ТУГЪДОН-ТЕХНИКОН ДУЙНЕУОН ФОРУМ – ЦÆГАТ ИРИСТОНИ
Нури доги цæмæдесаг мадзæлттæй еу, Æхсæндуйнеуон æфсæддон-техникон форум «Æфсад», арæзт цæуй 2015 анзæй фæстæмæ. Уой ахедундзийнадæ ахсгиаг уомæн æй, æма уой фæрци бæлвурдæй æвдист цæуй нæ бæсти Гæрзефтонг тухти гъомусадæ, сæ кадæбæл син кадæ æфтауй, æнхæст кæнуй гъомбæладон ихæстæ дæр, уæдта лæггадæ кæнуй гъæуайкæнуйнади къабази паддзахæдти ‘хсæн бастдзийнæдтæ федар кæнуни сæрбæлтау.
Аци анзи форум 19-21 августи арæзт æрцæудзæнæй Цæгат Иристони. Уомæ цæттæ кæнуни фарстатæбæл æрæги дзубанди цудæй, нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Туйгъанти Ларисæ разамунд кæми лæвардта, еци сæрмагонд æмбурди.
Архайдтонцæ си æнхæстгæнæг хецауадзийнади, 58-аг æфсади æма æригон æфсæддонти регионалон штаби минæвæрттæ. Æмбурди куд бæлвурдгонд æрцудæй, уотемæй форум рацæудзæнæй 19-21 августи. Æ мадзæлттæ арæзт æрцæудзæнæнцæ Хъесай-фурти гъæунги Терки билгæрон.
Форуммæ æрбацæуæг адæмæн равдесдзæнæнцæ, тухи еугур структуритæ сæ архайди кæмæй пайда кæнунцæ, еци нуриккон техникæ. Республики цæргутæ æма иуазгутæн цæттæ кæнунцæ хеерхæфсæн программæ дæр.
– Махæн нæ ихæс æй, форум бæрзонд æмвæзадæбæл искæнун, еугур мадзæлттæ дæр гъæуама афойнадæбæл æма тæккæ хуæздæр хузи æнхæстгонд æрцæуонцæ. Гъæуама дзилли зæрдити етæ байзайуонцæ тæккæ æхцæуæндæр имисуйнæгтæй, – загъта Туйгъанти Ларисæ.