12 декабря 2024

«УÆРÆСЕЙ ПАДДЗÆХТÆ АЛКÆДДÆР АДТÆНЦÆ СÆРЕБАРÆГÆНГУТÆ…»

16.03.2024 | 20:23

УÆРÆСЕ АЛКÆДДÆР АДТÆЙ СÆРЕБАРÆГÆНÆГ

Уæрæсей фудкойгæнгутæн сæ æримисгæ дзæнгæдатæй еу е æй, æма нин нæ Фидибæстæ дæр æма æ разамунди дæр хонунцæ тухæй бурсгутæ, æндæр паддзахæдтæ сæ дæлбарæ бакæнунмæ гъавгутæ. Уони уæхæн фудзунддзийнади фæдбæл Владимир Путин æрæги æ аллианзон Нистауæни уотæ загъта: «Уæрæсе Европæмæ бампурсун, дан, гъавуй, уой туххæй сæнттæ цæгъдунцæ. Сæхуæдтæ ба нæ фæзуæттæбæл агорунцæ нисантæ, цæмæй сæбæл æргæлдзонцæ рæмодзæнтæ. Æнæ  тухгин Уæрæсейæй дуйней сабур цардæн уæн нæййес!..»

Æма æцæгæйдæр уотæ ке ’й, æма Уæрæсей разамонгутæ алли рæстæгути дæр кæмæдæр тухæй лæборгутæ нæ, фал дуйней берæ адæмихæттитæн сæребарæгæнæг адтæнцæ, уомæн сауæнгæ бæлвурд историон æвдесæнтæ дæр æрхæссæн ес.

Уруссаг адæм арфæ кæнунцæ император Александр Дуккагæн. 1861 анз. Къарæ ист æй социалон хизæгтæй.

Нæ фидибæстон историй 3 мартъи бæрæг даруй æ уæлдай нисанеуæгдзийнадæй. Еци бон 1861 анзи император Александр II (цæмæй уæрæсейаг паддзæхти нимæдзон лæдæрддæр уа, уомæ гæсгæ сæ идарддæр амондзинан дзурдтæй – Ред.) бафинста хъазайрагон барæ (крепостное право) раййевуни туххæй Манифест, кæций фæрци зæнхкосгутæ сæ цагъарæй уæгъдæгонд гъæуама æрцудайуонцæ. Зæгъун æнгъезуй, æма еци Манифести фæсте Уæрæсей цардарæзти еу инней фæдбæл цæун райдæдтонцæ æ размæцудæн агъазгæнæг агъазиау нæуæгдзийнæдтæ.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма ма 3 мартъий мæ ’рцудæй еума цау дæр, кæци цæхгæр æййивддзийнæдтæ бахаста айдагъ Уæрæсей нæ, фал Европи æма сауæнгæ æнæгъæнæ дуйней къартæ æма цардарæзтмæ дæр.

Уæрæсей æрцæуæг уæхæн цæмæдесаг цаути туххæй, уæдта цæйбæрцæбæл фæббæрæг æй Уæрæсей ахедундзийнадæ дуйнеуон уавæртæбæл, уой фæдбæл æй нæ абони дзубанди историк æма литератор, Уæрæсей Генералон прокурори раздæри хуæдæййевæг, Уæрæсей наукити Академий паддзахадæ æма баради Институти директори хуæдæййевæг, Уæрæсей æскъуæлхт юрист Александр Звягинцеви хæццæ.

– Александр Григорийи фурт, «гъæддаг Нигулæн», зæгъгæ, ци бæститæ хонунцæ, уонæми еудадзугдæр архайунцæ Уæрæсе æма æ разамонгути, куд тæссаг тухæйесгутæ, уæхæн хузи æвдесунбæл. Фал хъæбæр хуарз зундгонд ку æй, адæм ба, саунгæ еци бæстити дæр, зæгъæн, Александр Дуккаги дæр уарзонæй исхудтонцæ «Сæребарæгæнæг», æма адæми уотæ æнцонтæй нæ расайдзæнæ…

– Александр Дуккаг æцæгæйдæр историй байзадæй, куд паддзах-сæребарæгæнæг, зæгъгæ, уæхæн номи хæццæ. 1861 анзи 3 мартъий (зæронд нимадмæ гæсгæ – 19 феврали) Александр Дуккаг бафинста сæрмагонд Манифест «О всемилостивейшем даровании крепостным людям прав состояния свободных сельских обывателей», уой хæццæ ба ма зæнхкосгути туххæй Уагæвæрд, кæцими адтæй æвддæс закъондæттæг акти. Зæнхкосгутæн лæвæрд цудæй хе сæребарадæ, сæ бон адтæй сæ есбойнадæй сæхе фæндон пайда кæнун.

