04 октября 2024

УÆХÆН ÆЙ СÆ КАРНÆ – ФИДИБÆСТИ УÆЛАРВОН ИТИГЪДАДÆ ГЪÆУАЙ КÆНУН!..

19.08.2023 | 16:02

Дзусати Ибрагим (галеуæрдигæй) æма Александр Покрышкин (рахесæрдигæй). 1974 анз.

Уæрæсей еугур рауæнти дæр æрæги,12 августи бæрæггонд æрцудæй нæ бæсти Æфсæддон-уæлдæфон тухти Бон. Аци бон хумæтæги æвзурст не ‘рцудæй. Цæветтонгæ, еуæндæс æма фондзинсæй анзей размæ (1912 анзи 12 августи) Уæрæсей уæди гъæуайкæнуйнади министради бардзурдæй  паддзахади Гæрзефтонг тухти Генералон штаби сæйраг управлений фæззиндтæй нæуæг хайадæ – Уæлдæфон  тæхгути къуар. Еци историон цауæн аккаг аргъ кæнгæй, 2006 анзи 31 майи Уæрæсей Президент рауагъта сæрмагонд Указ, цæмæй куд паддзахадон бæрæгбон, уотæ алли анз дæр 12 августи  бæрæггонд цæуа Уæрæсей Федераций Æфсæддон-уæлдæфон тухти Бон. Уæхæн нимайундзийнадæ ба æй, нæ Фидибæстон Гæрзефтонг Тухти аци къабазæн æма, рæстуодæй си ка ‘нхæст кæнуй е ‘фсæддон ихæстæ, уонæн æма сæ хъазауатон фæллойнæн цæйбæрцæбæл агъазиау аргъгонд цæуй, уомæн ирд æвдесæн.

Æма абони цубурæй зæгъуйнаг ан, нæ бæсти æфсæддон авиаций анзфинсти намусгин æма зæрдæбæлдаруйнаг цаути, уæдтæ нæ намусгин æфсæддон тæхгутæй кедæрти туххæй.

Æгæрон берæ дæнцитæ æрхæссун æнгъезуй, нæ Фидибæсти сæрбæлтау нæ тæхгутæ бæгъатæр æскъуæлхтдзийнæдти туххæй, уой хæццæ ба сæ хъазауатон архайди син агъæзгæнæг ци хумæтæг  косгутæ адтæнцæ, етæ  куд нæ аурстонцæ сæ хъауритæбæл, куд фæразтонцæ цийфæнди уæззау фæлварæнтæ æма зиндзийнæдтæн дæр, цæмæй, нæ Райгурæн бæсти сæрмæ  уæлæрвтæ  знаги хъæрццигъатæй ка гъæуай кодта, уонæмæ уа хуарз тохæнгарз, цæмæй нæ хуæдтæхгутæ иннетæй цауддæр нæ, фал зингæ хуæздæр уонцæ. Нæ фидибæстон авиаций карни райдайæни нæмæ адтæй хуæрзхумæтæг хуæдтæхгутæ, сæ еуæй-еуети хæйттæ гъæдæй конд кæмæн адтæнцæ, сауæнгæ уæхæнттæ дæр. Фал, куд фæстæдæр, уотæ кодтонцæ хуæздæрæй-хуæздæр, сæ гæнæнтæ æма равгитæ, сæ хъаурæ, сæ тухæ цæйбæрцæбæл исхузæнондæр æй, уой ба син сæхебæл бавзурстонцæ сæ нихмæлæугутæ Корейи, Вьетнами, Египети, Афганистани, Сири æма æндæр бæсти уæлæрвти тугъдтити рæстæги.

Устур Фидибæстон тугъди æнзти нæ Æфсæддон-уæлдæфон тухтæ намусгинæй  исæнхæст кодтонцæ сæ ихæс Райгурæн бæсти размæ. Гæрзефтонг тухти иннæ хузти хæццæ æмхъаурæй архайдтонцæ тæккæ карздæр, тæккæ агъазиаудæр тугъдтити. 2271 тæхæги иссæнцæ Советон Цæдеси Бæгъатæртæ, уонæй 65 – дууæ хатти. Дууæ тæхæгемæн – Александр Покрышкин æма Иван Кожедубæн ба еци кадгин ном лæвæрд æрцудæй æртæ хатти.

Мах, Иристони дзиллæ, уæлдай сæрустур ан уомæй, æма не ‘мзæнхонтæй берети нæмттæ æма се ‘скъуæлхтдзийнæдтæ сугъзæрийнæ дамугъатæй финст æрцудæнцæ Советон Цæдеси, уæдта Уæрæсей Федераций Æфсæддон-уæлдæфон тухти анзфинсти, зингæ æвæрæн бахастонцæ сæ райрæзти гъуддагмæ. Иристон сауæнгæ ма евгъуд æноси 30-аг æнзти «тæхæг республикæ» дæр худтонцæ.

