УОЛӔФГӔ БА – БЕРЛИНИ
Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-лейтенант Иван Рослый Устур Фидибæстон тугъди рæстæг, куд тугъдон разамонæг, уотæ архайдта Цæгат Кавказ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнуни тугъдтити. Æма уæди цаутæ æма хабæртти кой кæнуй, фæстугъд ци документалон киунугутæ ниффинста, уонæми. Еци киунугутæй еуей исхудта «Æруолæфт-Берлини», евгъуд æноси 80-аг æнзти райдайæни рацудæй ССР Цæдеси гъæуайкæнуйнади министради рауагъдади. Абони си ци хецæн хæйттæ мухур кæнæн, уонæми дзубанди цæуй 1942 анзи фæззæги Дзæуæгигъæуи рæбун тугъдтити туххæй.
Фегъал дæн, кадæр мин мæ усхъæ ке басхуститæ кодта, уомæй. Мæхебæл исхуæстæн æма талинги рауидтон штаби радгæси.
– Ци хабар æй?
– Бахатир кæнæ, æмбал инæлар, телефонмæ дæмæ дзоруй инæлар Масленников.
Æфсæдти цæгатаг къуари командæгæнæги æхсæви дзæнгæрæг дзорæг адтæй, цидæр ахсгиаг цаутæ ке райдайдзæнæнцæ, уобæл. Исистон телефони хæтæл. Масленникови гъæлæс мæмæ фæккастæй цидæр тухстхуз. Иван Ивани фурт загъта, 37-аг æфсади гъуддæгутæ цудæнцæ, лæгъуздæр куд нæ фæууй, уотæ, зæгъгæ, æма, дан, мæ зæрдæ дарун, 11-аг фестæг гвардион корпус æ ихæстæ Мæздæг æма Вознесейскаяйи бунмæ куд хуарз исæнхæст кодта, уотæ сæ нур дæр ке исæнхæст кæндзæнæй, уобæл.
– Фæццæуй дæмæ бастдзийнади афицер бардзурди хæццæ, – балæдæрун кодта командæгæнæг. – Уомæй базондзæнæ бæлвурд хабæрттæ…
Фронт ци уавæри æй, уой зудтон. Æзинæ ибæл дзубанди кодтан комбриг – 62 æма комбриг-34-йи хæццæ. Бæрæг адтæй: Вознесенскаяйи бунмæ састи бунати байзайгæй æма Елхотти неци исæнтаугæй, гитлеронтæ Орджоникидземæ сæ них ке исараздзæнæнцæ, гæнæн ма ци еунæг рауæн ес, уобæлти, – Нальчикки районбæл. 37-аг æфсад дæр уоми лæудтæй. Æма кæд, Масленникови дзубандимæ гæсгæ, 37-аг æфсади дæр гъуддæгутæ уотæ лæгъуз æнцæ, уæд Нальчик кенæ раттæн, кенæ ба гъуддаг уомæ цæуй.
Æз бадтæн карти уæлгъос æма нæ балæдæрдтæн, политикон кусти корпуси командири хуæдæййевæг, штаби хецау, артиллерий хецау æма ма радгæс никкидæр кæмæ фудздзурдта, етæ уатмæ куд æрбацудæнцæ, уой. Политикон кусти мæ хуæдæййевæг Павел Леонтийи фурт Базилевский мæ уæлгъос ку ‘рлæудтæй, айдагъдæр уæд исхуæстæн хæрдмæ мæ сæрбæл. Мæ агъазгæнæг æма тугъдон æмбæлттæ мæмæ еци цæмæдес каст кодтонцæ. Етæ лæдæрдтæнцæ, корпуси командирмæ сæмæ æхсæвæ ке фæдздзурдтонцæ, е баст ке ‘й цидæр ахсгиаг цауи хæццæ.
Æрбацæугутæн инæлар Масленникови дзубандий туххæй радзоргæй, æз загътон мæ гъуди Нальчикки тæссаг хъисмæти туххæй. Фал бастдзийнади афицери æрцудмæ нæ бон неци бæлвурд гъуддаг бакæнун адтæй. Æз айдагъдæр еци бардзурд равардтон, цæмæй штабмæ фæдздзурдтайуонцæ хæйтти командиртæмæ.