Император Александр Дуккаг Уæрæсей сæргъи ци рæстæг фæцæй, еци доги си арæзт æрцудæй, сæ агъазиаудзийнадæмæ гæсгæ рабарæн кæмæн нæййес, уæхæн берæ æййивддзийнæдтæ. Æфсæддон æма тæрхонгæнæн къабæзти фæткитæ æма æгъдæуттæмæ ци æййивддзийнæдтæ хаст æрцудæнцæ, етæ зингæ фæуурухдæр кодтонцæ граждайнаг æхсæнади æма барадон паддзахади арæнтæ. Зæгъæн, адæми гъæститæ æвзарæг æма уонæмæ кæсæг оргæнтæ сæ куст фæттухгиндæр кодтонцæ, цензури цæстдард фæллæмæгъдæр æй, дзиуиттæгтæн ба лæвæрд æрцудæй барæ Уæрæсей алли къумти æрцæрунæн. Еци рæстæг нимад цæуй литературон романтæ финсуни «сугъзæрийнæ догæбæл». Уæд фæззиндтæнцæ Тургеневи, Аксакови, Толстойи æма Достоевскийи алæмæти уадзимистæ.

– Александр Дуккаги айдагъ Уæрæсей нæ, фал еугур Европи дæр сæребарæгæнæгбæл нимайунцæ, уæлдайдæр ба Балкани паддзахæдти дзиллæ. Æма уомæн дæр æ рæуагæ æй 3 мартъий цаутæ.

– Зундгонд куд æй, уотемæй 1878 анзи 3 мартъий финст æрцудæй Сан-Стефанскийи бадзурд, кæцими уæлахезон æстъæлфæ æвæрд æрцудæй, Уæрæсе æма Турки ’хсæн ци тугъд цудæй, уомæн. Уæрæсей фæууæлахези фæрци Серби æма Болгарийæн лæвæрд æрцудæй сæребарæ, фæййервазтæнцæ турккæгти берææносон цагъайради къæлæтæй, Александр Дуккагæн ба аккаггонд æрцудæй цитгин ном – Сæребарæгæнæг.

Нæ зундгонд историк Василий Клюдавскийи загъдмæ гæсгæ: «Паддзах Александр Дуккаг зингæ хецæн кодта иннæ монархтæй – «æгириддæр имæ нæ адтæй паддзахдзийнадæй гъазунмæ тулавастдзийнадæ…» Æма номдзуд ахургонд искодта уæхæн хатдзæг: «Алкæддæр æма алцæмæй дæр адтæй, æцæгæй ци æма цæхуæн æй, уæхæнæй, дзурдта æма кодта, еци рæстæг гъæугæбæл ци нимадта, уой. Е нæ тундзтæй, ци æй, уомæй хуæздæрæй хе æвдесунбæл, уомæ гæсгæ ба ахид разиннидæ, ци æй, уомæй хуæздæрæй…»

 

РЕДАКЦИÆЙ. Еугæр абони дзубанди райдæдта мартъий туххæй койтæй, Александр Дуккаги арæзт гъуддæгутæ дæр æримисгæй, уæд æнæмæнгæ, зæгъун гъæуй уой дæр, æма аци мæйæ аци уæрæсейаг паддзахи ирисхъæбæл æгæр мæнгардæй рацудæй – «Адæмон барвæндæ», зæгъгæ, уæдиккон æхсæнади маргутæ ’й 1881 анзи 1 мартъий æверхъауæй рамардтонцæ, никки раззаг æййивддзийнæдтæ исаразуйнаг ку адтæй, раст еци рæстæг. Уогæ, уой туххæй уин радзоруйнаг ан нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми.