Фиццаг иристойнаг тæхæг иссæй дзæуæгигъæуккаг, Мюнхени аййевæдти академий рауагъдон Артем Кациан. Профессион тæхæги диплом Кациан райста Мюнхени аэроклуби 1908 анзи (уæрæсейаг тæхгути фиццæгти хæццæ…) Æвдиста æ арæхстдзийнадæ Европи бæстити. 1911 анзи 4 сентябри ба истахтæй уæларвмæ æ райгурæн Дзæуæгигъæуи дæр – æ хуæдтæхæгæй уæлдæфмæ истахтæй кадетти корпуси рази фæзуатæй.

Устур Фидибæстон тугъди сæхе хъæбæр дæсни æма æхсаргин тæхгутæй равдистонцæ иристойнæгтæ – Абайти Михал, Æгкацати Мæхæмæт, Залман Аксельрод, Баймæтати Бимболат, Баскати Хасанбег, Беккузарти Александр, Бедойти Дзамболат, Базрати Махар, Юрий Боровиков, Бритъати Барис, Евгения Гламаздина, Гуриати Урусбий, Гусати Владимир, Джигкайти Ефим, Датити Дати, Николай Дюнов, Даурати Илитæ, Дзгойти Азæмæтджери, Зæнгиати Владимир, Хъанухъуати Хазби, Любовь Кондратенко, Хъалабегти Батæрбег, Хъантети Константин, Сергей Мартиросов, Милдзихти Мæдинæ, Герман Макеев, Цъебойти Ибрагим, Кифар Черкасов, Хетæгкати Ахмет, Хосроти Геуæрги æма иннетæ.

Иристойнаг тæхгутæй инсæй иссæнцæ Советон Цæдеси Бæгъатæртæ: Павел Берестнев, Бицати Сергей, Александр Бондарь, Дзусати Ибрагим, Александр Карасев, Хъарати Александр, Кобилти Сергей, Василий Коняхин, Юрий Бунимович, Гаджити Александр, Григорий Пасынков, Цоколати Геннадий, Николай Соболев, Цуцити Василий, Александр Юльев, Иван Валухов, Илья Котов, Петр Остапенко, Остъати Алексей, уой хæццæ ба ма нæ тæхгутæй фараст æвдист æрцудæнцæ, цæмæй син лæвæрд æрцудайдæ Советон Цæдеси Бæгъатæри ном, фал цæмæдæр гæсгæ еци арфиаг гъуддаг нæ фæррæстмæ ‘й.

Иристойнаг тæхгутæй еци кадгин ном фиццаг равардтонцæ Остъати Егори фурт Алексейæн – 1940 анзи 21 мартъий. Устур Фидибæстон тугъди ба Советон Цæдеси Бæгъатæри ном нæ тæхгутæй фиццагидæр лæвæрд æрцудæй Цоколати Дмитрийи фурт Геннадийæн.

Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-майор Дзусати Ибрагим айдагъ дæсни æма бæгъатæр тæхæг нæ адтæй, фал ма искурдиадæгин тугъдон раздзæуæг. Тугъди рæстæг разамунд кæмæн лæвардта, еци дæрæнгæнæг 45-аг авиацион полкки исгъомбæл кодта цалдæр зунгдгонд æфсæддон тæхæги, уонæй уæлдай игъустгонд иссæй Советон Цæдеси æртæ хатти Бæгъатæр Александр Покрышкин.

Авиаций кой кæнгæй, æдæрсгæ адæймæгути тохæнгарз хонунцæ уæлдæфон таран – æндæр гæнæн ин ку нæбал фæууй, уæд тæхæг æ хуæдтæхæгæй знаги хуæдтæхæг ку исцæвуй æма ’й уотемæй зæнхæмæ ку ‘ргæлдзуй, уæд.  Уотæ дæр рауайуй, æма таран исаразæг тæхæг æхуæдæг дæр нæбал фæййервæзуй. Не ’мзæнхон тæхгутæй уæхæн таран искодтонцæ лейтенант Хетæгкати Петр 1941 анзи 4 июли сахар Ясси сæрмæ уæлдæфи, уæдта Датити Дати 1942 анзи 30 сентябри. Æдеугурæй ба тугъди рæстæг тохи еци фæрæзнæй нæ фидибæстон тæхгутæ испайда кодтонцæ 500 хатти. Капитан Николай Гастеллой бафæнзтонцæ 350  хуæдтæхæгей экипажтæ, уони  ‘хсæн адтæнцæ гвардий старшина Акъоти Лазæр, Ил-2-йи æхсæг-радист, æма æ командæгæнæг, майор В. Жабинский. 1945 анзи 15 феврали сахар Кенигсберги сæрмæ сæ хуæдтæхæг иссугъдæй. Æма ‘й уæд бæгъатæртæ исаразтонцæ, знаги танкитæ æма æфсæддонтæ кæми æрæмбурд æнцæ, уордæмæ. Капитан Дзанайти Иван, Ил-2-йи экипажи командæгæнæг, 1945 анзи 17 мартъий Венгрий сахар Секешфехервари сæрмæ, æхуæдæг дæр ку фæццæф æй æма хуæдтæхæг дæр  хъæбæр гъигæдард ку баййафта, уæд бардзурд равардта е ‘хсæг-радистæн, цæмæй е парашюти хæццæ рагæпп кодтайдæ хуæдтæхæгæй, кæций æхуæдæг ба, знаги танкитæ æма æндæр техникæ кæми адтæнцæ, уордæмæ исаразта.

