01 майя 2024

«УАДЗÆ ÆМА НÆ ЕУМÆЙАГ БÆРÆГБОН НИН УÆД КАДГИН ÆМА ЗÆРДÆРАЙГÆ!..»

11.06.2021 | 19:42

Нæ республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей МЕНЯЙЛО Уæрæсей Бони фæдбæл арфæ кæнуй Цæгат Иристони цæргутæн дæр. Æ арфи нистауæни зæгъуй:

– Хъæбæр зæрдиагæй уин арфæ кæнун паддзахадон бæрæгбон – Уæрæсей Бони фæдбæл.

Мах райгурдан æма исирæзтан устур бæсти, æма уомæй сæрустур ан. Сæрустур ан нæ Фидибæсти кадгин историйæй, е ‘хсаргин уæлахезтæй, æнæгъæнæ дуйней кадгин ка ‘й, нæ еци искурдиадæгин æмбæстонтæй. Сæрустур ан нæ наукон æнтæстдзийнæдтæй, гъæздуг культурон æгъдæуттæ æма фæткитæй, алæмæттаг æрдзæй.

Уæрæсей Бон – е айдагъ уæлдай нимад бон нæй Райгурæн бæстæн уарзондзийнадæ æма æновуддзийнадæй батабедзæ кæнунæн, фал ма ‘й агайæг æ гъæздугдæр уни, экономикон æма социалон къабæзти позицитæ фæффедардæр кæнуни, паддзахæдти дуйнеуон æмæхсæнади медæгæ нимаддзийнадæ фæббæрзонддæр кæнуни сæрбæлтау пайдахæссæг архайдæн. Махæй алкедæр гъæуама лæдæра нæ Фидибæсти абони æма исонибони фæдбæл æ бæрнондзийнадæ, уомæн æма е æй нæ бæсти æнтæстгин размæцуди, сабур æма амондгун цардарæзти бундор.

Цæгат Иристони хæлар æма æмзæрдæ берæнацион бийнонтæн – нæ устур бæсти æнæбайсгæ хай – аци бæрæгбони бон иссæй еума хуæрзæвдесæн æма æруагæсгæнæг нæ республики карни Уæрæсей карни хæццæ æнæфæххецæндзийнадæн.

Уæрæсе баргинæй нимад цæуй тухгин дуйнеуон паддзахадæбæл, æма уой гъæздугдзийнади сæрбæлтау нæ бæсти еугур цæргутæ дæр цæттæ ‘нцæ æвæллайгæй фæллойнæ кæнунмæ, науки, аййевади, культури, спорти уæлдæр бæрзæндтæмæ исхъæртунмæ.

Уадзæ æма нæ еумæйаг бæрæгбон нин уæд кадгин æма зæрдæрайгæ æма ни алке бийнонтæмæ дæр бахæссæд нæ цитгин бæстæй сæрустурдзийнади æнкъарæн!