Цæгат къуари минæвар тугъдон амунддзийнадæ æрхъæртун кодта, рохс кæнун ку райдæдта, уæд. Корпус гъæуама тæккæ абони, 27 октябри, искæна æртинсæй километри æма дуккаг сæумæ гъæуайкæнуйнадон бунæттæ байахæсса Беслæнигъæу-Æрхонкæ-Фиййагдон-Дзиуаригъæуи, гъома, сахар Орджоникидземæ хæстæг бацæуæнти.
Корпусæн тагъд-тагъдæй ци бардзурд кустгонд æрцудæй, е нисан кодта: 62-аг хецæн денгизон фестæг бригадæ 98-аг гвардион артполкки фиццаг æма æртиккаг дивизионтæмæ æма 73-аг танкити нихмæ тохæг хецæн дивизиони хæццæ, Черменигъæубæл, Орджоникидзебæл, Гизæлбæл бахезгæй, ахæссуй Фиййагдон-Дзиуаригъæу. 52-аг хецæн минометон дивизион гъæуама адтайдæ Фиййагдонæй цæгатæрдæмæ, 62-аг æма 34-аг бригæдти ‘хсæн.
Багъæуаги сахатти корпуси цæттæй ке дардтан, еци 47-аг танкитæхсæг дивизион, 6-аг хецæн минометон батальон æма 54-аг хецæн пулеметон батальон гъæуама тохæн бунæттæ байахæстайуонцæ Дæллаг Санибай рази. Корпуси штаб 54-аг зенитон дзармадзанти батарейи хæццæ æ бунат баййивтайтæ Орджоникидзейæй дæс километрей бæрцæ уоддæр, Гизæлмæ.
Сæумæй 27 октябри авд сахаттебæл фæсседтæн хæйтти командиртæмæ æма син равардтон еци бардзурд. Уомæй раст еу сутки фæсте корпус байахæста, ци бунæттæ ин амунд адтæй, уони. Æрæги Мæздæги куд адтæй, уотæ бабæй нур дæр мах разиндтан, знаги 1-аг танкон æфсад æ сæраг хъауритæ кумæ исаразта, еци рауæн.
Кæрæй-кæронмæ дæр корпуси раззаг тохæн бунæттæ адтæнцæ, фестæгæй бахезæн кæбæлти адтæй, уæхæн тæнæг хуæнхон цæугæдон Фиййагдони билтæбæл. Е неци уоййасæ цæлхдор адтæй немуцаг фестæг æфсадæн, танкитæн ба уæлдайдæр.
Бунæттон цæргутæ берæ хъауритæ бахарз кодтонцæ ами гъæугæ гъæуайгæнæн фæрæзнитæ исаразунбæл. Силгоймæгтæ, зæрæндтæ, сувæллæнттæ къахтонцæ доргун зæнхæ, ластонцæ сикъит, еуæй-еу рауæнти траншейти фæрстæ федар кодтонцæ каутæй. Мингай адæймæгути уодуæлдай фæллойни фæрци къахт æрцудæй, лæг лæугæй кæми нигъулдæй, æртæ уæхæн траншейи, танкити æрбампурстæй уæлдай тæссагдæр кæми адтæй, Фиййагдони æма Дзиуаригъæуи ‘хсæн, еци рауæн ба искъахтонцæ танкитæн æрбахезæн кæбæлти нæ адтæй, уæхæн арф уæрмитæ.
Сæ дæргъæ 50, 100, 200 километри æма никкидæр фулдæр кæмæн адтæй, уæхæн гъæуайкæнуйнадон бунæттæ цал æма цал искъахтонцæ еци тæссаг рæстæг Кавкази алли гъæути цæргутæ! Цæйбæрцæ лæгдзийнадæ æма хъаурæ равдистонцæ етæ уæлахези сæрбæлтау! Нерæнгæ ма нур ка банцадæй, еци уарунтæй уомæл зæнхæ лæпп-лæпп кодта къæхти буни, фал траншейтæ фæссор æнцæ. Сæ лигъз фæрстæ, хуарз над бруствертæ дзорæг адтæнцæ, сæ аразгутæ зæрдиаг куст ке бакодтонцæ, уобæл.