Мадта Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр Сергей Грицевеци дессаг æскъуæлхтдзийнадæ ка бафæнзта, уони хæццæ адтæнцæ иристойнаг тæхгутæ дæр. Лейтенант Слонати Алибег 1941 анзи августи Ленинградмæ хæстæг æрбадун кодта æ хуæдтæхæг И-153.  Уоми уой размæ, æ хуæдтæхæг зингæ гъигæдард ке ‘рцудæй, уомæ гæсгæ æрбадтæй е ’мбал, Советон Цæдеси Бæгъатæр Николай Свиненко. Алибеги хуæдтæхæги адтæй айдагъдæр еунæг бунат – æхецæн. Фал уæддæр исæскъафта Николайи æма ‘й хуæдтæхæги  базурбæл бахъæртун кодта Петергофи аэродроммæ. Немуц уæд бæргæ гъавтонцæ советон тæхæги уацари райсунмæ, фал Слонай-фурт ци æнæфæууинд гъуддаг райаразта, е сæ уоййасæбæл фæкъкъех кодта, æма хæлеугъæлæсæй райзадæнцæ.

Иннæ уæхæн – Хъантети Константин. 1942 анзи 8 майи Хъирими Хаджибейи аэродромбæл немуцаг танкитæ æрхъола ‘нцæ, уотемæй имæ батахтæй, æрбадтæй æма æ хуæдтæхæги базурбæл  хестæр лейтенант В. Виноградови æма техник лейтенант А. Опарини раласта Керчмæ.

Лейтенант Цхурбати Харитон 1943 анзи 12 мартъий знаги, куд фæззæгъунцæ, тæккæ фиййи бунæй раласта цæф хуæдтæхæгбæл æ тугъдон æмбал Анкудинови.

Тугъди фæсте æнзти цæхгæр фæнуриккондæр æнцæ нæ  Æфсæддон-уæлдæфон тухти æма Уæлдæфон флоти гæнæнтæ æма равгитæ. Нуртæккæ си ес, цийфæнди рæстæги дæр ка тæхуй æма цæстæ кæбæл нæ хуæцуй, уæхæн хуæдтæхгути хузтæ – Су-27, Су-35, Миг-29, Су-57, Су-24, Ту-160, Су-34, вертолеттæ Ми-24, Ка-50, Ка-52, Ми-28Н, Ми-26 æма æндæртæ.

Сабур царди рæстæг Æфсæддон-уæлдæфон тухти службæ кодтонцæ иристойнаг лæхъуæнтæ, инæлартæ Къаболати Солтан, Бейдоти Руслан, болкъонтæ Азиати Александр, Цæруати  Аслан, майортæ Козурти Руслан, Кочити Тимур æма берæ æндæр.

Абони дæр не ’мзæнхонтæ æнхæст кæнунцæ се ‘фсæддон ихæс сæрмагонд æфсæддон операций, æртемæй иссæнцæ Уæрæсей Бæгъатæртæ: Виктор Васенков – тæхæг-фæлварæг, æфсæддон-интернационалист, Максим Стефанов – тæхæг-фæлварæг, Сирий æфсæддон операций архайæг, Датити Алан – тæхæг-дæрæнгæнæг, архайта Сирий тугъдон операций дæр.

Фæрниати Олег – Ми-28Н «Æхсæви цауæйнон»-и штурман-оператор, сæрмагонд æфсæддон операций архайæг, хуарзæнхæгонд æрцудæй Лæгдзийнади орденæй (æ фæсмæрдæ), æ кезуй балций рæстæг знагæн берæ зæрантæ исаразгæй…

Цæгат Иристони ветеранти Совет зæрдиаг арфæ кæнуй, абони  Уæрæсей Æфсæддон-уæлдæфон тухти рæнгъити нæ республикæй абони е ‘фсæддон ихæстæ ка ‘нхæст кæнуй, уонæн сæ бæрæгбони фæдбæл. Етæ абони нæ Райгурæн бæсти уæлæрвти æдасдзийнадæ къæрцгъосæй гъæуай кæнунцæ, цæмæй нæ зæнхæбæл цард ивула æнæмаст æма æнæгъигæдардæй. Æма си уомæй арфиаг ан,  нæ зæрдæ син зæгъуй, цæмæй уонцæ сæрæгас æма æнæнез, сæ хеуæнтти хæццæ сæ цардиуагæ уа зæрдигъæлдзæг æма фæрнæйдзаг, сæ карни хабæрттæ æнтæстгинæй аразонцæ!..

ФРИАТИ Хъазбег, Цæгат Иристони ветеранти Совети сæрдар