УӔРӔСЕЙӔН ЦӔГАТ ИРИСТОН ӔЙ АХСГИАГ РЕГИОН!..
Аци гъуди Уӕрӕсей экономикон райрӕзти министр Максим Решетников загъта, ӕрӕги сӕ Министради бӕрнон косгути хӕццӕ Цӕгат Иристони кустадон балций ку адтӕй, уӕд.
– Стратегион ӕгъдауӕй Уӕрӕсейӕн Цӕгат Иристон ахсгиаг регион ӕй. Фӕстаг ӕнзти республикӕ устур куст бакодта экономикон ирӕзти надбӕл, ирӕзунцӕ региони бюджети хе ӕфтуйӕггӕгтӕ, – баханхӕ кодта Максим Решетников ӕ радзубандий. – Идарддӕри ирӕзтӕн ес хуарз бундор – уой фӕрци республики социалон-экономикон ирӕзти зингӕ къахдзӕфтӕ ракӕнӕн ес. Федӕни анзи нисантӕбӕл ку дзорон, уӕд нӕ къохи бафтудӕй Цӕгат Кавкази регионтӕн уӕлӕнхасӕн финансон фӕрӕзнитӕ иснисан кӕнун.
Уӕрӕсей экономикон райрӕзти Министради делегаций ма адтӕнцӕ министри фиццаг хуӕдӕййевӕг Михаил Бабич, Министради структурон дӕлхайӕдти разамонгутӕ, акционерон ӕхсӕнадӕ «Курорты Северного Кавказа»-йи генералон директор Хасан Тимижев, акционерон ӕхсӕнадӕ «МСП Банк»-и правлений сӕрдари хуӕдӕййевӕг Арсан Демельханов ӕма иннетӕ.
Сӕ балций сӕйрагдӕр нисанеуӕг ба адтӕй нӕ республики социалон-экономикон уавӕри хӕццӕ бӕлвурддӕрӕй базонгӕ ун ӕма ӕ идарддӕри райрӕзти фарстатӕ ӕнтӕстгиндӕрӕй ӕнхӕст кӕнуни мадзӕлттӕ иснисан кӕнун.
Мӕскуйаг делегаций иуонгти размӕ нӕхе аэропорти рацудӕнцӕ ӕма син зӕрдиаг салам загътонцӕ нӕ республики Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеслав, Парламенти Сӕрдар Алексей Мачнев, Хецауади Сӕрдар Тускъати Таймораз, хецаудзийнади иннӕ бӕрнон косгутӕ. Фусунтӕ ӕма иуазгутӕ тӕккӕ фиццагидӕр бацудӕнцӕ Беслӕни фиццаг скъоламӕ. Уоми деденгутӕ исӕвардтонцӕ, еу минут ӕдзӕмӕй ралӕугӕй, иссирдтонцӕ, теракти ӕвудӕй ка бабун ӕй, еци адӕми рохс нӕмттӕ.
Уоми нӕ республики Хецауади Сӕрдари хуӕдӕййевӕг Иринӕ Азимова иуазгутӕн радзурдта террористон фудракӕнди амӕттӕгти номерӕн комплекси арӕзтади проекти туххӕй. Е кӕрӕй-кӕронмӕ ӕнхӕстгонд ӕрцӕудзӕнӕй 2021 анзи. Ӕ нисан ӕй, теракти фӕсте ци азгъунст байзадӕй, уой фӕффедардӕр кӕнун, уӕдта бунати музейон ӕма рохситауӕн кустӕн фадуӕттӕ исаразун.
Максим Решетников ӕма Битарти Вячеслав Рахесфарси райони администраций ци урух ӕмбурд исаразтонцӕ, уоми ӕрдзурдтонцӕ Цӕгат Иристони идарддӕри социалон-экономикон райрӕзти нисантӕбӕл. Ӕмбурди архайгутӕ сӕрмагонд ӕргом раздахтонцӕ Беслӕни ирӕзти генералон пълани уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнуни фарстамӕ.
