06 октября 2024

ЗӔРДХӔЛАР СИНХОН – ХУЦАУИ ЛӔВАР

10.06.2022 | 09:33

Кирови райони Комсомольски гъæуи аци анз нур æртиккаг хатт исбæрæг кодтонцæ Синхæгти дуйнеуон бон. Анзæй-анзмæ бæрæгбони программæ кæнуй гъæздугæй-гъæздугдæр. «Зæрдхæлар синхæгти фестиваль», – уотæ исхудтонцæ комсомольскæгтæ сæ бæрæгбон æма имæ æрбахудтонцæ айдагъ Цæгат Иристони хæстæгдæр районтæ æма гъæути минæвæртти нæ, фал ма синхаг республиктæй дæр.

Фусунтæ зæрдæхцæуæнæй исæмбалдæнцæ сæ иуазгутæбæл, етæ адтæнцæ: республикæ Дагестани делегаци, æ разамонæг, Табасарайнаг райони Марагайи гъæуи хестæрти Совети сæрдар Кумалат Кумалатов, Республикæ Кæсæг-Балхъари делегаци, æ разамонæг, Æхсæнадон палати иуонг, Теркаг райони Æхсæнадон палати сæрдар Мурадин Керефов. Цæцæни республикæй æрбацудæй дууæ делегаций, сæ сæргъи Грознайаг райони Рахесфарси гъæуи администраций сæргълæууæг Шамил Джамалдаев æма Шелковскойи райони Къоби гъæуи администраций сæргълæууæг Лечи Фадиев.

Бæрæгбони цитгин иуазгутæ иссæнцæ Цæгат Иристони Сæргълæууæги æнхæстбаргин минæвар республики муниципалон искондти Совети Фадзайти Æхсарбег, политикон парти «Еугонд Уæрæсе»-й регионалон хайади сæрдари хуæдæййевæг, нæ республики Парламенти депутат Фуад Кязымов, муниципалон искондти Совети æнхæстгæнæг директор Дзестелти Барис, территорион-æхсæнадон хеунаффæйади Еумæйаг националон ассоциаций совети иуонг, Уæрæсей Федераций территорион æхсæнадон хеунаффæйади ирæзти стратеги 2030 анзи уæнгæ æнхæст кæнуни разамонæг Геннадий Родионов, наукон-æртасæн университет «Экономики уæлдæр скъола»-й наукон косæг, политикон наукити кандидат, еугуруæрæсеуон проект «Зæрдхæлар синхæгтæ»-йи разамонæг Сергей Кузнецов, нæ республики Рахесфарси æма Горæтгæрон районти территорион æхсæнадон хеунаффæйади сæрдартæ.

Бæрæгбон æ гъæубæстæн æма иуазгутæн арфи дзурдти хæццæ байгон кодта Комсомольски гъæуи администраций сæргълæууæг Аулохти Валери.

– Синхæгти бон махæн иссæй традицион, æма ‘й бæрæг кæнæн алли анз дæр. Æхцæуæн нин æй, анзæй-анзмæ нæмæ фулдæрæй-фулдæр иуазгутæ ке цæуй, е. Зæрдиаг арфæ син кæнæн, ке нæ базийнадæ кодтонцæ æма, сæ гъуддæгутæ ниууадзгæй, нæ цийнæбæл цийнæ кæнунмæ ке ‘рбацудæнцæ, уой туххæй. Арфиаг дæн мæ гъæубæстæй, территорион æхсæнадон хеунаффæйади иуонгтæй. Етæ алкæддæр æнцæ мæ фарсмæ, дæттунцæ мин нифс, æнкъарун син сæ устур агъаз. Идарддæр дæр косдзинан еумæ æма архайдзинан, цæмæй нæ гъæу кæна рæсугъддæр, æма си ауæхæн бæрæгбæнттæ аразæн ахидæй-ахиддæр, – загъта е.

Иуазгутæ æма Комсомольски гъæуи цæргутæн аци дессаги рæсугъд бæрæгбони фæдбæл зæрдиагæй райарфæ кодта Кирови райони бунæттон хеунаффæйади администраций сæргълæууæг Бæтиати Хъазбег.

Территорион æхсæнадон хеунаффæйади Еумæйаг национ ассоциаций сæрдар, Паддзахадон Думи депутат Виктор Кидяеви арфитæ бакастæй Геннадий Родионов.

Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æма æхе номæй гъæуи цæргутæ æма иуазгутæн зæрдибун арфитæ ракодта Фадзайти Æхсарбег. Æ радзубандий кæронбæттæни загъта:

– Устур æхцæуæн хабар æй е, æма цæргути хæццæ дууердæмæ бастдзийнадæ æма территорион æхсæнадон хеунаффæйади ирæзти туххæй 2020 анзи Еугуруæрæсеуон конкурс «Хуæздæр муниципалон фæлтæрддзийнадæ»-йи комсомольскæгтæ райстонцæ дуккаг бунат æма хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ 15 миллион сомемæй. Амæй фæстæмæ ба фиццаг бунæттæ куд ахæссонцæ, уæхæн арфæ сæ уæд.

Æ радзубандий Фуад Кязымов уой баханхæ кодта, æма ауæхæн аллианзон бæрæгбон æ еугур хуарздзийнæдтæй уæлдай устур агъаз ке æй Кавкази республикити ’хсæн зæрдхæлар синхæгти рахастдзийнæдтæ федар кæнунæн, е ба хуарз фæрæзнæ ‘й бæсти æнгомдзийнадæн æма гъомусадæн. Бæрæгбони рæстæг Фуад Кязымов æма Еугуруæрæсеуон политикон парти «Родина»-йи бунæттон хайади сæрдар Сæлбити Лангæ Арфи гæгъæдитæй исхуарзæнхгин кодта гъæуи цæргутæй бæрæгбони исарæзтбæл зæрдиагдæр архайгути.

Зæрдæбæлдарæн лæвæрттæ æрбаластонцæ синхаг регионти иуазгутæ дæр. Зæгъæн, Кумалат Кумалатов – дагестайнаг армдæснити конд нимæт, уæлдзарм ходæ æма хъæма балæвар кодта гъæуихецауæн. Лæвæрттæ раттуни фæсте Мурадин Керефов лæмбунæг радзурдта Кирови æма Теркаг районтæ, уæдта Комсомольски гъæу æма Уæллаг Курпи ’хсæн зæрдхæлар рагон рахастдзийнæдти туххæй.

Æ радзубандий Сергей Кузнецов дæр фæббæлвурд кодта бæрæгбони ахедундзийнадæ:

– Уæлдай хуарз ба е æй, æма дзилли еугур фæлтæртæ дæр, хецаудзийнади еугур къабæзти минæвæрттæ дæр ке архайунцæ, уæдта ауæхæн агъазиау мадзал Комсомольскийи хузæн минкъий гъæуи арæзт ке цæуй. Уинæн æй, е еу гъæуи бæрæгбон нæй, фал еугур синхæгти, фæрсæй-фарсмæ цæрæг адæмихæттити бæрæгбон.

Æма абони ци арфи дзубандитæ игъусуй, етæ ‘нцæ тæккæ устурдæр аргъгæнæг гъæуи сæргълæууæг æма æ командæн. Бæрæгбон исфедудта Комсомольски сæргълæууæг Аулохти Валери Цæцæни республики гъæутæ Правобережное æма Къоби администрацити сæргълæугутæ Шамил Джамалдаев æма Лечи Фадиеви хæццæ æмархайд æма æмгустади бадзурдтæ ке бафинстонцæ, уомæй.

Бадзурдтæ бафинсуни фæсте бунæттон «Зæрдæбæлдарæн рæзæдонæ»-йи хæлардзийнади нисанæн ниййаразтонцæ тала бæлæстæ. Уой фæсте иуазгути æма бæрæгбони архайгути рабадун кодтонцæ гъæздуг фингити уæлгъос. Нæ рагфидтæлти æгъдаумæ гæсгæ куд æмбæлуй, уотæ къеретæ æма бæгæнийæй искувтонцæ æма ракурдтонцæ дуйней сабурдзийнадæ æма хуарзæнхитæ.

Фал «Хæларзæрдæ синхæгти фестиваль» уобæл нæ рахецæн æй. Гъæуи идарддæр цудæнцæ аллихузон конкурстæ, спортивон еристæ, адæмон кæфтитæ, игъустæнцæ республики сцени дæснити зартæгæнгутæ.

Гъæуи астæуккаг хай иссæй армдæснити равдисти бунат. Ами айдагъ алли адæмти хуæруйнæгтæ фæууинæн нæ адтæй, фал си æнгъизтæй исахуадун дæр æма сæ бавзарун исцæттæ кæнун дæр.

Цийнæ, амонд æма хæлардзийнади бæрæгбонæй рацæунмæ сæ къах нæбал хаста гъæубæсти цæргутæ æма иуазгути дæр.

 

ДЗИУАТИ Анжелæ