 

– Лæмбунæг ку рагъуди кæнæн, уæд адæми Сæребарæгæнæг адтæй паддзах Александр Фиццаг дæр, кæци Европæ фæййервæзун кодта Наполеонæй. Французæгтæ, æнгъæлдæн, феронх æнцæ, уонæн дæр æма Парижæн дæр сæребарæдзийнадæ ка ’рхаста, уой.

– Еци цау дæр, нæкæси, æрцудæй мартъий: 1814 анзи 31 мартъий. Франций нихмæ æмтохгæнæг æфсæдтæ, сæ разамонæг Александр Фиццаг, уотемæй бацудæнцæ Парижмæ. Александр Фиццаг иссæй Табуйаг цæдеси бундорæвæргутæй, уæдта 1814-1815 æнзти арæзт Венаг конгресси разамонгутæй еу. Еци гъуддæгути фæрци бæлвурдгонд æрцудæнцæ Европи дæсгай æнзти дæргъи размæцуди фадуæттæ æма сæ æдас царди радæ. Къниаз Александр Безбородко – кæцимæн аккагонд æрцудæй Уæрæсейаг империй канцлери уæлиаути ном – æригон дипломаттæн хумæтæги нæ фæдзахста: «Нæ зонун, сумах рæстæги куд уодзæнæй, уой, фал мах рæстæги ба æнæ мах барлæвæрдæй Европи еунæг пушкæ дæр фехсун не ’ндиудта…»

Уруссаг æфсæдтæ, сæ сæргъи Александр Фиццаг, уотемæй бацудæнцæ Парижмæ. Нæкæси, фрацузæгтæ дæр Александр Фиццаги худтонцæ паддзах-сæребарæгæнæг. Къарæ ист æй социалон хизæгтæй.

– Император Александр Æртиккаг ба историй байзадæй «Сабурдзийнадæхæссæг», зæгъгæ, номи хæццæ. Уой доги Европи еунæг хатт дæр тугъд не ’рцудæй. Зæгъун æнгъезуй, е дæр Европи байергъæв кодта тугъдтитæй.

– Е ’мдогонтæ куд дзурдтонцæ, уотемæй: «Александр Æртиккаг Уæрæсе уæхæн бæрзонд цæстивардмæ исиста æма, æнæ уой унаффæ хинцгæй, нæдæр Европи, нæдæр ба азиаттаг бæстити еунæг устур гъуддаг дæр лухгонд нæ цудæй…» Уой фæрци арæзт æрцудæй бадзурд Франци æма Уæрæсей ’хсæн, æма 1871 анзи ба немуц Франций хæццæ истохунæрвонг уагæбæл ку ниллæудтæнцæ, уæд Александр Æртиккаг æхе Вильгельм Фиццагæн комкоммæ загъта, цæмæй тугъд ма низмæнта, æма имæ е дæр байгъуста.

Александр Æртиккаги паддзахдзийнади рæстæги Уæрæсей донмæ уагъд æрцудæй 114 нæуæг æфсæддон науи, уони нимæдзи адтæнцæ 17 броненосеци, 10 æндонфедаргонд крейсери, æма уотемæй нæ бæсти флот ахæссун байдæдта æртиккаг бунат, æ техникон гæнæнти еумæйаг уæзæ хъæрттæй 300 мин тоннемæ. Æцæг техникон революци цудæй металлургий; 1880-1890 æнзти цæнгæт, æндон, нефть, æвзалу амал кæнуни бæрæггæнæнтæ агъазиау къахдзæфтæй хизтæнцæ уæлæмæ.

Уæрæсей нихмæ знаггадæ ка кодта, еци паддзахæдти ’хсæн сæйрагдæр адтæй Устур Британи, кæци аллихузон хийнæ æма налат миути «тунтæ бидта» Балкани фалдзости, архайдта уобæл Австро-Венгри дæр фæццалх кæнунбæл.