Фембӕлди райдайӕни Битарти Вячеслав зӕрдиаг арфӕ ракодта федералон министради разамундӕн, республики социалон-экономикон ирӕзтмӕ устур ӕргом ке ’здахуй, уой туххӕй. Битари-фурти дзубандимӕ гӕсгӕ, республикӕ берӕ ахсгиаг нисантӕбӕл ӕмархайд кодта Цӕгат Кавкази гъуддӕгути фӕдбӕл министради хӕццӕ. Нур ба еци ӕмархайд раидарддӕр ӕй Уӕрӕсей Федераций экономикон ирӕзти Министради хӕццӕ.
– Республики экономикон гъомус федардӕр кӕнунӕн, адӕми царди уавӕртӕ фӕххуӕздӕр кӕнунӕн ци исаразун гъӕуй, еци нисантӕ нин бӕлвурд ӕнцӕ. Дузӕрдуг нӕ кӕнун, бӕсти разамунди рӕдау агъази фӕрци еци стратегион нисантӕ нӕ къохи ке бафтуйдзӕнӕнцӕ, уобӕл, – фӕббӕрӕг кодта Битарти Вячеслав.
Максим Решетников ӕ радзубандий куд фӕннисан кодта, уотемӕй фӕстаг ӕнзти республикӕ ӕвдесуй ирӕзти бӕрӕггӕнӕнтӕ, ӕма еци архайд фӕгъгъомусгиндӕр кӕнун гъӕуй.
Уой туххӕй ци нисангонд цӕуй, уонӕбӕл дзоргӕй Максим Решетников загъта:
– Фиццаги-фиццагдӕр, ӕргом здӕхт ӕрцӕудзӕнӕй туризми къабазӕмӕ. Зӕгъӕн, туристон-рекреацион комплекс «Мамисон»-и арӕзтадӕн хӕстӕгдӕр ӕртӕ анзей дӕргъи дехгонд ӕрцӕудзӕнӕй 6,4 миллиард сомей бӕрцӕ. Аци проект республики экономикӕн гъӕуама исуа идарддӕри размӕцуди бундортӕй еу, – загъта Максим Решетников.
Уой хӕццӕ, министри дзубандимӕ гӕсгӕ, ӕргом раздахун гъӕуй социалон къабази фарстатӕ лух кӕнунмӕ дӕр. Берӕ ахсгиаг гъуддӕгутӕ исаразун гъӕуй нурма ахуради, ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади, гъӕууон хӕдзаради, цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарадӕ ӕма иннӕ къабӕзти. Еци нисантӕбӕл кусти ахсгиаг бунат ес, Уӕрӕсей Федераций Хецауадӕ 2017 анзи 29 декабри Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий идарддӕри социалон-экономикон райрӕзтӕн ци сӕрмагонд мадзӕлтти программӕ исфедар кодта, уомӕн. Ӕмбурди архайгутӕ ӕркастӕнцӕ аци мадзӕлттӕ ӕнхӕст кӕнуни фӕткӕмӕ.
Ӕргом ӕздӕхт ӕрцудӕй республики иннӕ ахсгиаг проекттӕмӕ дӕр. Етӕ баст ӕнцӕ социалон инфраструктури объектти арӕзтадӕ ӕма райарӕзти фарстати хӕццӕ.
Цӕгат Иристони разамунди курдиадӕмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсей Федераций экономикон ирӕзти Министрадӕ еуӕй-еу ӕййивддзийнӕдтӕ бахаста ӕ 2980-аг унаффӕмӕ. Уой фӕрци теракти гъигӕдард баййафӕг адӕмӕн лӕвӕрд цӕудзӕнӕй уӕлӕнхасӕн паддзахадон медицинон лӕггӕдтӕ кӕнуни, социалон реабилитаци аразун ӕма ӕндӕр гъуддӕгути. Уомӕй уӕлдай, министради унаффӕй федаргонд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ Беслӕни идарддӕри социалон райрӕзти мадзӕлттӕ дӕр. Уотӕ, сӕрмагонд федералон субсидитӕ дехгонд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ Беслӕни нӕуӕг скъола, рӕвдауӕндонӕ, ӕригон техникти станцӕ ӕма ӕндӕр объектти арӕзтадӕн. Федералон бюджети агъази фӕрци арӕзт ӕрцӕудзӕнӕнцӕ 10 ахсгиаг социалон нисанеуӕгей объекти арӕзтадӕ ӕма райарӕзти проекттӕ.
