УОГÆ БА ЦÆЙБÆРЦÆБÆЛ УОДÆЙ РАСТ, ЗÆРДÆЙ ХÆЛАР МА ИСКУРДИАДÆГИН АДÆЙМАГ АДТÆЙ РОБЕРТ…
Битъæти Роберт æхуæдæг куд дзурдта, уотемæй кæддæр, дан, æ цардæмбал Афинæтæн (Гатети Хæмæхъани кизгæн) ходгæй уотæ загъта, гъома, ниххатир кæнæ, фал мин театрæй, бийнонтæй кæци хъазардæр æй, уой абони уæнгæ дæр мæ бон рартасун нæ бацæй…» Æцæгæйдæр, Роберт уоййасæбæл æновуд адтæй театрбæл, æма, зæгъæн, ци спектакль си æвдист цæуидæ, уоми ку нæ архайидæ, уæддæр нæ фæллæууидæ æма фæннæхстæр уидæ театрмæ. Спектакли рæстæг ескæми еуварс ислæудтайдæ æма цийнæ кодтайдæ, е ’мкосгутæ сценæбæл сæ уодæй арт куд цæгъдунцæ, уобæл…
КЪАДЗАТИ Станислав, поэт, журналист:
– Битъæти Роберт цал æма цал анзи фæллæггадæ кодта нæ маддæлон æвзагæн театри дæр æма радиой дæр!.. Роберт æ рæстæги цалдæр анзи республикон радиой фæккуста дикторæй, фал уордигæй рацæугæй дæр нæбæл нæ исустурзæрдæ æй, уой фæсте дæр нин бацудæй берæ хуæрзти.
Битъæй-фурти хæццæ уæлдай фулдæр кустан радиобакаст «Бонвæрнон»-бæл – исаразтан дууæсæдемæ хæстæг рауагъди, исхонæн сæ ес Иристони поэзий зæлгæ антологи.
Еу рæстæги уæхæн уавæр исæвзурдæй, æма нæмæ гонорарæн æхца нæбал адтæй, æма уомæ гæсгæ ба Робертмæ нæбал дзурдтон. Е гъуддаг ку балæдæрдтæй, уæд мин æ медбилти ходгæй уотæ:
– Славик, дæу мæмæ еци тексти хæццæ Хуцау æрæрвиста. Цæйбæрцæ æма мин цæйбæрцæ арфитæ фæккæнунцæ адæм!.. Æз гонорари туххæй еу рæнгъæ дæр нæ кæсун. Мæхуæдæг уин феддзæнæн æхца, фал «Бонвæрнон» идарддæр кæнæн…
Гъе, уотæ… Роберт кæд абони, гъулæггагæн, не ’хсæн нæбал æй, уæддæр уотæ зæгъуйнаг дæн: цалинмæ уæхæн адæймæгутæ уа не ’хсæн, уæдмæ не ’взагæн тæссаг нæй фесæфунæй.
Робертæн æ бæрæгбæнттæй еуемæ ниффинстон æмдзæвгæ «Цыппар хъæуы хъæбул». Æма мæ фæндуй абони уин æй уæ зæрдæбæл æрлæуун кæнун:
Нæ хъæуæй диссагдæр куы нæй –
Хæссы цыппар номы фæрнæй.
Лæууы цыппар къабазыл арв,
Лæууы цыппар хъæуыл нæ цард.
Ехх, махæн Сындзыхъæу-зæлдаг,
Æмбисонд Хъарманæн йæ хъарм,
Урсдон æвдадзы хосæй дзаг,
Нæ удтæн Къора у сæ хъан.
Фыдæлты намысæй – нæ рæз,
Нæ фидæны сыгъзæрин фæз.
Нæры та Роберты хъæлæс:
«Æтт, зонæм иууылдæр нæ хæс!»
Цыппар хъæуы сыгъзæрин зиу
Куыд адджын у, куыд кæны иу!
Бытъæ сын рахаста сæ фарн,
Театырæн нывонд йæ цард.
Къæмынтæй Робертæн йæ тафс,
Гæлиатæн хæрæфырт – уаз.
