ТУХТОНÆГÆНÆГÆН – СУГЪЗÆРИЙНÆ АЙКÆ, ХУМÆТÆГ АДÆМÆН БА – УОТИД ХЪУÆДЕТ…
Æруагæс ни кæнуй, зундгонд уруссаг аргъау «Гъолон карк æма айкæ» ке зондзинайтæ, е. Фал уин æй уæддæр уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан.
Цæветтонгæ, еу зæронд лæг æма уосæн сæ карк разадæй айкæ – уой дæр хумæтæг айкæ нæ, фал – сугъзæрийнæ.
Цæмæдæр гæсгæ зæрæндти бафæндадтæй æ басæттун. Æма ’й лæг хуайунтæ байдæдта, фал ин æ басæттун нæ бантæстæй. Уæд æй уосæ дæр хуайунтæ байдæдта, фал уой бон дæр ин неци бацæй…
Уæдмæ дин кæцæйдæр фæззиндтæй мистæ, æ думæгæй айкæ расхуста пъолмæ. Æма ниппурхæ ’й.
Дууæ зæронди кæун байдæдтонцæ, сæ хæдзари цидæриддæр адтæй дзаумауæй, уæдта дуæрттæ æма къæрæзгитæ дæр искатай æнцæ. Уой рауингæй, карк сæ сабур кæнуй, зæрдитæ син æвæруй, нæуæгæй уин айкæ низзайдзæнæн…
Аци аргъау уомæ гæсгæ æримистан, æма, зæгъун æнгъезуй, махбæл дæр, Уæрæсей хумæтæг цæргутæбæл, еци дууæ зæрондей цау æрцудæй. Советон Цæдеси рæстæги нæмæ маргъдарæни кустадæ нæ бæсти гъæууон хæдзаради нимад цудæй тæккæ æнтæстгиндæр къабазæбæл. Уæдмæ советон цардарæзт фехалдæй, адæмон хæдзарадæ фæххæлæйфаг æй. Уотемæй маргъдарæн кустуæттæ дæр хецæн адæймæгути амæттаг бацæнцæ. Сæ нæуæг «хецæуттæ» бæргæ сомитæ кодтонцæ, гъома, маргъи фид æма æйкитæй хопъали уæнгæ уодзинайтæ. Фал… Аргъауи ци мисти кой цæуй, е дууæ зæрондей сæ айкæй куд фæффудевгед кодта, уотæ махбæл дæр сайд æрцудæй. Нæ, маргъ даруни кустуæттæ бунихæлд нæ фæцæнцæ, фал етæ иссæнцæ ке къохти ’нцæ, уонæн æгæрон пайдахæссæг, хумæтæг адæми уотемæй дæр æгудзæг есбестæй тухистгæнгæй. Маргъи фид дæр æма æйкитæ дæр бæргæ берæ ’нцæ, фал сæ аргъ ба, раст цума сугъзæрийнæй æнцæ, уотæ – еудадзуг ирæзунцæ æма ирæзунцæ. Уæрæсей статистикон управлени куд игъосун кæнуй, уотемæй маргъи айки аргъ аци анзи райдайæнæй фæхъхъазардæр æй 46 процентей бæрцæ, айдагъ ноябри – 15 процентей бæрцæ.
Еци æдзæсгондзийнадæ уоййасæбæл истингун кодта хумæтæг адæми æма сæ гъаст ракодтонцæ Уæрæсей Президент
Владимир Путинæн, æрæги уомæн ци пресс-конференци адтæй, уой рæстæг. Æма е дæр исарази æй, маргъи кустгæнгути еци зудæдзийнадæн кæрон искæнун ке гъæуй, уобæл.