Австрийаг минæвар лæг 1881 анзи уалдзæги Санкт-Петербурги Зуймон галауани рæфтад кæнуни рæстæги райдæдта дзубанди кæнун, цæмæй Уæрæсе «2-3 æфсæддон корпуси» Балкантæмæ рарвистайдæ. Уомæн дзуапп дæттуни хузи Александр Æртиккаг æ къохти ци вилкæ адтæй, уой æ тухгин æнгулдзитæй искъумæлхий кодта æма ’й æрвист лæги тæбæгъмæ фехсгæй, тингунæй загъта: «Мæнæ син куд бакæндзæнæн…» Æхе цæйбæрцæбæл аккаг хузи æвдесунгъон адтæй, уомæн æвдесæн æй е дæр, æма кæсалгæ ахæссуни рæстæги ин фæсарæйнаг минæвар лæгтæ, æнгъæлмæ кæсунцæ дæ хæццæ фембæлунмæ, зæгъгæ, ку фегъосун кодтонцæ, уæд еци æнæзнæт гъæлæсиуагæй загъта: «Цалинмæ уруссаг паддзах кæсалгæ ахæст нæ фæууа, уæдмæ Европæ гъæуама æнгъæлмæ кæсгæй лæууа!..»

Александр Æртиккаг ци агъазиаудзийнæдтæй фескъуæлхтæй æндагон политики, уонæн хъæбæр бæрзонд аргъгонд цудæй æнæгъæнæ Европи дæр, уони хæццæ ба Франций дæр, зæгъæн, æ номæй исхудтонцæ Парижи сæйраг хед. Мадта Германий император Вильгельм Дуккаг уæрæсейаг паддзахи рамарди фæдбæл уотæ загъта: «Гъе æцæг хуæдхуæцæг император адтæй!..»

– Уæрæсей фæстаг паддзах Николай Дуккаг нимад цæуй лæмæгъ паддзахбæл, фæххуæрд æй тугъди, уæдта æ паддзахадæ багъæуай кæнун ка нæ бафæразта, уæхæнбæл. Фал е раст æй? Николай Дуккаг æрлæудтæй Серби багъæуай кæнуни фарс æма нæмæ революцион æзмæнститæ ку не ’рцудайуонцæ, уæд е дæр нимад адтайдæ уæлахезонти нимæдзи.

– Николай Дуккаги æнæдузæрдугæй нимайун æнгъезуй уæлахезонбæл – цæмæй Серби гъæуайгонд æрцудайдæ, уой туххæй е дæр архайун райдæдта Фиццаг дуйнеуон тугъди немуци нихмæ. Æ еци фæндæ ин растбæл банимадтонцæ Уæрæсей раззагдæр гъудитæбæл хуæст æхсæнадæ: аллихузон æхсæнадон къуæрттæ, адæмихæттитæ барвæндонæй цудæнцæ се ’мтог, се ’мæстæг адæми багъæуай кæнунмæ тохмæ.

Австро-Венгри, Босни æма Герцоговинæ ку байахæста, уæд панславизм æма еумæйаг дини концепци хъæбæр бæрзонд æхсæнадон уагæбæл фæззиндтæй Серби æма Уæрæсей ’хсæн. Июли кризиси рæстæг 1914 анзи Николай Дуккаг рахуæстæй Сербий фарс, æма уомæ гæсгæ ба Германи тугъд ракъахта Уæрæсей нихмæ.

Еци тугъди райдайæнмæ Уæрæсемæ кæд уоййасæбæл хуæздæр равгитæ æма фадуæттæ нæ адтæй, уæддæр уæрæсейæгтæ фиццаг æртæ къуæремæ сæ нихмæлæууæг знаги æфсæдтæй фæгъгъæун кодтонцæ сæ дæс æма дууинсæй проценти – 132 500 адæймаги, уонæй ба Австро-Венгрийæй – 175 000 (416 924 си уацайрæгтæ, уотемæй), Германийæй ба – 350 000 æфсæддони – мæрдтæ, цæфтæ æма уацайрæгтæ. Хонсар-Нигулæн фронт нихмæлæууæг знагæй байста 580 дзармадзани, 448 миномети, 1755 пулемети, æ æрахæст рауæнтæй æй фæстæмæ ратардта 120 километрей бæрцæ, исуæгъдæ кодта Волынь, Буковинæ, Галиций еу хай æма æ карз архæйдтитæ фæцæй октябри кæрони.

