12 ноября 2024

УОДИГЪÆДÆЙ – НИФСГУН, ЛÆГДЗИЙНАДÆЙ – ÆНХÆСТ

29.07.2023 | 22:22

УÆРÆСЕЙ УÆЛДÆФОН-ДЕСАНТОН ÆФСÆДТИ БОН БÆРÆГГОНД ЦÆУДЗÆНÆЙ 2 АВГУСТИ

Уæлдæфон-десантон æфсæдти намусгин историйæн фæххецæнгæнæн нæййес еу дессаги цауæй. 1911 анзи уруссаг артиллерий афицер Г.Е. Котельников æргъуди кодта дуйней фиццаг парашют. Фæстæдæр Франций æма Америки ци парашюттæ фæззиндтæй, етæ адтæнцæ, Котельников ке ’ргъуди кодта, уой халдехтæ, æ къопитæ.

1930 анзи 2 августи цудæнцæ Мæскуй æфсæддон зилди хæйтти ахуртæ Воронежмæ хæстæг. Уоми фиццаг хатт æфсæддон историй «знаги» фæскъилдунмæ гæлст æрцудæй парашютон десант. Æ фиццаг рагæлстæй дæр бæрæг адтæй тугъдон нæуæгдзийнади ахедундзийнадæ, размæ арф бампурсуни операций теори актуалон ке æй, е. Уæхæн операци дæмдта, знаги арф фæскъилдуни архайунмæ ка гъæуама арæхстайдæ, уæхæн æфсæдтæ нæмæ цæмæй уа, уой.

Æнæнгъæлæги нæй, уæлдæфон-десантон æфсæдти фæззинди æма сæ ирæзти комкоммæ архайæг ке адтæнцæ зундгонд æфсадхонтæ М.Н. Тухачевский, А.И. Егоров, И.П. Уборевич, И.П. Белов æма æндæртæ.

Уæлдæфон-десантон æфсæдти историй адтæй берæ зæрдæбæлдарæн æнзтæ. Устур Фидибæстон тугъди размæ Халхин-Голи тугъдон буцæуи архайдта 212-аг уæлдæфон-десантон бригадæ. Советон-финаг тугъди ба (1939-1940 æнзти) æхсæг хæйтти хæццæ еумæ знаги нихмæ тох кодтонцæ 201-аг, 204-аг æма 214-аг уæлдæфон-десантон бригæдтæ. Десантниктæ рейдтæ аразтонцæ знаги арф фæскъилдунмæ, нимпурстонцæ гарнизонтæмæ, штабтæмæ, бастдзийнади косæндæнттæмæ, исæмтъери кодтонцæ æфсæддон хæйттæн разамунд дæттуни хабæрттæ, æнæнгъæлæги ниццавтонцæ гъæуайкæнуйнадон федæрттæ.

Устур Фидибæстон тугъди рæстæг уæлдæфон-десантон æфсæдтæ берæ хæттити æрцудæнцæ гæлст знаги фæскъилдунмæ, берæ хæттити ралух кодтонцæ немуцаг-фашистон æфсæдти фæстæмæ цæуæн нæдтæ. Иннæ æфсæдти хæццæ искунæг кодтонцæ знаги æфсæдти. Етæ фескъуæлхтæнцæ Одессæ гъæуайгæнгæй, Кавкази тугъдон архæйдтити, Сталингради тугъди – Устур Фидибæстон тугъди тæккæ агъазиаудæр операцити уæлдæфон-десантон æфсæдтæ алкæддæр адтæнцæ еугурей раззагдæр рæнгъити, цæттæ – цийфæнди зин ихæс æнхæст кæнунмæ. Тугъди æнзти 70 десантникæй фулдæремæн лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном, 30 мини бæрцæй ба паддзахадон хуæрзеугутæ райстонцæ. Уони хæццæ – нæ намусгин æмзæнхонтæ – Советон Цæдеси Бæгъатæр Калоти Геуæрги æма Намуси ордени æнхæст кавалер Иван Цезарь (сæ дууæ дæр – Мæздæги районæй).