Аци фарстай фæдбæл дзоргæй, Президент загъта:
– Хуæрзæрæги дзубанди кодтон Уæрæсей гъæууон хæдзаради министри хæццæ æма ’й бафарстон æйкити уавæри фæдбæл. Æма мин уой исхузæнон кæнунбæл куст цæуй æнæкъулумпийæй, зæгъгæ, ку загъта, уæд æй бафарстон, мадта уæд адæммæ ба уойбæрцæ фарстатæ кæцæй æвзуруй, айки аргъ 40 процентемæй фулдæр цæмæ гæсгæ фæхъхъазардæр æй, хецæн рауæнти ба никкидæр бæрзонддæрмæ дæр ма исхизтæй, уотæ карки фиди аргъ дæр.
Зондзинайтæ уой, æма, кæд бустæги зæрди фæндон нæ, уæддæр адæмæн се ’фтуйæгтæ фулдæргæнгæ цæунцæ, уони хæццæ ба ирæзуй кусти мизд дæр. Фал уæддæр берæ продукттæ уæлдай æхсицгæдæр гъæунцæ адæми. Уонæмæ хауй аслан уорсаг дæр. Æз мæхуæдæг дæр хъайлабæл æхцул дæн, мæ бон æ рæстæги адтæй сæумæй дæс айкей бæрцæ дæр бахуæрун…
Фал нур ци æрцудæй? Адæми гъæундзийнæдтæ фулдæр кæнунцæ, кустадон рауагъд ба, гъулæггагæн, нерæнгæ уæлдæр нæма кæнуй. Е дин фиццаг.
Дуккагæй. Афойнадæбæл нæ байархайдтан фæсарæнтæй æнæмæнгæ гъæугæ продукци бæрцæбæл ласуни куст банивæбæлдæр кæнунбæл. Зæгъæн, Турки хæццæ нæ экономикон бастдзийнæдтæ æма æмгустадæ хуарз уагæбæл æвæрд æй. Уотæ иннæ бæстити хæццæ дæр. Белоруси дæр цæттæ ’й айки продукцийæй Уæрæсе ефтонг кæнунмæ. Айдагъдæр гъæуй еци фарстатæмæ афойнадæбæл æргом фулдæр æздахун.
Уавæр исхузæнон кæнуни туххæй нæ унаффитæ хæстæгдæр рæстæги æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ æма декабри дуккаг æмбеси уавæр фæххуæздæр уодзæнæй. Æз мæ зæрдæ уобæл хъæбæр дарун.
Уомæ гæсгæ ба уи хатир корун, уæхæн сагъæссаг уавæр нæмæ ке исæвзурдæй, уой туххæй. Е комкоммæ хауй нæ хецауади архайдмæ. Афонæбæл ке нæ бакустонцæ айки продукци фæсарæнтæй ласунбæл, уоми ба ес айдагъдæр еунæг рæуагæ: гъавтонцæ (нæхе бæсти маргъи кустгæнгутæ – Ред.) сæхе продукцийæй фулдæр бакосун. Зæрдæ уин æвæрун, хæстæгдæр рæстæги уавæр цæхгæрмæ ке фæххуæздæр уодзæнæй, уомæй.
Президенти аци загъдмæ гæсгæ, ба ма нæ фæндуй цубурæй зæгъун, адæми, уоййасæбæл ка истингун кодта, еци уавæр цæмæн рауадæй, уой туххæй.
ПАДДЗАХАДОН ГЪУДДÆГУТÆ ÆНХÆСТ КÆНУНÆЙ ИХÆСГИН ГЪÆУАМА ДЗУАПП ДÆТТУНГЪОН УА…
Устур Фидибæстон тугъди рæстæг тæссаг уавæр ку исæвзурдæй артагæй ефтонггади, уæд, дан, Сталин еци фарстай фæдбæл æмбурди, уæд нæ бæсти разамундæй еци къабазæбæл бæрнон адæймагæн, Николай Байбаковæн байихæс кодта, цæмæй æвæстеуатæй хъæбæр цубур æмгъудмæ игонгонд æрцæуонцæ уал æма уал нефтцъирæни. Байбаков хъæбæр батухстæй æма Сталинæн загъта, гъома, уæхæн цубур рæстæгмæ уал нефтцъирæни байгонгæнæн неци хузи ес. Сталин еци æвæлмастæй загъта:
– Уодзæнæй нефть – уодзæнæй Байбаков, нæ уодзæнæй нефть – нæ уодзæнæй Байбаков…
Æма æмгъудæй раздæр нæуæг нефтцъирæнтæ игонгонд æрцудæнцæ Татарстани æма Башкирий – нисангонд бæрцæй еу фулдæр, уотемæй…
* * *
Сталин, дан, Гурдзий компартий Центрон Комитети фиццаг секретарь А.Мгеладзей хæццæ рацо-бацо кодта æ кунцеваг дачи аллейитæбæл æма ’й хинцта, уоми æ дзæхæрадони æхуæдæг ци лимонтæ æрзайун кодта, уонæй.