Фиййагдони размæ исæмбалдан 34-аг хецæн фестæг бригади командир болкъон Александр Василийи фурт Ворожищев æма 1-аг фестæг батальони командир капитан Николай Николайи фурт Радаевбæл. Капитан æ роти командирти зонгæ кодта тохæн бунæтти хæццæ. Æригон, хуæрзконд комбати зæрдæмæ фæццудæнцæ траншейтæ. Фал бригади командири цæсгонбæл зиндтæй цидæр гъиги тæлмæ.
– Ци ‘рцудæй, Александр Василийи фурт? – рафарстон æй.
– А гъуддаг нæй, æмбал инæлар, – арф ниууолæфтæй Ворожищев. – Нартихуари ранигъулдан æма нæмæ æгириддæр неци зиннуй.
Æз ракастæн размæ. Æцæгæйдæр, нартихуари бæзгин хумæй неци зиндтæй.
– Гъай-гъай, абæлти траншейтæмæ æрбагъузун хъæбæр æнцон æй, – исарази дæн æз. – Бафтауæ æвæстеуатæй будур лигъз кæнунбæл.
Александр Василийи фурт фæдздзурдта, æ хæццæ ка адтæй, еци командиртæй еуемæ æма ин гъуддаг балæдæрун кодта. Мах фæрраст ан Дзæуæгигъæуи ‘рдæмæ. Æма цæйбæрцæбæл идарддæр цудан, уойбæрцæ хъæбæрдæр уидтан, берæ рауæнти нæ раззаг тохæн бунæттæ танкити æрбампурстæй тæссаг рауæнти ке адтæнцæ, уой.
Фиййагдони хонсаргæрон нæ капитан Радаев «равардта» æртиккаг батальони командир хестæр лейтенант Андрей Федори фурт Чугуновæн. Е дæр хуæст адтæй, Радаев ци гъуддæгутæ кодта, уæхæнттæбæл. Аци батальони размæ цæугæдонæн адтæй бæрзонд æма æмдзæхгæр билæ. Абæлти танкитæ æнцонæй не ‘рбагæпп ласдзæнæнцæ, æма комбатæй федарæй æруагæс кодта, æ батальони тохæн бунæттæн æгириддæр нецæмæй тæссаг æй.
Уой фæсте бахаудтан 2-аг батальонмæ, командæ ин кодта хестæр лейтенант Михаил Гурийи фурт Сараев. Батальони тохæн бунæттæ æрæнцадæнцæ лигъз æма игон бунæтти. Раст зæгъун гъæуй, ами цæттæ адтæй танкити нихмæ къахт. Фал комбатæй не ‘руагæс кодта, зæрдæдаргæ цæлхдор æй, е. Фæлтæрддзийнадæмæ гæсгæ зудта, дæс æма инсæй хуæдтæхæгей бон ке æй уоми танкитæй бацæуæнтæ исæзмæнтун.
– Корун æма нин уæдта дууæ батарейи æрбагæлдзетæ, – ниллигъстæ кодта Сараев нæ дууемæй кæмæй курдта, уой нæ балæдæрун кæнгæй.
– Мæ бон нæй, æмбал Сараев, нæй мæ бон, – федарæй загъта Ворожищев. – Ци æртæ батарейи мæмæ ес, уонæй дууæ æнцæ дæумæ, æртиккаги ба автоматчикти батальонæн равардтон. Ма мæмæ фæххæран уо, мæ лимæн, – фæлмæн гъæлæси уагæй ма загъта комбриг.
Æз уидтон, Сараеви цæсгон куд фæттар æй, Ворожищевæн æхецæн дæр еци хабар куд зин адтæй, уой. Æнцон кæми адтæй мæнæн дæр. Æз хъæбæр хуарз лæдæрдтæн: аци рауæн æрфедар кæнуни туххæй си ци ес, еци тухтæбæл бафтаун гъæуй æгирид неци, уæддæр танкитæхсæн дзармадзанти æртæ батарейи. Махæн нæ бон нæ адтæй Сараевæн еунæг батарей раттун дæр.
