12 декабря 2024

УАЛДЗИГОН НЕЗТÆ ÆМА ЗАЙÆГОЙТИ РУГÆ

22.07.2022 | 15:22

Сæрдигон рæстæг  ка æхснирсун  райдайуй, ка хуфун, кæмæндæр ба æ цæстисуг кæлун райдайуй. Е æй аллергийæ, дохтиртæ ма аци нез хонунцæ «уалдзигон поллиноз». Аллергийæ ци æй, циуавæр незихатт, уой медицинæ амонуй уотæ: нез расайунцæ кæцидæр бауæргъæдтæ – аллергентæ – уæлдай хъæбæрдæр ка фенкъаруй, уомæ фæззиннуй поллиноз кенæ ба – аллергийæ.

Аллергийæ ке тухсун кæнуй, етæ, ка ’й зонуй, æма лæдæргæ дæр нæ фæккæнунцæ, сæ гъигæдарæг аллергентæ сæ алливарс, аллирдигæй ке ’нцæ, уой. Аллергентæ ‘нцæ берæ аллихузон – ке нæ къæхти буни горцъетæбæл кенæ фæрстæбæл ци ругæ æрбадуй, е гъигæ даруй, ке æ хæдзари рази ци бæласæ ирæзуй, уомæн æ деденæги ругæ, ке ба багъигæдардта æзинæ ци хуасæ баниуазта, е æма уотæ идарддæр. Адæймаги организммæ бахаунцæ уæлдæфæй дæр, æ уолæфæнтæй дæр, сауæнгæ укол кæнгæй дæр. Беретæн ба сæ нез расайæг æй амбрози, бæлвурддæр зæгъгæй – æ ругæ.

Поллиноз алкæддæр фæззиннуй анзи еци-еу афони æма æхе æвдесуй еци-еу хузи: амбрози æ тæккæ деденæгкалуни ку фæууй, уæд нез дæр искарз уй. Фал куддæр деденæг калд фæууй, уотæ адæймаг дæр æ незæй фæййервæзуй.

Мадта бонигъæдæ дæр ахедуй поллинозæй сæйгити уавæрбæл: уаруни рæстæг син фæууй æнцондæр, сор, тæвдæ бони ба бустæги лæгъуз. Айдагъ æхснирсун æма цæстисугæй гъуддаг нæбал фæххецæн кæнуй, исбæрзонд уй бауæри тæвдæ, сæр тъæппитæ хаун райдайуй, сæйгæ мæстгун дæр исуй. Еу-цуппар анзи æма уомæй фулдæр аци незæй ка сæйуй, уонæмæ аллергийæ расайуй никки уæззаудæр незтæ – гайморит, бронхиалон астмæ æма æндæртæ.

Аллихузи ругтæ ке гъигæдарунцæ, поллинозæй уæхæн сæйгитæ гъæуайкæнуйнаг æнцæ, тæссагдæр син ка ’й, уæхæн  тухтæй. Циуавæр æнцæ еци тухтæ? Фиццагидæр, етæ æнцæ адæймаг еудадзуг сæйгæ кæмæй æй, еци незтæ. Поллинозæй сæйгитæ куд дзорунцæ, уотемæй, ругæ сæ ку нæма гъигæдардта æма сæмæ аллергийæ ку нæма адтæй, уæд уой размæ садæнцæ  æндæр незтæй, æма еци незти профилактикæ еци-еу рæстæг æй профилактикæ поллинозæй дæр.

Поллиноз адæймагмæ куддæр фæззиннуй, уотæ, æнæмæнгæ, гъæуама бацæуа дохтир – аллергологмæ. Е ин æ уавæрмæ цæстæ дардзæнæй, кæдмæ гъæуа, уæдмæ. Сæйги гъæуй хе гъæуай кæнун, ка ’й гъигæдаруй, еци ругæй, гъома, æнхæст кæнун гъæуй нези профилактики мадзæлттæ:

♦ ци деденæги ругæ æй гъигæдаруй, уомæн æ  калуни рæстæг адæймаги гъæуй рацæун еци деденæг кæми нæ зайуй, уæхæн рауæнмæ;

♦ сæумæй раги æндæмæ цæугæ нæй;

♦ хор бони сæумæй æндæмæ рацæугæй, бакæнун гъæуй кæсæнцæститæ, фий ба æмбæрзун  уомæл къохмæрзæнæй;

♦ сор думги рæстæг къæрæзгитæ гъæуй æхгæдæй дарун;

♦ уатмæ кæдзос уæлдæф уадзун гъæуй айдагъдæр уаруни фæсте;

♦ адæймаг бонæ дууæ хатти æхебæл гъæуама дон æркала;

♦ гъæунгæй хæдзарæмæ æрбацæугæй дзиккотæ гъæуй нихснун.

Поллинозæй сæйгитæ се ’нæнездзийнадæбæл гъæуама уæлдай хъæбæрдæр тухсонцæ, сæ цæстæ фулдæр даронцæ ОРВИ, грипп æма иннæ инфекцион незти профилактикæмæ. Æргом уæлдай хъæбæрдæр æздахун гъæуй организм федардæр кæнуни гъуддагмæ. Физикон æгъдауæй федар ка уа, уомæн незтæй, уой хæццæ аллергентæй дæр тæссаг нæй.

Профилактикон мадзæлттæй сæ ахсгиагдæр еу æй кæрдæгутæ æма зайæгойтæ афойнадæбæл никкæрдун, уæд етæ уæлдæфмæ сæ ругæ нæ калдзæнæнцæ, е ба, ке зæгъун æй гъæуй, адæми æнæнездзийнадæбæл хуæздæрæрдæмæ фæззиндзæнæй. Æма еци гъуддагбæл гъæуй нæ еугурей дæр еумæйагæй архайун.