– Исахуадай си, атæ ами, Мæскуй дæлвæзи, æрзадæнцæ!..
Гъе уотæ сæ радзубандитæ-бадзубандити рæстæг цалдæр хатти иской кæнидæ:
– Исахуадæ си, хуарз лимонтæ ’нцæ!..
Уæдмæ ин æ еци дзубандий «æхсилкъæ» иуазæг дæр балæдæрдтæй.
– Æмбал Сталин, федарæй зæрдæ æвæрун: авд анземæ Гурдзи лимонтæй æнæгъæнæ бæстæ дæр исæнæмæтæ кæндзæнæй æма сæ фæсарæнтæй ласун нæбал гъæудзæнæй.
– Хуцауæй арази, ниггæмæрзæ ’й кодтай, – загъта Сталин…
Гъуди ма ’й кæндзинайтæ, хуæлци продуктти æргъти æрра ирæзтитæ фæстаг æнзти цалдæр хатти рауадæнцæ. Зæгъæн, 2021 анзи адæм агъазиау кезути лæудтæнцæ сауфагæбæл фæххуæст унбæл, 2022 анзи – сæкæрмæ, аци анз ба – æйкитæмæ. Уой фæдбæл уотæ кæд дзорунцæ, гъома, нæмæ æйкитæ балхæнунмæ фагæ нæййес, зæгъгæ, уæддæр е бустæги раст нæй. Кадæртæ еци нæхъæртондзийнæдтæ исаразунцæ уой фæрци фулдæр æхцатæ бакосуни фæндæй. Никки – товарон продукци куд фулдæр уагъд æма æлхæд цæуй, уотæ æ аргъ дæр бæрзонддæргæнгæ цæуй. Е кæд æдзæсгондзийнадæ нæй, уæд æй куд исхонæн ес? Уæдта еугæр бунæттон продукци нæ фагæ кæнуй, уæд æй æндæр бæститæй хъæртун кæнунбæл цæмæннæ байархайунцæ, гъуддаг ка гъæуама араза, етæ?..
Зæгъун гъæуй уой дæр, æма нæхъæртондзийнадæ барæй исаразунцæ уæйæгæнгутæ дæр. Æндæра аци анзи дæс мæйей дæргъи айки продукций рауагъд æцæгæй ба фæффулдæр æй 2,3 процентти – æ бæрцæ иссæй 31,74 миллиарди. Уæхæн ирæзт уодзæнæй анзи кæронмæ дæр.
Уой хæццæ ба лæдæрд уа гъæуама е дæр, æма Туркæй æйкитæ ласуни гъуддаг дæр æ къæхтæбæл уотæ тагъд не ’рлæудзæнæй. Уомæн рæстæг гъæуй. Цалинмæ еци гъуддаг искоса, уæдмæ, ка ’й зонуй, æргътæ фæстæмæ дæр ма ’рхаудзæнæнцæ. Фал алли хатт дæр Нæуæг анз æма Комуадзæни бæрæгбæнтти рæстæг уæйæгæнгутæ барæй исбæрзонд кæнунцæ æйкити æргътæ. Æма уотæ цæмæй ма уа, уомæн ести исаразæн ес?
Æвæдзи ес, æма уой фæдбæл ба бæлвурддæрæй дзордзинан, нæ газети фæстæдæр ци æрмæгутæ ниммухур кæнуйнаг ан, уонæми.
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ.