УÆДÆЙ ФÆСТÆМÆ ИМÆ ДЗУРДТОН «ВАСО»…
Малити Васойæн уæлдай зæрдтагон адтæнцæ, æ фидæ Геуæргийæн хуæрзлимæн ка адтæй, еци адæймæгутæ. Уой туххæй финста æ имисуйнæгти. Кæнуй си нæ номдзуд ахургонд Абайти Васой кой дæр – федар æрдхуарддзийнадæй исфедудтонцæ се ’хсæн рахастдзийнæдтæ, фæстæдæр Абайти Васо дессаги зæрдæмæдзæугæ уац ниффинста Малити Геуæргий туххæй.
Абони ба мухур кæнæн Малити Васой имисуйнæгтæй еу скъуддзаг.
* * *
Мæхе лæдæрунгъон ку фæдтæн, уæдæй, сауæнгæ мæбæл дæс æма дууинсæй анзи ку исæнхæст æй, уæдмæ мæ фиди мæ фунти хъæбæр ахид уидтон. Фунтæ ба адтæнцæ æмхузæн: мæ фидæ дивил дзаумæутти, румпæг ке бахуардта, уæхæн скъудтæ бухар ходи фæззиннидæ. Неци дзурдта æгириддæр, цума адæмæй æ мæгур æма фецейæй æфсæрми кæнуй, уоййау-еу лæууидæ, сæргубурæй. Æз ин хъæбæр тæрегъæд кодтон, мæ зæрдæ ресун райдайидæ, æфсæрми кодтон æ мæгурхузæй. Еууæхæни мæ мадæ Зæрæдайæн радзурдтон мæ фунти хабар. Загъта мин:
– Уартæ (уотæ худта нæ фиди, æ ном ин некæд загъта, Геуæрги ка хундтæй иннæ адæмæй, уонæмæ дæр дзурдта æндæр нæмттæй, зæгъæн «Урусий биццеу», кенæ æндæр уæхæн ести), æвæдзи, мæрдти бæсти еунæг æй, æгæстæй æй гъудигæнæг нæййес, æма кæд æ зæрдæ ходуй…
Æз исфæндæ кодтон ме ’нæзонгæ фиди ном иссерун, кæндæ ин искæнун. Мæ хестæр æнсувæр Муратæн дæр фегъосун кодтон (Елхотти цæруй). Фингитæ искодтан, кæмæ æмбæлуй, уонæмæ фæдздзурдтан, рохсаг ин загътан. Уæдæй фæстæмæ мæ фиди мæ фуни некæдбал фæууидтон…
Æцæг ма байзадæнцæ имисуйнæгтæ…
Куд мин дзориуонцæ, уотемæй 1937 анзи октябри мæйдар æмбесæхсæви нин нæ дуар æрбахуастæй. Нæ фидæ Геуæрги дуар байгон кодта, къæсæрæй рахизтæй, æма уоййадæбæл æ хæдзарæмæ некæдбал раздахтæй. Нæ мадæ Зæрæда æ фæсте ракастæй æма фæууидта милиционерти дарæсти: æртæ лæги ’й тургъæй гъæунгæмæ фæккæнунцæ. Зæрæда ма фегъуста æ сæрихецауи фæстаг дзурдтæ:
– Некумæ ледзун, бауагътæ мæ, мæ дарæс раййевон.
– Неци дин уодзæнæй, уотæ уазал нæма ’й, – загътонцæ ин ахæсгутæ.
– Мадта ма уæддæр сувæллæнтти фæууинон, хуæрзбон син зæгъон…
Милици косгутæ ин ци загътонцæ, уой нæ мадæ нæбал фегъуста, тургъæй гъæунгæмæ рахизтæнцæ æма уайтæккæ иссудæй хуæдтолги мотори гъæр. Нæ мадæ дæр гъæунгæмæ ратахтæй æма кастæй машини фæсте. Еци сау хуæдтолги нæ фиди хæццæ фæлластонцæ нæ синхон æнахургонд лæг Дзалати Симони дæр. Синхæнттæй кадæр (æ ном мин кæддæр бæргæ загътонцæ загъта, фал ми байронх æй) гъузгæ æрбацудæй нæ размæ, фуртæссæй ризтæй, æхецæн фæттарстæй…
(Васо æ имисуйнæгти ма ракой кодта, еци æлгъистаг рæстæгути сæ гъæубæстæй æвудæй ка бастъалдæй уонæй цалдæрей кой).