Капитан Аликпер Кадыр Халилов кæмæн командæ кодта, еци цуппæрæймаг батальон тохæн бунæттæ байахæста Дзиуаригъæуи нигулæнварс. Ами дæр ма фæууидтан бæлвурд нисанмæ арæзт æма дæсни архайд: комбат æ сæйраг хъауритæ бамбурд кодта рахесфарси Алагирæй Орджонидземæ надмæ хæстæг.
Изæрæрдæмæ бахъæрттан Майрæмадагмæ. Ами адтæй бригади штаб, е ‘нхусадон къабæзтæ æма багъæуаги сахатти тухтæ – капитан Березови автоматчикти батальон. Батальони фулдæр хай адтæнцæ Каспийи С.М. Кирови номбæл тугъдон-денгизон училищей курсанттæ.
Дуккаг бон ма уæхæн «экскурси» рахес фарс гъæуагæнæг 62-аг бригадæмæ исаразгæй, æз гурусхæ набал кодтон – еугур рауæнти дæр сæ ихæс балæдæрдтæнцæ, бардзурд æнхæстгонд цæуй, куддæриддæр гъæуй, уотæ.
Корпуси тохæн бунæттæн танкитæй цæйбæрцæбæл тæссаг æй, уобæл гъуди кæнгæй, æз катай кодтон, æрдзон цæлхдортæ си æгæр минкъий ке уодзæнæй, уобæл. Танкитæн сæ бон æнцонтæй уодзæнæй дууердæмæ кæнун Æрæдони урух будурти. Багъæуаги сахатти бæргæ хуарз фæййагъаз адтайуонцæ еу рауæнæй иннæ рауæнмæ æнцонтæй баййевæн танкитæхсæн фæрæзнитæ. Гъулæггагæн, уæхæн фæрæзнитæ корпусмæ нæма уодзæнæй.
Уомæй æндæр нæмæ адтæй æмбесонди адæм. 34-аг фестæг бригади тохæн бунæттæбæл зелгæй, мæнæн фæцæй адæми хæццæ хæстæг базонгæ уни фадуат. Етæ адтæнцæ æригон, хъаурæгин биццеутæ, хуарз лæдæрдтæнцæ сæ ихæс, цæттæ адтæнцæ знаги хæццæ тохи бацæунмæ.
Уæддæр ци æркодта корпус Владикавкази тæккæ бунмæ, – бафæрсун æй æ бон киунугæкæсæгæн, фронти кæци цаутæ бадæмдтонцæ комкоммæ аци рауæн æрфедар ун?
Тугъди ахид рауайуй уотæ, æма цæттæ кæнис еу гъуддагмæ, кæнун ба дæ багъудæй æндæр. Уотæ рауадæй нур дæр.
Мæздæги, Малгъæвæги æма Елхотти бунмæ знагæн æ тухтæ ку байсустæнцæ, уæд нæ командæкæнуйнадæ (æз дзорун æфсæдти Цæгати къуари командæгæнæг инæлар Масленникови æма Фæскавкази фронти командæгæнæг инæлар – Тюленеви туххæй) баунаффæ кодта: махæн дæр базмæлун афонæ ‘й. Размæмпурсти афонæ ма адтæй уомæн дæр, æма нæ тухтæбæл бафтудæй. Æфсæдти къуармæ æрбацудæй фараст артиллерион полкки, нæуæг минометон хæйттæ. Уомæй идарддæр ма си адтæнцæ: танкитæхсæн артиллерий 10 полкки, 5 танкон бригади, 8 хецæн танкон батальони, 6 бронепоезди, гвардион минометти цуппар полкки. Зингæ тухгиндæр фæцæй æфсæдти къуарæн агъазгæнæг 4-аг уæлдæфи флот дæр.
Цубурдзурдæй, знагæн дзæбæх цæф никкæнуни туххæй Цæгатаг къуари тухтæ адтæнцæ фагæ, кæд æма ма танкитæ æма авиаци гитлеронтæмæ фулдæр адтæй, уæддæр.