Тугъди фæсте æнзти уæлдæфон-десантон æфсæдтæ кодтонцæ хуæздæр, ирæзтæнцæ. Сæ размæ æвæрд ихæстæ æнхæст кæнуни туххæй ефтонггонд цудæнцæ тугъдон хуæдтолгитæй, хуæддзæугæ артиллерион, танкити нихмæ тохгæнæн æма зенитон фæрæзнитæй, уæдта разамунд дæттæн æма бастдзийнади фæрæзнитæй. Нури парашютон-десантон техникæ фадуат дæттуй циуавæрфæнди æрдзон æууæлти æма кæмифæндидæр десант æма уæзæгтæ æргæлдзунæн, сауæнгæ æхсæвигон дæр. Цалинмæ ССР Цæдес нæ ниппурх æй, уæдмæ уæлдæфон-десантон æфсæдти исконди адтæй 7 уæлдæфон-десантон дивизий.

Дуйней тугъдон-политикон уавæри ци бундорон æййивддзийнæдтæ ’рцудæй, уонæмæ гæсгæ принципиалон æгъдауæй æркæсун багъудæй паддзахади æдасдзийнади æфсæддон ефтонгади цæстингастæмæ, гъудæй сæ фæббæлвурддæр кæнун. Нæуæг æууæлти фæмминкъийдæр æй, уæлдæфон-десантон æфсæдтæ ци ихæстæ æнхæст кæнунцæ, уони бæрцæ. Уой хæццæ еумæ æфсæдти сорзæнхон къуæртти ахидæй-ахиддæр багъæуй оперативон-тактикон десантти сæр.

Абони уæлдæфон-десантон æфсæдтæ ’нцæ Уæрæсей Гæрзефтонг Тухти Уæлдæр Сæйраг командæгæнæги резерв. Се ’сконди ес цуппар уæлдæфон-десантон дивизий, еу уæлдæфон-десантон бригадæ, уæлдæфон-десантон æфсæдти ахургæнæн центр, тугъдон ефтонгади хæйттæ æма уæлдæфон-десантон æфсæдти Рязани институт.

Ахурадон-тугъдон ихæстæй уæлдай ма десантниктæ æнхæст кæнунцæ бæрнон федаунгæнæн ихæстæ дæр, уони хуссун кæнун багъудæй арт «тæвдæ стъæлфити»: Сомехи, Азербайджани, Гурдзий, Киргизий, Прибалтики, Приднестровьей, Цæгат æма Хонсар Иристони, æнхæст кодтонцæ сæрмагонд ихæстæ Афганистани, Цæцæни æма Дагестани. Абони 1500 десантники ’нцæ Босни æма Герцеговини, еу уойбæрцæ ба – Абхазий.

Беретæ си бавдистонцæ æгæрон бæгъатæрдзийнадæ. Уомæн ирд æвдесæн – аст æма инсæйемæн си аккаггонд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном, дæсгæйттæ си иссæнцæ Уæрæсей Бæгъатæртæ, мингай десантниктæ хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ ордентæ æма майдантæй. Бæлвурдæй син сæ нимæдзæ уомæ гæсгæ нæ зæгъæн, æма абони, сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй, уæлдæфон-десантон æфсæдти службæгæнгутæй беретæн аккаггонд цæуй куд Уæрæсей Бæгъатæри ном, уотæ бæрзонд фидибæстон хуæрзеугутæ. Æма уони бæрцæ ба бонæй-бонмæ фулдæр кæнуй, уомæ гæсгæ ба ’й бæлвурдæй зæгъуни равгæ нæййес.

Уотид зæгъунмæ дæр зин æй, фал десантниктæн сæ ирисхъæ уæхæн æй, æма тугъдон цаути архайгæй, се ’фсæддон ихæстæ æхсаргинæй исæнхæст кæнгæй, кадæртæ си, гъулæггагæн, фæммард æнцæ.