Нæ фиди нин ку æрахæстонцæ, уæд æз адтæн мæ мади губуни. Æртæ мæйи ма ку рацудæй, уæд райгурдтæн. Мæ райгурди игурæн бони туххæй неци документтæ байзадæй. Нæхемæ куд дзурдтонцæ, уотемæй 1938 анзи феврали мæйи райгурдтæн. Фал мин еухатт мæ гъæуккаг зундгонд дохтир Базурати Бади (Владимир) радзурдта уæхæн хабар: ду, дан, ци ’хсæвæ райгурдтæ, еци ’хсæвæ рамардæй мæ хестæр æнсувæр. Е адтæй 1937 анзи 10 декабри. Бади мæнæй дзæвгарæ хестæр æй. Нæхемæ ку ’рбацудтæн, уæд нæ мадæн радзурдтон, ци си фегъустон, уой. Е загъта, Бади, дан, раст зæгъуй, ду ку райгурдтæ, Базурати сувæллони марди хабар дæр уæд райгъустæй.
Нæ фиди нин ку æрахæстонцæ, уæд нæ мадæбæл цудайдæ дæс æма инсæй анзи. Адтæй ин фондз сувæллони, æз ба – æхсæзæймаг, цардтæн ма æ губуни. Нæ хестæр хуæрæ Зæриатбæл уæд дæс анзи дæр нæма цудæй. Сувæллонæй сувæллони ’хсæн ба дугай æнзтæй фулдæр нæ адтæй. Куд фæззæгъунцæ: еу иннемæй минкъийдæр. Нæ мадæ æнай-æнойти содзгæ фуди бахаудтæй, дуйне ибæл куд никкалдæй, æ зæрди уедæгтæ куд æскъудæнцæ, уонити дзорун, æвæдзи, нæ гъæуй, алкедæр ин балæдæруниау æй æ уавæр. Æ цардæмбали ин цалинмæ æрахæстонцæ, уæдмæ, е некæми куста, уогæ ин косæн дæр куд адтæй, уойбæрцæ сувæллæнтти хæццæ. Фал ибæл мæгур бон ку искодта, уæд колхози косун райдæдта – мадта æ сувæллæнтти цæмæй дардтайдæ?
Нæ мадæ Зæрæда некæд неци дзурдта нæ фиди туххæй. Æз имæ еууæхæни æрхаттон (уæд студент адтæн), фарстон æй, нæ фидæ куд адтæй, ци адтæй, уонæбæлти.
Адæм æй берæ уарзтонцæ, дзурдта нæ мадæ, хонхæй нæ гъæумæ, Мостиздæхмæ, ка рацæуидæ, уæд е мах хæдзарæбæл некæд райеуварс кодта. Сахарæй имæ ахид цудæй иуазгутæ, ахургонд лæгтæ, Киристонгъæуæй ба велосипедбæл æрцæуидæ æригон лæхъуæн Хъазбегти Хъазбег.
Нæ хæдзари дууæ мæйей бæрцæ фæццардæй Абайти Васо. Нæ мади дзубандитæмæ гæсгæ, е адтæй бæрзонд, къæсхургомау, хуæрзконд адæймаг. Нæ фиди хæццæ хецæн уати сæхебæл дуар исæхгæниуонцæ æма берæ фæббадиуонцæ, цидæртæ финстонцæ.
Васо сæумæраги фестидæ, къохмæрзæн æ усхъæбæл багæлдзидæ, сапойнæ райсидæ æма æхе æхснунмæ цудæй Уорсдонмæ – нæ хæдзарæй еу-сæдæ метри идарддæр уадæй еци цæугæдон. Сувæллæнттæн ахид æлхæдта къанфеттæ. Цæугæ ку кодта, уæд æ дзиппæй æхца исиста, стъолбæл сæ ниввардта. Нæ фидæн е устур гъулæг адтæй, æхца райста, æма сæ Васой дзиппи туххæйти тъунсунмæ гъавта, фал ин Васо нæ састæй æма куддæр исхъурдохæн æнцæ.
– Мæ къæбæр дин уæйæ кæнун, æви мæ цæмæн æфхуæрис? – дзурдта нæ фидæ.
– Атæ мин командировкæн лæвæрд æнцæ, – дзурдта Васо, – æма ма сæ фæстæмæ куд хæссон…
Ци адтæй, куд адтæй, фал Васо æхцатæ фæстæмæ райсун нæбал бакумдта.