Еци тугъдон операцийæн адтæй æхе стратегион фæстеугутæ. Итали фæййервазтæй, французæгтæн фæцæй равгæ Верден багъæуай кæнунæн, англисæгтæ бафæразтонцæ Сомми фæллæуун. Германий хъауритæ ба зингæ фæккунæгдæр æнцæ, еумæйаг уавæр рауадæй Антанти пайдайæн. Уой фæсте ба ци цаутæ ’рцудæй, етæ зундгонд æнцæ æма уæлдæр ранимад паддзахæдтæ еумæйаг уæлахез бæрæг кодтонцæ æнæ Уæрæсейæй.

Устур Фидибæстон тугъди фæсте Берлини Трептов-парки аци агъазиау монумент æвæрд æрцудæй советон тугъдон-сæребарæгæнæги кадæн.

– Нуртæккæ бабæй устур цæстиварди иссæнцæ тæрсунгæнæни кæддæри дзæнгæдатæ: цума нур ба Владимир Путин, куд фæззæгъунцæ, фунæй кæнуй æма уинуй, куд байстæуа Варшавæ, уой фæсте фиццаг Польшæ, уæдта Берлин куд байахæсдзæнæй, уой.

– Цæйбæрцæ æнгъезуй уæхæн сæнттæ цæгъдун?.. Уæрæсей æфсæдтæ Берлин æртæ хатти байстонцæ. Фридрих Цитгийнаги авданзон тугъди рæстæги Петр Фиццаги кизгæ Елизаветæ австриаг æмцæдесон Мария Терезийæн фæййагъаз кæнуни туххæй рарвиста уруссаг полктæ æма етæ 1760 анзи 9 октябри байахæстонцæ Берлин. Уой туххæй еци æфсæдтæн сæ сæйраг командæгæнæг граф Тотлебен хуарзæнхæгонд æрцудæй Александр Невскийи орденæй.

Мадта Наполеони соргæй, Фæсарæйнаг стæри рæстæг дæр Уæрæсейаг æфсад 1813 анзи 4 мартъий бабæй бацудæй Берлинмæ. Аци рауæн æнæмæнгæ зæгъун гъæуй уой дæр, æма уæди рæстæги Наполеони нихмæ архайæг коалици нæма адтæй, æма уруссаг æфсæдтæ архайдтонцæ еунæгæй. Бæлвурдæй ба сахар французæгтæй исуæгъдæ кодта инæлар-адъютант Чернышев, къуæре фæстæдæр ба ма имæ æрбахъæрттæнцæ къниаз Винцингероде æма граф Воронцови æфсæдтæ. Æртиккаг хатт ба – Устур Фидибæстон тугъд фæууни рæстæг 1945 анзи 2 майи Берлини бæрæгастæу рейхстаги сæрмæ исфелудта Советон Цæдеси уæлахезон Сурх Туруса.

Варшави кой ку кæнæн, уæдта историктæн сæ бон дæр нæй бæлвурдæй банимайун, аци сахар уруссаг æфсæдтæ цал хатти байсиуонцæ, уой. Историон хабæрттæмæ лæмбунæгдæр ку ’ркæсæн, уæд уруссаг æфсади размæ сæ турусатæ æргубур кæниуонцæ Царьград ( уæд ма хундтæй Константинополь), цалдæр хатти – Хельсинки, Бухарест æма София, уæдта ма Амстердам, Белград, Будапешт, Братислава, Венæ, Прагæ, Бейрут, Рим, Харбин, Кабул æма, «дуйней сæйраг сахар» ке хонунцæ, еци Париж. Еугурдуйнеуон кадæй хуарзæнхæгонд æрцудæй генералиссимус Суворов, е иссæребарæ кодта Милан æма Цæгаттаг Итали, æрсаста альпиаг Сен-Готард. Нæкæси, Уæрæсей империй сæйраг сахар Петербурги зæнхæбæл некæд нифсарстæй некæци фæсарæйнаг æрбалæборæги къах, Наполеон ба басугъдæй Мæскуй, е ма хумæтæги сахар ку адтæй, уæд.

– Цубурдзурдæй, нæ паддзæхтæ некæд гъавтонцæ æндæр бæститæй кедæрти сæ дæлбарæ искæнун, сæ дзиллитæй син сæхецæн цагъартæ исаразун? Бæлвурдæй зундгонд ку æй е дæр, æма ци паддзахæдтæ ранимадтан, уони сæйраг сахартæй дæр уруссаг æфсæдтæ барвæндонæй рацæуиуонцæ, сæ ездондзийнади ихæс рæстзæрдæй исæнхæст кæнуни фæсте.