Дзубандий кӕронбӕттӕни ма Максим Решетников куд фӕннисан кодта, уотемӕй, кӕд коронавируси пандеми еуӕй-еу къулумпитӕ ӕвзурун кӕнуй, уӕддӕр республикӕ ӕма еугур Цӕгат Кавкази райрӕзти ахсгиаг нисантӕбӕл лӕмбунӕг куст цӕудзӕнӕй.
***
Фӕстӕдӕр республикӕ ӕма экономикон ирӕзти Министради разамонгутӕ исфедар кодтонцӕ туристон-рекреацион комплекс «Мамисон»-и арӕзтади фӕдбӕл мадзӕлтти график. Уой фӕдбӕл сӕрмагонд бадзурди сӕ къохтӕ байвардтонцӕ Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеслав ӕма Уӕрӕсей Федераций экономикон ирӕзти министри фиццаг хуӕдӕййевӕг Михаил Бабич.
Максим Решетников ӕ радзубандий куд фӕббӕрӕг кодта, уотемӕй туризми къабази цӕмӕдессагдӕр проекттӕй еу ӕй «Мамисон».
– Аци ӕма иннӕ фарстатӕбӕл Цӕгат Кавкази ирӕзти корпораци ӕнгом ӕмгустадӕ кӕнуй республики разамунди хӕццӕ, – загъта федералон министр. – Нуртӕккӕ еугур хъауритӕй дӕр байархайун гъӕуй, цӕмӕй 2021-2023 ӕнзти федералон бюджети уӕлӕнхасӕн фӕрӕзнитӕ иснисан кӕнонцӕ «Мамисон»-и проект царди рауадзунӕн. Президент Владимир Путини амунддзийнадӕмӕ гӕсгӕ, курорти фиццаг къӕпхӕни арӕзтадӕн республикӕн радех кӕндзӕнӕнцӕ 6,4 миллиард соми. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ахсгиаг ӕй, цӕмӕй проектмӕ се ’ргом раздахонцӕ инвестортӕ дӕр. Федералон министри гъудимӕ гӕсгӕ, республикӕн еугур фадуӕттӕ дӕр ес, цӕмӕй си ӕнтӕстгинӕй ӕнхӕстгонд цӕуонцӕ, бӕсти разамунд ин ӕ размӕ ци нисантӕ ӕвӕруй, етӕ.
Республики разамунди хъӕппӕресбӕл дзоргӕй, Максим Решетников куд баханхӕ кодта, уотемӕй ӕргом здӕхт ӕрцӕудзӕнӕй гъӕууон хӕдзаради цӕмӕдессаг проекттӕмӕ дӕр.
Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг райарфӕ кодта федералон министради разамундӕн, «Мамисон» ӕма иннӕ республикон проекттӕмӕ лӕмбунӕг цӕстдард ке равдиста, уой туххӕй:
– Нур нӕ размӕ лӕууй бӕлвурд нисан – «Мамисон»-и проект царди рауадзун. Аци ӕма иннӕ фарстатӕбӕл идарддӕр дӕр ӕнгом ӕмгуст кӕндзинан акционерон ӕхсӕнадӕ «Курорты Северного Кавказа»-йи ӕма Уӕрӕсей Федераций экономикон ирӕзти Министради структурон дӕлхайӕдти хӕццӕ. Абони исфедар кодтан «Мамисон»-и арӕзтади проект. Еугур хъауритӕй дӕр байархайдзинан, цӕмӕй проект ӕнтӕстгинӕй ӕнхӕстгонд ӕрцӕуа.
Уӕрӕсей Федераций экономикон ирӕзти Министради бӕрнон косгути делегацийӕн ма Цӕгат Иристони адтӕй ӕндӕр фембӕлдтитӕ дӕр.
Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги ӕма Хецауади пресс-службӕ