Знагæн нихкъуæрд раттун хъæбæр гъудæй. Фæстаг тугъдтити састи бунати байзайгæй, фашисттæ, раст зæгъун гъæуй, еугур дуйнебæл нæбал гъæр кодтонцæ, Сурх Æфсад дæрæнгонд æрцудæй æма æнæкъулумпийæй Цæгат Кавкази размæ цæуæн, зæгъгæ. Тæккæ афонæ адтæй нур уони нæ тухтæбæл баууæндун кæнунæн. Е фæббæрæг уидæ не ‘фсæддонти зæрдиуагæбæл, исразæнгард сæ кæнидæ нæуæг æнтæстдзийнæдтæмæ. Командæкæнуйнадæ уой дардта æ зæрдæбæл. Уомæй уæлдай ма нæ размæмпурст æнæфæззингæ нæ адтайдæ Сталингради бунмæ уавæрбæл, уоми ба цудæнцæ карз тугъдтитæ.
Мæздæги, Мæлгъæвæгæрдæмæ размæмпурст цæттæгонд цудæй хъæбæр лæмбунæг, нисангонд адтæй æртиккаг ноябрмæ. Фал нæ пълантæн исæнтæсун нæ бантæстæй.
Мæздæги æма Елхотти бунмæ фæссикк уогæй, знаг равзурста æ амонд æндæр æрдигæй байагорунбæл. Уомæн равзурста Нальчикки район. Ами 13-аг æма 23-аг танкон дивизитæ, румынæгти 2-аг хуæнхон-фестæг дивизи, полк «Бранденбург» æма берæ æндæр хæйттæ æрæмбурд кæнгæй, знаг æ цæф æруагъта 37-аг æфсадбæл. Æнæ танкитæ æма, багъæуаги сахатти ка фæууй, æнæ уæхæн хæйттæй æфсади лæмæгъ тухтæ ахæстонцæ 120 километрей уæрхæн фронт, сæ бон нæ бацæй уойбæрцæ танкити нихмæ фæллæун æма фæстæмæ цæун байдæдтонцæ Кавкази сæйраг хуæнхти цæгаттаг фæхсти ‘рдæмæ. Нальчикки разæй фашисттæ сæ танкитæ исаразтонцæ искæсæнмæ, Орджоникидзей ‘рдæмæ. Сæ зæрди адтæй сахари исмедæг ун æма идарддæри размæмпурстæн сæхецæн парахат фадуæттæ исаразун.
Гитлеронти идарддæри нисантæ ба адтæнцæ уæхæн: Ацилихъхъæй Вознесенскаямæ нади фæрсти цæгатæрдæмæ ниццæвун, 90-аг æфсади къилдунмæ рацæун æма, уой ниппурхæ кæнгæй, цæугæдон Сунжи билтæбæл Грознамæ, Махачкаламæ æма идарддæр Бакумæ æмпурсун. Сæ тухти еу хай немуци зæрди адтæй Арвикомбæл Тбилисимæ исаразун.
Уой фæсте куд рабæрæг æй, уотемæй еци ихæс æвæрд адтæй румыйнæгти 2-аг хуæнхон-фестæг дивизибæл.
Куд уинæн, уотемæй октябри кæрони Нальчиккæй Орджоникидзей ‘хсæн исæвзурдæй хъæбæр тæссаг уавæр. Гитлеронтæ лæбурдтонцæ Цæгат Иристони сæйраг сахармæ æма сæ гъудæй бауорамун. Фал циуавæр тухтæй æнгъизтæй бауорамун еугур 4-аг уæлдæфон тухти домбай агъазæй Цæгат Иристони лæгъуз будурти размæ ка цудæй, еци дууæ танкон дивизий? Нæ командæкæнуйнади нæ фæндадтæй уой туххæй сæйраг цæфæн æмбурдгонд къуарæй тухтæ есун.
Уотемæй уавæр карзæй-карздæр кодта еу сахаттæй иннемæ æма домдта æвæстеуат мадзæлттæ бакæнун. Фашистти танкити колоннити нихмæ æрвист æрцудæй 10-аг фестæг корпус, цæугæдон Ирæфи билтæбæл куд æрфедар адтайдæ æма знаги куд бауорæдтайдæ, уотæ. Корпуси командир инæлар-лейтенант И.Е. Ловягини размæ лæудтæй хъæбæр вазуггин ихæс: урух фронти гъæуайкæнуйнади цæугæ-цæугæй аразун.
