23 апреля 2024

«ЗӔРДӔБӔЛДАРУНИ РӔЗБУН»

15.04.2022 | 11:32

Устур Фидибӕстон тугъди нӕ Цитгин Уӕлахези кадӕн Уӕрӕсей Федераций Президент Владимир Путини бафӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цалдӕр анзей дӕргъи уалдзӕги арӕзт ӕрцӕуй Ӕхсӕнадӕмон акци «Зӕрдӕбӕлдаруни рӕзбун». Нӕ историон зӕрдӕбӕлдаруйнадӕ ӕма советон адӕми ӕскъуӕлхтдзийнади ӕнӕмӕлгӕ намус багъӕуай кӕнуни гъуддаги уомӕн ӕ ахедундзийнадӕ хъӕбӕр агъазиау ӕй. Нисангонд ба ӕрцудӕй Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау ӕ цард ка иснивонд кодта, уони рохс нӕмттӕ исӕносон кӕнун. Уони номерӕнӕн алли анз дӕр арӕзт ӕрцӕуй рӕзбӕлӕсти талатӕ. Аци анз Уӕрӕсей еугур рауӕнти арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй 27 миллион талай – тугъди будурти немуцаг-фашистон ӕрдонгти нихмӕ тугъдтити рӕстӕг ка фӕммард ӕй, уони нимӕдзи бӕрцӕ. Цӕгат Иристони алли рауӕнти арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй аллихузон рӕзбӕлӕсти  34300 талай. Еци арфиаг мадзали архайдзӕнӕнцӕ нӕ республики цӕргутӕ кӕстӕрӕй-хестӕрӕй.

 

Аци мадзалӕн ма еума ахсгиаг нисанеуӕг ес – уой фӕрци ирддӕрӕй рабӕрӕг уодзӕнӕй нӕ Фидибӕсти еугур адӕмти еудзийнадӕ ӕма ӕмзӕрдӕдзийнадӕ, нӕ Райгурӕн бӕсти намус ӕма кадӕбӕл рӕстуодӕй ауодундзийнадӕ, ӕ сӕрбӕлтау ӕновуӕдӕй архайунмӕ цӕттӕдзийнадӕ. Уомӕ гӕсгӕ ба ни алкедӕр ихӕсгин ӕй еци мадзали разӕнгардӕй байархайунӕй.