Нæрæмон Сау лæппу Бытъæ
Нæ Ирæн басгуыхти фыртæн.
Нæртон дзырдтæ – мин æмæ мин,
Сæ рухс нын æрвыг у, зæрин.
Хæссы нæм æй Роберт фæрнæй,
Зæлдагдæр йæ хъæлæсæй нæй.
ГУБИАТИ Хъазбег, Уæрæсей Федераций æскъуæлхт артист, Цæгат Иристони адæмон артист, Цæгат Иристони театралон архайгути Цæдеси сæрдар:
– Битъæти Роберт адтæй алæмæти кæдзосзæрдæ, хæларзæрдæ æма искурдиадæгин адæймаг. Куд исфæлдистадон, уотæ хумæтæги адæймагон æгъдау дæр имæ хъæбæр бæрзонд æвæрди адтæй. Сæумæй кустмæ е мæнæй раздæр æрбацæуидæ, æма ку исæмбæлианæ, уæд мин алли хатт дæр медбилтиходгæй раттидæ зæрдиаг салам.
Роберт адтæй уæхæн искурдиадæгин актер, æма æмхузон æнтæстгинæй арæхстæ театралон аййевади еугур жанрти дæр: комедий, драми, трагикон спектакльти ци берæ аллихузон рольти рагъазта, уонæй алкæми дæр байвардта æ зæрди цæхæр æма адæмæн дæр сæ уарзондæр актертæй еу уомæн иссæй.
Робертæн ирон аййев дзурд адтæй хъæбæр хъазар æма зæрдтагон. Æхе амондгун худта уомæй, æма, Ирон театрмæ æрбацæугæй, æрæййафта ма си æцæг ирон аййев дзурди дæснити, куста сæ хæццæ – етæ адтæнцæ Сланти Къоста, Мерденти Юрий, Темирати Дауит æма иннетæ. Уонæн сæрæвæрæн искодта нæрæмон актер, Роберти æмгъæуккаг Цæрукъати Александр (Дзибокка).
Берæ дзорæн ес Иристони адæмон артист Битъæти Роберти цард æма берæвæрсуг исфæлдистади туххæй. Фал æз цубурæй зæгъдзæнæн уотæ: Роберт адтæй сугъзæрийнæ адæймаг. Хуарз бийнонти, фæнзуйнаг кæстæрти хестæр.Абони нин куд нæ фагæ кæнуй æ ирон гъæздуг, зæрдæскъæфгæ дзубанди, æ фæлмæн медбилтихудт.
Робертæн æ аци къарæмæ кæсгæй, зæрдæбæл æрбалæууй, кæддæр журналистти хæццæ дзубандигæнгæй ци сагъæссаг гъуди загъта, е: «Спектакль ку фæууа, театрдзаутæ сæ фæрнæйдзаг хæдзæрттæмæ ку рапурхæ уонцæ, уæдта мæ цæстæ рахæсдзæнæн, зингхуст актерти къартæбæл æма син зæгъдзæнæн «хуæрзæхсæвæ»… Рохсаг нæ, фал – хуæрзæхсæвæ. Рохсаг зæгъунмæ æвзаг нæ тасуй. Гæрр, куд ес зæгъæн Уатати Бибо нæбал æй, зæгъгæ? Кенæдта Тæбæхсаути Бало, Хъалæгати Федя, Хурумти Урузмæг, Берæгъти Къоста, Саламти Къола, Сланти Къоста, Годжицати Исахъ… Нур дæр ма театр сæ нифсæй ку цæруй, уæд?.. Цæрунцæ æма цæрдзæнæнцæ цардæгæсти зæрдити æностæмæ…»
Нур ба Роберт æхуæдæг дæр банæхстæр æй сæ размæ се ’носон дуйнемæ… Зундæй адæймаг уой бæргæ лæдæруй, фал уæддæр зæрдæ ба, рохсаг уо, зæгъгæ, зæгъун нæ комуй… Æ фурристæй айдагъдæр æй исгъæрзунгъон: «Цæрис æма цæрдзæнæ цардæгæсти зæрдити æностæмæ…»