07 декабря 2024

УÆРÆСЕ БАГЪÆУАЙ КÆНУНИ, БАРАДÆ ÆМА ÆНÆГЪÆНÆДЗИЙНАДИ СÆРБÆЛТАУ

23.09.2022 | 15:20

Уæрæсей Президент Владимир Путин бафинста Указ бæсти хайгай мобилизаци искæнуни туххæй. Бæсти Хецауадæ æма Гъæуайкæнуйнади министрадæн байхæс кодта цубур æмгъудмæ бархеуонти æма Донецкаг хуæдæфсади барадон статус исбæрæг кæнун – гъæуама син е уа уæрæсейаг тугъдон службæгæнгути хузæн. Аци мадзали фæдбæл Президент уотæ загъта:

– Уæрæсе багъæуай кæнун, æ хуæдбарæдзийнадæ æма æнæгъæнæдзийнадæ нæ абони тæккæ ахсгиагдæрбæл нимайгæй, хайгай  мобилизаци искæнуни фæндон нимайун растбæл. Уой туххæй Указ бафинстон. Тугъдон службæмæ фæдздзордзæнæнцæ Гæрзефтонг тухти службæ ка кодта, запаси ка ’й, æфсæддон фæлтæрддзийнадæ кæмæ ес, уонæмæ. Президент куд баханхæ кодта, уотемæй нæмæ ядерон хуæцæнгарзæй ка æвзедуй, уони нихмæ еугур гæнæнтæй дæр испайда кæндзинан.