12 декабря 2024

УÆЗЗАУ РÆСТÆГ

08.10.2022 | 16:32

Устур Фидибæстон тугъди анзфинсти 1942-1943 æнзтæ нимад æнцæ тæккæ уæззаудæртæбæл. Гитлеронтæ сæ бицъинæг æскъудтонцæ, цæмæй Сталинград байахæстайуонцæ, Грозна æма Бакуй нефтмæ байервазтайуонцæ…

Гитлер æма е ’мдзæхдонтæ рагæй бæлдтæнцæ Кавкази дессаги æрдзæ æма æгæрон гъæздугдзийнæдтæмæ. Æма æ байсунæн æргъуди кодтонцæ сæрмагонд операци – «Эдельвейс». Æ исæнхæст кæнун ба бабарæ кодтонцæ, «А» ке худтонцæ, еци æфсæдти къуарæн, æ сæргъи фельдмаршæл Лист, уотемæй. Фæстæдæр уой раййивта инæлар-болкъон фон Клейст.

Гитлеронтæ гъавтонцæ Дон æма Кубани цæугæдæнтти ’хсæн советон æфсæдтæбæл æртухсун, æма сæ ниддæрæн кæнунмæ. Уой фæсте 17-аг будуйрон æфсад (12 дивизий!..), инæлар-болкъон Руофи разамундæй, гъæуама байахæстайуонцæ Новороссийск æма Туапсей районтæ, Сау денгизи еугур  билгæрæнттæ æма уордигæй бампурстайуонцæ Фæскавказмæ. Еци-еу рæстæг немуцæгти фиццаг танкон æфсад ба  бампурстайдæ хонсар-искæсæни ’рдæмæ, Терки билгæрæнттæбæл батудтайдæ махонти гъæуайкæнуйнадæ, байахæстайдæ Владикавказ, Грозна, Махачкала æма Баку. Уомæй уæлдай немуцæгти 49-аг хуæнхон-фестæг корпусæн бардзурд лæвæрд цудæй, цæмæй махонти карз цæф никкодтайдæ Черкесски райони, рахизтайдæ Кавкази Сæйраг рагъбæл, нимпурстайдæ Сухуммæ æма байагъаз кодтайдæ 17-аг æфсадæн Сау денгизи билгæрæнттæ байсуни гъуддаги.

Цубурдзурдæй, Кавказ бахаудтæй мæлæтдзаг тæссаг уавæри. Æма Райгурæн бæстæ бардзурд равардта: знаги бауорамун, æ тухтæ ин ислæмæгъ кæнун æма ’й уордигæй фæстæмæ ранхуæрсун. Æма еци бардзурд æнтæстгинæй æнхæстгонд æрцудæй! Знаг кæд цийфæнди хъаурæгин адтæй, уæддæр уомæй тухгиндæр разиндтæнцæ нæ советон адæмти æнсувæрон хæлардзийнадæ, Фидибæстæбæл еузæрдиуондзийнадæ. Æма знагбæл фæууæлахез æнцæ.

Иристойнæгтæн сæ бон æй сæрустур ун, цифуддæр знаги размæ сæ сæр ке не ’ркъолæ кодтонцæ,  ардигæй, Дзæуæгигъæумæ æрбацæуæнтæй ке райдæдта æма, сауæнгæ Берлини уæнгæ ка нæбал банцадæй, не ’фсæдти еци  размæмпурст.

Иван ТЮЛЕНЕВ,

æфсади инæлар, Фæскавкази фронти раздæри командæгæнæг.