УÆД – КАРЗ ТÆВДИТÆ, УÆД – УАРУНДЗАСТ…
Райдæдта август. Къæлиндармæ гæсгæ август фæстаг сæрдигон мæйæ æй, æма æгайтима уæддæр аци мæйи нæмæ сæрдæ æ тæмæни бацудæй. Уомæ гæсгæ ни алкедæр базонун фæндуй аци мæйи дæргъи нæмæ бонигъæдæ циуавæр уодзæнæй, уой.
Ахид августи республики хуæнхрæбун районти уæлдæфи температурæ фæууй 20-21 градуси, будуйрон районти ба – 24-25 градуси гъар. Ростови гидрометцентри рагацау бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, аци анз Цæгат Кавкази федералон зилди фæзуатбæл уæлдæфи температурæ уодзæнæй нормæмæ хæстæг. Æхсæвæ уæлдæфи температурæ æрхаудзæнæй гъари 15-21 градусмæ, бонæй ба температурæ исхездзæнæй 22-28 градусмæ (хецæн бæнтти – 30-35 градусмæ).
Цæстдарди берæанзон бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, тæккæ уазалдæр август адтæй 1984 анзи, еци дзамани уæлдæфи температурæ адтæй айдагъдæр 17 градуси гъар, тæккæ гъардæр август ба адтæй 2006 анзи (уæлдæфи рæстæмбес температурæ адтæй 25 градуси).
Августи хор бæнттæ æма уаргæ бæнттæ кæрæдзей ахид æййевдзæнæнцæ. Ахид августи мæйæмæ республики хуæнхрæбун районти рауаруй 84-90 мм, будуйрон районти ба – 35 мм. Аци анз дæр рауардзæнæй нормæмæ хæстæг. Ахид уодзæнæй карз уарунтæ, еуæй-еу рауæнти ба уодзæнæй ехи хæццæ уарунтæ.
Кæронбæттæни ба ма уой зæгъуйнаг ан, хæстæгдæр бæнтти бонигъæдæ циуавæр уодзæнæй. Сабати изæрæй еуæй-еу рауæнти уодзæнæй цубуррæстæгон уарунтæ, кæмидæрти ба карз думгити хæццæ. Уæлдæфи тæвдæ æхсæвæй уодзæнæй 16-21 градуси, бонæй ба 28-33 градуси.Иннæ дууæ бонеми ба уоййасæбæл уарунтæ нæ уодзæнæй. Уæлдæфи тæвдæ уодзæнæй 16-21 градуси æхсæвæ, бонигон ба 28-33 градуси.
Светланæ СУХОВА, синоптик.