Васой фиццаг хатт фæууидтон 1957 анзи уалдзæги – уæд адтæн пединститути фиццаг къурси студент. Дзæуæгигъæуи бæрæгастæу Проспектбæл æрцæйцудтæн, Кирови номбæл (нури фæсевæдон) киунугæдони рази лæудтæнцæ цалдæр нæлгоймаги, сæ еу – бæрзондгомау, къæсхуртæарæзт – лæдзæгбæл рæуæг æнцойнæ кодта æ еу къохæй. Æз сæ рæзти куд æрцæйцудтæн, уотæ мæмæ уонæй кадæр фæдздзурдта – нæбал æй гъуди кæнун, ка адтæй. Бацудтæн сæ размæ, æма мæмæ ка фæдздзурдта, е, лæдзæг ке къохи адтæй, уомæн загъта:
– Васо, мæнæ дин а ба – Малити Геуæргий фурт.
Васо мæмæ æрбакъахдзæф кодта, æ уæгъдæ къох мин æнæдзоргæй мæ усхъæбæл æрæвардта, æхемæ мæ фæлмæн æрбалхъивта. Нæ зонун, фал мæнмæ уотæ фæккастæй, цума æ зæрдæ рахъурмæ ’й. Æрæгиау загъта:
– Хуыцауы рæстæй цы лæджы фесæфтой… Ды дæ ме ’мном?
Æз мæ сæр батилдтон. Васо е ’мбæлттæбæл æ цæстæ рахаста:
– А вы знаете, мой покойный друг Георгий завещал, чтобы его младшего сына в честь нашей дружбы назвали моим именем… Еу гъуддаг нæ мадæ дзоридæ: ГУЛАГ-æй нæ фидæ ци финстæг исæрвиста, уоми фæдзахста, кæд, дан, нин биццеу райгура, уæд ибæл исæвæретæ ном «Васили».
Нур ма еу хабар. Васой хæццæ ка лæудтæй æма мæмæ ка фæдздзурдта, е мæнмæ цæмæдæр гæсгæ Хачирти Æнзори хузæн кастæй – бæрзонд, бæзæрхуг, хуæрзконд нæлгоймаг. Аци æрмæг ку финстон, уæд Æнзормæ телефонæй бадзурдтон, атæ æма уотæ, ду, зæгъун, нæ лæудтæ уæд Васой хæццæ, ду мæмæ нæ фæдздзурдтай? Æнзор ниссагъæси ’й, уæдта загъта, нæ, æз, дан, нæ адтайнæ, еци рæстæги Васой хæццæ нæма исæмбалдтæн… Уобæл цæйбæрцæ рæстæг рацудæй, магъа, фал мин еууæхæни Æнзор загъта, Васой хæццæ, дан, нæмæ дзубанди рауадæй, дæу æ номæй ке ’схудтонцæ, уой туххæй.
Васо Мæскуйæй ку иссæуидæ, уæд æнæмæнгæ фембæлинæ æ хæццæ. Финсгути Цæдеси сæрдарæй ку кустон, уæддæр æй дууæ-æртæ хатти æрбахудтон финсгути хæццæ фембæлдтитæ. Дзурдтон имæ «Василий Иванович». Æма мин еууæхæни, æ лæдзæгæй зæнхæ æрцæвгæй, загъта:
– Ма кæ, науæд дæ æз дæр Василий Георгиевич хонын райдайдзынæн…
Уæдæй фæстæмæ имæ дзурдтон «Васо».
Еухатт имæ, финсгути хæццæ фембæлди фæсте, мæхе бахаттон:
– Васо, Ксеняй (æ бийнойнаг) хæццæ нæхемæ ку исаккаг кæнисæ… Васо æ лæдзæгбæл æрæнцойнæ кодта æ галеу къохæй, уæдта загъта:
– Берæ хонгутæ мæ фæууй, фал некæмæ цæун, æма мæбæл сæ зæрдæ ходуй, уæлдайдæр ба мæ хæстæгутæн… Но не посетить дом моего покойного друга Георгия я не могу… Æ бийнойнаг Ксеняй бафарстон, ке хæццæ ин æнцондæр уодзæнæй фингæбæл бадун, зæгъгæ, æма мин е уотæ: æнæмæнгæ Тахъазти Харуми æрбахонæ, уæдта дæ де ’мбæлттæй ке фæндуй, уони – Æхсари, Камали…
Иуазгутæ нæ хæдзарæмæ ку æрбацудæнцæ, уæд мæ кадæр рафарста, сувæллæнттæ кæми ’нцæ, зæгъгæ. Мæ хуæрæмæ сæ рарвистон, зæгъун, цæмæй хæлхъой ма кæнонцæ, æма Васо уотæ:
– Уый та дын цы ныхас у, æз тынгдæр уыдон фенынмæ æрбацыдтæн…
Фингæбæл ку исбадтан, уæд Васо загъта:
– Я предлагаю этот вечер посвятить памяти Георгия.
Æма ин е ’мдзæвгитæ дзорун райдæдта…