26 июля 2024

УÆХЕ ГЪÆУАЙ КÆНЕТÆ!..

12.08.2023 | 16:50

Бонигъæди нури æнахъæл тæвдити рæстæг тæссаг æй уæззау инфекцион незтæй фæссæйгæ унæй. Уæлдайдæр ба тъæнгти незтæ – губуни тиф, паратифтæ, губуннез (дизентерия), халерæ æма иннетæ.  Уонæй хе  багъæуайгæнæн ес, санитарон мадзæлттæ æма гигиени хумæтæг домæнтæ æнхæст кæнгæй. Сувæллæнттæбæл тъæнгти нез ахид бацæфсуй, алцидæр сæ гъæлæсмæ ке есунцæ, уой туххæй. Уотемæй хæлеу кæнунцæ тъæнгти инфекцитæ.

Еуæй-еу хуæруйнæгтæ, зæгъæн, аллихузон салаттæ, паштеттæ, фарш уæлдай хуарз æнцæ микробтæ парахат кæнунæн. Уæхæн хуæруйнæгтæн уазалгæнæни дæр берæ дарæн нæййес. Губуннез æма тъæнгти æндæр незтæ ахид бацæфсунцæ цъумур рæзæ æма халсартæй. Уæлдай тæссагдæр æй хуæргæнасæй, пъамидорæй, фæткъу, æндæр рæзæ æма халсартæй, уомæн æма сæ тæвдæ дони нæ фехснунцæ.

Тъæнгти незтæ фæззиннунцæ хом æхсир ниуазуни фудæй, сауæнгæ дони фудæй дæр. Уаруни æма æндæр цъумур дæнттæ ахид бахаунцæ, æ сæр хуарз æхгæд кæмæн не ‘рцудæй, уæхæн донуæттæмæ, кенæ хуарз арæзт ка не ‘рцудæй, уæхæн цъайтæмæ.

Инфекци парахатгæнгутæ ‘нцæ биндзитæ дæр. Карз инфекцион тъæнгти незтæй адæм ахиддæр сæйгæ кæнунцæ сæрдигон. Уонæй багъæуай кæнуни мадзæлттæ ‘нцæ хумæтæг, фал зæрдæбæлдаруйнаг:

– фиццагидæр, къохтæ алкæддæр гъæуама уонцæ кæдзос, æхснун сæ гъæуй хуæрди размæ, хуæруйнаг кæнун райдайуни размæ, сувæллонæн хуæруйнаг даруни размæ, иуазæгдонæй алли рацуди фæсте дæр;

– халсартæ, рæзæ, гагарæзæ хуæрун æнгъезуй, цалдæр донеми сæ ку нихснайтæ, уæдта сæбæл фицгæ дон ку рауадзайтæ, айдагъдæр уой фæсте;

– æ сæр игон кæмæн æй, уæдта, æ уавæр зæрдæдзоргæ кæмæн æй, уæхæн донуат кенæ цъайæй ниуазуни дон гъæуй фицун;

– æхсир дæр гъæуй фицун;

– кæми цæретæ, еци бунати кæдзосдзийнадæ гъæуай кæнетæ;

– биндзæ хæдзарæмæ ма уадзетæ, хуæруйнæгтæ гъæуай кæнетæ, биндзæ сæбæл куд не ‘рбада, уотæ;

– губуннез минкъийдæр бафеппайгæй, дохтирмæ батагъд кæнетæ, адæймаг æхуæдæг æхе дзæбæх кæнун райдайа, уомæн æруадзæн нæййес.

Аци хумæтæг амундтитæ æнхæст кæнгæй, тъæнгти инфекцийæй уæхе багъæуай кæндзинайтæ.