11 октября 2024

УНАФФÆ ГЪÆУАМА АДÆМИ ПАЙДАЙÆН УА…

29.07.2022 | 10:20

Нæ республики Парламенти совети радон æмбурди æрдзубанди кодтонцæ Уæрæсей регионти социалон-экономикон райрæзтбæл хуæрзæрдæмæ ка фæззиндзæнæй, уæхæн закъонти проекттæ исфедар кæнунбæл.

Депутатти фæндæмæ гæсгæ, æййивддзийнадæ хаст æрцæудзæнæй «Республикæ Цæгат Иристон-Аланий транспорти хъалонти» закъонмæ. Дзубанди цæуй, цæмæй уæхæн хъалонтæ федæнæй уæгъдæ уонцæ Советон Цæдеси Бæгъатæртæ, тугъдон буцæути архайгутæ æма æндæртæ.

Ахуради туххæй федералон закъонмæ этнокультурон ахурадон программити фæлгæти, алкæмæндæр гъæуама барæ уа, циуавæр æвзагбæл ахур кæнун æй фæндуй, уой равзарунæн, уæлдайдæр ба маддæлон æвзагбæл.

Бакалавриат æма специалитети программитæбæл ахур кæнун ке фæндуй, сæ ниййергутæ тугъдон буцæути ветерантæ кæмæн æнцæ, еци сувæллæнттæн уæлæнхасæн бартæ аразун уæлдæр ахурадæ райсунæн агъазгонд цæудзæнæй бюджети фæрци – уæхæн закъони проекти фарс дæр рахуæстæнцæ депутаттæ. Бийнонти ‘хсæн ци седзæр сувæллæнттæ гъомбæл кæнуй, етæ сæ хуæртæ æма æнсувæрти хæццæ цæмæй ма хецæн кæнонцæ, уой туххæй син гъæуама барæ уа еу скъоламæ цæунæн – уæхæн æййивддзийнадæ бахæсдзæнæнцæ Уæрæсей Бийнонти кодекси 54-аг статьямæ.

Органикон продукттæбæл, æнæмæнгæ, гъæуама уа маркировкæ, экологон æгъдауæй кæдзос ке ‘нцæ, уой æвдесæг – аци æййивддзийнадæбæл дæр исгъæлæс кодтонцæ.

Æмбурди ма æркастæнцæ, гъæууонхæдзарадон нисанеуæг кæмæн ес, еци зæнхитæй æнхæстæй пайдагонд æма кустгонд ку нæ цæуонцæ, зæрæстон ку кæнонцæ, уæд сæ хецæуттæмæ домæнтæ фæккарздæр кæнуни туххæй федералон закъони проектмæ дæр.

Уæрæсей Хецауадæмæ Новосибирски депутаттæ фæндæ бахастонцæ, цæмæй хæдзайрон æма дзæгъæл цæрæгойтæн искæнонцæ, нимад кæми цæуонцæ æма багъæуаги рæстæг æнцондæр агорæн уонцæ, уæхæн еумæйаг информацион базæ.

«Цæргути санитарон-эпидемиологон уавæр», «Нæ алфамбулай гъæуай кæнуни» æма «Уæрæсей æфсæнвæндаг транспорти туххæй» федералон закъонтæмæ дæр æййивддзийнæдтæ гъæуама хаст æрцæуа, цæмæй æфсæнвæндæгтæмæ хæстæг ци обекттæ аразунцæ, уони унæр сабургæнæн фæрæзнитæй ефтонг кæнонцæ. Паддзахадон экспертизæ гъæуама аци фарстамæ е ‘ргом раздаха, – фæннисан кодтонцæ Совети иуонгтæ.

Лæгдзийнади æртæ орденемæй ке исхуарзæнхæ кодтонцæ, Уæрæсей размæ уæлдай æскъуæлхтдзийнæдтæ ка равдиста, уонæн аллимæйон материалон агъаз кæнуни туххæй федералон закъонмæ дæр æркастæнцæ.

Адыгейи республики Паддзахадон совети депутаттæ сæ фæндæ бахастонцæ Уæрæсей фæллойни æма социалон гъæуайкæнуйнади министрадæмæ, цæмæй æркæсонцæ æма фадуат иссеронцæ, æнæбари æ цæрæн бунат ка ниууагъта Украини, Лугански æма Донецки республикити, еци цæргутæн социалон агъази туххæй.

Гъæути еудадзуг ка цæруй, еци силгоймæгтæн æртиккаг сувæллони райгурди хæццæ еухаттон материалон агъаз бакæнун, сæ карæмæ нæ кæсгæй. Е, æнæмæнгæ, хуæрзæрдæмæ фæззиндзæнæй гъæути цæрæг адæми нимæдзæ фулдæр кæнунбæл. Уæхæн фæлтæрддзийнадæ ес Татарстани республики æма сæ фæндæ бахастонцæ Уæрæсей Хецауадæмæ. Сæ хуарз гъудий хæццæ исарази ‘нцæ Цæгат Иристони депутаттæ дæр.

Совети æмбурди ма дзубанди кодтонцæ æндæр фарстатæбæл дæр.