæстхезæй сæбæл фæццудæй Хъалай-фурт. Фæццудæй сæбæл, цалинмæ цифуддæр знаг кæрæй-кæронмæ дæрæнгонд не ‘рцудæй… Æма ралæудтæй Уæлахези Бон, цæстисугти хæццæ устур бæрæгбон… Тугъдвæллад æфсæддонтæ ‘здæхунцæ сæхемæ… Фал, Семен æ фидиуæзæгбæл исæмбæлуни размæ расабур æй Мæскуй… Куд бæгъатæр тугъдон, уотæ иссæй 1945 анзи 24 июни Уæлахези Паради архайæг. Паради архайуни кадæ ма æрхаудтæй не ‘мзæнхонтæй цалдæремæ, кæцитæн Райгурæн бæстæ æма разамунд уæхæн устур кадæ искодтонцæ сæ агъазиау лæгдзийнади туххæй.

Семен æ уарзон гъæубæстæмæ ку иссудæй, уæд æ бийнонти цийнæн кæрон нæбал адтæй. Еци цийнитæ ин кæд хъæбæр æхцæуæн адтæнцæ, уæддæр æхецæн берæ рæстæг не ‘саккаг кодта уонæй хе рæвдаунæн, уолæфунтæбæл нæ фæцæй бæгъатæр тугъдон. Цубур рæстæги фæсте бавналдта фæллойнæ кæнунмæ, уомæн æма нæ фагæ кодта косæг къохтæ. Æ къæхтæбæл ислæуун кæнун гъудæй, тугъди фæсте ихæлд хæдзарадæ. Æхебæл нæ ауæрдгæй хъиамæт кодта Хъалати Семен е ‘мгъæуккæгти хæццæ.

Æ дæс æма æртинсæй анзи цалинмæ райевгъудæнцæ Хъалай-фуртæн, уæдмæ æ фæллойнæ нæ ниууагъта. Æ тугъдон æртæ цæфи дæр ибæл куд нæ бæрæг кодтайуонцæ, е ‘нæнездзийнадæ æма хъауритæбæл? Фал уæддæр æ нифс нæ састæй, уæлдайдæр ба уомæн, æма, адæми цардиуагæ æ кеми цæун ке байдæдта, уой уингæй – æ зæрдæ рохс кодта – хумæтæги ке нæ никкалдта æ тог тугъди будурти, уомæй.

Семен æ фæсте ниууагъта дзæбæх зæнæг, алкедæр си æй бунати, фау æрхæссæн си некæмæ ес. Æ сæр си бæрзæндти хаста алкæддæр.

Цардгъонæй Хъалай-фурт еузæрдиуонæй архайдта ирæзгæ фæлтæрти патриотон-гъомбæладон кусти дæр. Ахид уидæ ахургæнæндæнтти, заводтæ æма æндæр косæндæнтти. Æмбалдæй фæсевæди хæццæ. Æ уодæнцойнæ ба адтæнцæ æ цæуæти цæуæт. Етæ дæр сæ кадгин Бабайæй адтæнцæ сæрбæрзонд. Етæ хуарз лæдæрунцæ, сæ Баба ци кадæ искодта, айдагъ муггагæн, гъæубæстæн нæ, фал æнæгъæнæ Иристонæн дæр, уой æма архайунцæ уой хузæн рæстуодæй æма кæдзосзæрдæй адæми ‘хсæн цæрунбæл.

* * *

Кæронбæттæни ба ма уой зæгъуйнаг ан, æма Хъалати бæгъатæр Семен кæд абони не ‘хсæн нæбал æй (æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1991 анзи), уæддæр æ рохс ном нæ дзиллæй иронх нæй. Бæгъатæр тугъдони æносон бунат иссæй Дзæуæгигъæуи Кади Аллейи, æма ин уоми æ циртбæл цалдæр анзей размæ æвæрд æрцудæй бюст. Къæйдорæй номерæн фæйнæг æвæрд æрцудæй, Дзæуæгигъæуи ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл дæр.

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта

БАЛИКЪОТИ Тотраз.