Се ’хсæн – Иристони хъæболтæ: гвардий лейтенант Кудзойти Владимир, гвардий кæстæр сержант Токати Валентин (Чернигови Сурхтурусагин, 76-аг гвардион уæлдæфон-десантон дивизийæ); гвардий капитан Къæбулти Мæирбег, гвардий рæнгъон Хъулати Геуæрги (Сурхтурусагин, Кутузови II къæпхæни орденгин 7-аг гвардион уæлдæфон-десантон дивизийæ); гвардий хестæр лейтенант Хъантемурати Денис, гвардий рæнгъонтæ Бæзати Амиран æма Дзасохти Заур (Сурхтурусагин, Кутузови II къæпхæни орденгин 106-аг гвардион уæлдæфон-десантон дивизийæ). Сæ еугурдæр сæ мæлæти фæсте хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ ордентæй, нæ зæрдити ба байзадæнцæ æностæмæ æригонæй.

КУДЗОЙТИ Владимири ном абони хæссуй Дзæуæгигъæуи 44-аг скъола.

Уонæй еу – Кудзойти Æхсарбеги фурт Владимир. Ка ’й зудта, æма æ хæццæ усхъæй-усхъæмæ архайгæ кæмæн рауадæй, етæ еугурæйдæр, æ рохс ном ин имисгæй, æнæмæнгæ фæззæгъунцæ: «Æхе нæ римахста е ’мбæлтти фæсаууæнтти…»

Владимир хуæрзæригонæй фæстæмæ бæлдтæй десантник исунмæ. Фиццагидæр, æвæдзи, уомæ гæсгæ æма æ фарсмæ адтæй, уомæ ’й ка исразæнгард кодтайдæ, уæхæн бафæнзуйнаг дæнцæ – æ фидæ, болкъон Кудзойти Михали фурт Æхсарбег æ карнæ æнæгъæнæйдæр иснивонд кодта æфсæддон гъуддагæн. Æ бæлдæ цæмæй исæнхæст адтайдæ, уобæл Валоди æновудæй архайун байдæдта сауæнгæ скъолай ма ахур кæнгæй – архайдта аллихузон спортивон, зæгъæн, парашютæй гæпгæнæн, дзюдой къуæртти. Скъола хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ каст фæууогæй, ахур кæнунмæ бацудæй Мæскуй еумæйагæфсæддон училищемæ, уой каст фæууогæй ба 1994 анзи райдæдта е ’фсæддон службæ. Адтæй парашютон-десантон взводи командир. Тæккæ фиццаг бæнтти балæвардта Кудзой-фурт рапорт, цæмæй æй Цæцæнмæ (уæд уоми тугъд цудæй) рарвистайуонцæ, уой туххæй.

Æ курдиадæ æнхæстгонд ку ’рцудæй, уæдæй фæстæмæ Кудзой-фурт Цæцæни æхсаргинæй æнхæст кодта æ тугъдон гъуддæгутæ. Фал… Тугъд, куд фæззæгъунцæ, тугъд æй, фудбæлæхтæ дæр си æрцæуй…1995 анзи 21 апърели Кудзойти Владимир фæммард æй Гудермеси рæбун тугъдтити. Æ реубæл исæмбалдæй знаги цалдæр фати. Уæд ибæл æдеугурæй цудæй дууæ æма инсæй анзи. Æ фæсмæрдæ ин аккаггонд æрцудæй Лæгдзийнади орден.

Кудзойти бæгъатæр Владимири ном лæвæрд æрцудæй, Дзæуæгигъæуи ци 44-аг скъолай ахур кодта, уомæн, скъолай азгъунсти фарсбæл ба федаргонд æй æ номерæн къæйдор фæйнæг.

Раст æй, бæгъатæртæ нæ мæлунцæ, æностæмæ, цалинмæ ма сæ еу имисæг уа, уæдмæ цæрдзæнæнцæ адæми зæрдити.

Абони ба, уæлдæфон-десантон æфсæдти Бони фæдбæл дзубандий Кудзойти Владимири рохс ном уæлдай бæлвурддæрæй уомæ гæсгæ æримистан, æма 9 июли æ райгурдбæл æнхæст кæнуй дæс æма дууинсæй анзи (1973-1995). Нæ зæрди ес не ’дзард бæгъатæри туххæй нæ газети номертæй еуеми бундорондæрæй радзорун.