– Уæрæсей еугур паддзæхтæ æма императортæ еугурæйдæр адтæнцæ сæребарæгæнгутæ. Тухæгæнгутæ нæ, æфхуæргутæ нæ, фал номхундæй сæребарæгæнгутæ. Адæмуарзон уодиконд син уогæй, етæ сæ медзундирахастмæ гæсгæ иссæнцæ алфамбулай дуйне фудимелæй, цагъардзийнадæй æма гъæддагдзийнадæй иссæребарæгæнгутæ.

Аци æрмæг цæттæгонд æй «Российская газета»-йи алликъуæреуон рауагъди мухургонд, «Русские освободители», зæгъгæ, Борис Ямшанови уацмæ гæсгæ.

 


А. С. ПУШКИН

УÆРÆСЕЙ ФУДКОЙГÆНГУТÆН

 

Уæ дзæфхъу цæбæл æй, дзиллити мæлгъæвзæгтæ?

Фауетæ Уæрæсей, иссайтæ ин æзнæгтæ.

Ци ’й уæ булгъахъ? Литвай хæлхъой æма фæдес?

Ниууагътæ: йе ’й буцæу славянтæн сæ медастæу,

Æнсувæрти æхсæн – рагбуцæу, нивикарстау, –

Не ’суодзæнæй уæ бон рартасун æ медес.

 

Рагæй фæуунцæ сæ медастæу

Еци æзнæмтæ фудæнхæл;

Æрхауиуонцæ бæрзæйсастæй,

Кенæ ба цæф æруаидæ махбæл.

Ка ниббæлсдзæй зæхъæр буцæутæн:

Хъал лях æви урусæй æдзæф уод?

Уруси форди ’й сæ фæййеу славянти дæнттæн?

Оххай, ма байсусæд и форд!

 

Нæ ’нцæ лæдæрд уин нæ бæлæхтæ –

Аци тогигъæнст тауæрæхътæ,

Бийнонти æнхæл – æверхъау. –

Нихъхъутти уагътæ нæ фæлтау.

Æнцæ гобелбаст Кремль, Прагæ;

Оххай, сайуй уæ æ фæдбæл

Хъазауат тонхи уæйрау нагæ –

Мах ба фестадан уин уæнгæл…

 

Цæмæн, зæгъайтæ, ци хабар æй?

Миййаг, цæфсгæ Мæскуй пурхæнтæбæл æмир

Ке не ’рлæудтан къæйнæхæн æ дæлбарæ,

Ке тасæй сумаха байдæдтайтæ зир-зир?

Миййаг, сæрсæфæнмæ гумерий

Ке нисхустан – дуйнетæбæл ка бафтудта буларæ,

Нæ тогæй ке балхæдтан иттæг берæ

Европæн ном, федуд æма сæрбарæ?..

 

 

Цъухæй айтæ усхъæз – бавзаретæ гъуддагæй!

Æви зæронд тулпар, хуссæни æрæнцайгæй,

Не ’сесдзæнæй бæрзонд измаилаг гебох?

Æви уруси паддзахæн æрлæмæгъ æй æ къох?

Европи хæццæ тугъд махæн æй нæуæг ести?

Кенæ ба уруссаг бафсастæй уæлахезтæй?

Æви ан армидзаг? Пермæй уæд Тавридæмæ,

Финляндий цъететæй æхседгæ Колхидæмæ,

Нинкъусгæ Кремли бæрзонд сестæй

Æнæнкъусгæ Китайи фæтæн сесмæ,

Тæмæнтæ калгæ æндон гъестæй,

Урус фæдесмæ куд нæ фестдзæй?

Гъема, цъухгинтæ, æнгъæлмæ кæсæн, –

Рарвететæ гъиггаг сирдти – уæ фуртти:

Ес син бунат Уæрæсейи будурти

Сæ уæларттæгти циртити æхсæн.

                                                                           1831 анз

МАМУКЪАТИ Хъазбеги тæлмац