УАДЗÆ ÆМА НÆ КÆСТÆРТÆ ÆНÆНЕЗ УОНЦÆ!..
Гриппæй алли кари адæм дæр фæссæйгæ унцæ, уæлдай ахиддæр ба – сувæллæнттæ. Аци нез син æй тæссаг, уомæн æма расайуй уæззау фæстеугутæ. Уомæ гæсгæ гриппæй фæссæйгæ унмæ, уæдта си дзæбæх кæнунмæ кудфæндий цæстæй кæсæн нæййес, æма алли ниййерæг дæр гъæуама зона гриппæй исдзæбæх кæнуни æма не ’руадзуни мадзæлттæ.
Фиццагидæр, гъæуй лæдæрун, гриппæй адæймаг сæйгæ кæнуй, æнæ ходæй уазалмæ ке рацудæй кенæ ба æ къæхтæ ке ницъцъифæ кодта, уой туххæй нæ, – уæд исуазал уй. Фал, раст зæгъун гъæуй, æхе ку исуазал кæнуй, уæд ин гриппæй фæссæйгæ ун дæр исуй тæссагдæр, уомæн æма листæг тогдадзинттæ уазали æлхинцъитæ кæнун байдайунцæ, е ба лæгъузæрдæмæ ахедуй иммунитетбæл, кæнуй æй лæмæгъ.
Грипп расайæг æй вирус, хъæбæр тагъд ка хæлеу кæнуй æма æ хузтæ раййевæ-баййевæ кæмæн кæнунцæ, уæхæн. Алли анз дæр фæззиннуй гриппи нæуæг хузæ, æма æ алли хузи нихмæ дæр иммунитет федар уа, уомæн гæнæн нæййес. Анзи ескæци афонæ адæймаг гриппæй ку фæссæйгæ уа, уæддæр си дуккаг хатт фæссæйгæй æдас нæ уодзæнæй. Уомæ гæсгæ, гриппи нихмæ вакцинаци кæнгæ ’й алли анз дæр.
Гриппи эпидеми фæууй алли хатт дæр фæззигон-зумæгон афони. Пандемийæ ба æрцæуй, гъома, еугур дуйнебæл дæр нез рахæлеу уй 15-20 анземæ еу хатт.
Грипп адæймагбæл, уæлдайдæр сувæллонбæл, æнцонæй бахуæцуй – еуæй иннемæ бахъæртуй уæлдæфи. Сувæллони рази сæйгæ ку æрæхснирса, уæд е дæр фагæ ’й, цæмæй ибæл нез бацæфса, уомæн. Фал вирус парахатгæнгутæ ’нцæ, зæгъæн, цъумур къохтæ дæр. Вирус æхуæдæг уотæ тухгин нæй, æ рамарунмæ фагæ ’й къохтæ сапойнæй нихснун кенæ антисептикæй расæрфун, фал е – адæймаг хæдзари ку нæ уа, уæд. Мадта сувæллæнттæ ба домунцæ уæлдай цæстдард, уомæй уæлдай, сæ гъазæнтæ фæуунцæ еу, сæ бон æй, æма еу къосæй ниуазонцæ, æма еугур уони фудæй сæйгæ кæнунцæ ахиддæр.
– Сувæллон гриппæй ке фæссæйгæ ’й, е цæмæй бæрæг æй?
– Нез имæ ку бахъæртуй, уæд æхе уайтæкки нæ рабæрæг кæнуй, æма бал фиццаг дууæ-æртæ бони сувæллон æхе хуарз фенкъаруй. Фал вирус бауæри куд парахат кæнуй, уотæ сувæллонæн дæр æ уавæр лæгъуздæр кæнун райдайуй. Фиццаг бæнтти еци уавæр фæууй карз, бауæри тæвдæ уæлæмæ ниццæвуй æма 39-40 градусмæ исхъæртуй (уæлдайдæр, 5 анзей уæнгæ сувæллæнттæн). Сæйгæ уазал кæнун райдайуй, резæг ибæл бахуæцуй, бауæр, æстгутæ ресунцæ, сор хуфæг ибæл бацæфсуй, хъуртæ ресунцæ, фиййи дон фемæхсуй. Сæйгæн хуæруйнаг æгириддæр æ зæрдæ нæ фæззæгъуй, æ зæрдæ фæххæссуй. Вирус ци марггъæстæ бауæргъæдтæ рауадзуй, етæ ихалунцæ листæг дадзинттæ, æма уой фудæй фиййи тог кæлун райдайуй кенæ ба бауæр рафадуй. Еци марггъæстæ бауæргъæдтæ ахид ихалунцæ нервити системæ дæр, уой фудæй сæйгæ сувæллон æздухститæ кæнун æма сæнттæ цæгъдун райдайуй.
– Гриппæй сæйгæ сувæллони ниййергутæ ку нæ дзæбæх кæнонцæ, кенæ ба ’й раст ку нæ дзæбæх кæнонцæ, уæд е цæмæй тæссаг æй?
– Фиццагидæр, грипп тæссаг æй, фæстеугутæ ке расайуй, уомæй, уонæн сæ уæззаудæр æй пневмонийæ, уомæн æ тæссагдæр хузтæй ба еу – «геморрагическая», ке хонунцæ, вирусон еци пневмонийæ, хæлеу кæнуй хъæбæр тагъд æма ахид æркæнуй мæлуни цаутæмæ. Гриппи иннæ уæззау фæстеугутæ ’нцæ менингит, энцефалит, хæцъæфти нез – миозит, идарддæр – ринит, отит, синусит, бронхит æма æндæртæ.
– Ци хузи ес гриппæй сувæллони багъæуайгæнæн, уæдта циуавæр æнцæ нези профилактики мадзæлттæ?
– Вирусæй сувæллони нæййес бустæги багъæуай кæнун. Мадта сувæллони еудадзугдæр хецæнæй дарæ – уомæн дæр гæнæн нæййес. Уой бæсти еугур хъауритæ дæр исаразун гъæуй æ иммунитет ин фæффедар кæнунмæ, хуæрун ин кæнун, цæттæй ке уæйæ кæнунцæ, уæхæн хуæруйнæгтæ нæ, фал пайда ка уа, уæхæнттæ, дохтири амундæй ин витаминтæ æма минералон комплекстæ дæттун. Алли бон дæр сувæллон гъæуама гъаза кæдзос уæлдæфи уавæрти.
Эпидемий рæстæг гъæунцæ уæлæнхасæн гъæуайгæнæн мадзæлттæ – уат гъæуй уомæл æфснайд кæнун, уати къæрæзгитæ – ахиддæр игон кæнун, къохтæ – ахиддæр æхснун, æма, гриппи профилактики ахсгиагдæр фæрæзнæ вакцинаци ке æй, е уи иронх ма уæд. Тæккæ хуæздæр фæууй вакцинаци сентябри кенæ октябри кæнун, фал ин фæстæдæр искæнун дæр æнгъезуй. Æцæг вакцинаци кæнуни рæстæг сувæллон гъæуама уа æнæнез.
Еузагъдæй, уæхе дæр æма уæ сувæллæнтти дæр гъæуай кæнетæ æма æнæнез уотæ.
Медицинон профилактики республикон центр