Уой фæсте цитæ ‘рцудæй, етæ адтæнцæ кæрæдзей нихмæ цæуæг тухти æвеппайди тугъди хузæн. Рæстæг дæр знагæн куста, тухтæ дæр уомæ фулдæр адтæй, æма исфæндæ кодта Ловягини тухтæбæл аллирдигæй æртухсун. 10-аг корпус рахуæстæй фæстæмæ.
Æвæдзи æма Цæгатаг къуари командæгæнæг гъуддагæн уотæ рауайунмæ дæр æнгъæлмæ кастæй. Уомæй уæлдай 27 октябри сæумæй 11-аг гвардион фестæг корпус фæдесæй нæ исистун кодтайдæ æма ‘й сахар Орджоникидзей æндаг гъæуайгæнæнти не ‘рæвардтайдæ. Уотемæй ба еци корпус Цæгатаг къуари командæкæнуйнадæ дардта багъæуаги сахаттæн, испайда си кæнуйнаг адтæнцæ 9-аг æфсади хæццæ размæмпурсти рæстæг.
Инæлар Масленниковæн æнцон кæми адтайдæ, æхуæдæг ке исаразта, еци хъазауатон къуар фехалун, фал уавæр уотæ домдта. Мæздæги бунмæ фашистти ниццæвунæн ци тухтæ нисангонд адтæй, уонæй фæстæдæр берæ гæлст æрцудæй Орджоникидземæ.
31 октябри æнæгъæнæ бон нæ корпуси хæйттæ нивæбæл кодтонцæ гъæуайкæнуйнадæ, сæхе цæттæ кодтонцæ знагбæл исæмбæлунмæ.
Ворожищеви бригади командиртæ сæ бунæттæ байахæстонцæ фæлгæсæнти, дзармадзантæ æма минометтæ цæттæ адтæнцæ тугъдмæ. Денгизон фестæгæфсæддонтæ (етæ ба адтæнцæ бригади фулдæр хай) цæттæ адтæнцæ знагбæл гъæугæ хузи исæмбæлунмæ.
Изæрмæ бригади сæрти æрбахизтæнцæ, 10-аг фестæг корпуси хæйтти фæстæмæ цуди æдасдзийнадæ ка гъæуай кодта, еци æфсæддонтæ. Нур гитлеронтæй мах корпуси хæйтти ‘хсæн нæбал байзадæй еунæг уодгоймаг дæр, не ‘сгаргути ку нæ нимайæн, уæд. 34-аг бригади командир æртæ къуари рарвиста Хæтæлдон æма Рассветмæ. Сгаргути размæ лæудтæй зин ихæс: гъæуама базудтайуонцæ знаги тухти бæрцæ, æ фæндитæ æма, хъæбæрдæр кæцирдæмæ ниццæвуйнаг æй, уой.
Хæтæлдонмæ ци къуар рандæй, уой бафеппайдта, 31 октябри изæрæй еци гъæумæ ке бацудæй гитлеронти къуар – дæсгай мотоциклисттæ æма тæккæ минкъийдæр дæс æма инсæй танки. Æвæдзи, етæ адтæнцæ 13-аг танкон дивизий сгаргутæ æма раззаг къуар. Æхсæви тари не ‘сгаргутæ æрбаздахтæнцæ фæстæмæ.
Æндæр хузи исæнхæст кодта æ ихæс, Рассветмæ ка рандæй, сгаргути еци къуар. Ами адтæнцæ автоматчикти батальони курсанттæ Воронцов, Самонов, Сыч, Похваленко, Паршин, Данильянц, Мамаев, Ильин. Сæ сæргъи адтæй кæстæр лейтенант Целиков. Етæ кастæнцæ æнæцохæй. Рассвети фашисттæ æрæмбурд кодтонцæ инсæй танкей бæрцæ æма берæ фестæг æфсад.
Æмбесæхсæвæ къуар еугурæйдæр æрæмбурд æй дзурдгонд бунати. Ихæс æнхæстгонд æрцудæй, адтæй фæстæмæ цæуæн. Фал денгизонти нæ фæндадтæй, гитлеронтæн ести фидбилиз нæ бакæнгæй раздæхун.
– Æмбал кæстæр лейтенант, мæнæ ами, хæстæг æй се штаб, – æ фæндæ балæдæрун кодта курсант Сыч.
– Мадта штаббæл нæхе рандзарæн æма тугъд фæккарздæр кæнæн, – балæдæрдтæй æй Целиков. – Æма нæхе штабмæ ба нæ бæрæггæнæнтæ ка бахъæртун кæндзæнæй?
– Бригадæмæ рарветæн ес еу-дууемæн, – загъта Ильин.
– Гъема хуарз, цотæ уæ дууæ Сыч, – фæууорæдта ‘й командир.
Ильин æма Сыч сæ сæртæ æруагътонцæ.
– Уæ зæрдæмæ нæ цæуй? – рафарста сæ Целиков. – Хæлттæ исгæлдзетæ, мадта.
Æ халæ не ‘схуадтæй Самоновæн. Иннæ сгаргутæ кæстæр лейтенанти хæццæ хæдзæртти æма горенти аууæнтти гъузгæ-гъузгæ æрбахæстæг æнцæ гитлеронти штабмæ.
Гъæуайгæнæги æнæ хъипп-æнæ суппæй «бафснайгæй», денгизонтæ бавзурстонцæ штабмæ медæмæ бацæунбæл, фал гъæунгти æрцæйцæуæг немуцаг патруль фæууидта мард гъæуайгæнæги æма фæдес исиста. Сгаргутæ айтæ-уйтæ нæбал фæккодтонцæ, знагбæл гранаттæй медæмæ ралæудтæнцæ. Гъæунгæмæ ци гитлеронтæ лигъдæнцæ, уони ба æхстонцæ.
Тургътæбæл æма цæхгæрмæ гъæунгти сгаргути къуар фендæдуар æй Рассветæй, надбæл ма басугътонцæ еу бензинласæн автомашинæ.
Минкъий фæстæдæр сгаргутæ адаги фæрраст æнцæ нæхеуæнттæмæ. Фиййагдони сæрти æрбахезгæй сæ цуд фæссабурдæр кодтонцæ. Рассвет æрдигæй сурх-сурхид радардта сæуæхсед, къæр-къæр кодтонцæ автоматтæ.
Никкидæр ма сгаргути еу къуар атвоматчикти ротæй командир хестæр лейтенант М.М. Кирьяни разамундæй архайдта разæй, Рассветæй минкъий идарддæр. Сæ ихæс исæнхæст кæнгæй, сгаргутæ æздахтæнцæ нæхеуонтæмæ, фал сæ Рассвети рази æрæстæфтæнцæ гитлеронтæ æма сæ æхсун райдæдтонцæ. Сгаргутæ нæ фæккиудтæнцæ, фал карз тохи уæззау цæф фæцæй роти командир.
Æмбесбонмæ хæстæг 1 ноябри, 34-аг бригадæ кæми лæудтæй, ецирдигæй райгъустæнцæ дзармадзанти еугай гæрæхтæ. Цалинмæ корпуси штаби хецау дæлболкъон Глонти бригади штаби хецау дæлболкъон Каравани хæццæ телефонæй дзурдта, уæдмæ гæрæхтæ басабур æнцæ. Куд рабæрæг æй, уотемæй фашистти фæндадтæй мах тухтæ исбæрæг кæнун. Фиййагдони нигулæн билтæбæл ци къотæртæ адтæй, уони ‘хсæнти æрбахезгæй, дæс танкей бæрцæ æрбахæстæг æнцæ дуккаг батальони размæ æма ибæл нимпурсунбæл равзурстонцæ. Фал сæ размæ, танкитæн рахезæн кæбæлти нæ адтæй, уæхæн къахт ку рауидтонцæ, уæд ниллæудтæнцæ. Махонти дæр ма æндæр ци гъудæй – танкитæхсæн топпитæй сæбæл ралæудтæнцæ æма еу машинæ иссугътонцæ. Иннетæн сæ сæр сæ кой иссæй. Æма кæд нæ тугъдонтæн æхцæуæн адтæй, уæддæр лæдæрдтæнцæ: е адтæй бæрæггæнæн лæбурд.