18 апреля 2024

ЗӔРОНДИ УАРЗӔ, КАДӔ ИН КӔНӔ ӔМА ‘Й ЗУНДӔЙ ФӔРСӔ…

30.09.2021 | 15:24

Рацӕргӕ адӕймӕгути Ӕхсӕнадӕмон бони туххӕй нӕ зӕгъуйнӕгтӕ райдайун фӕндуй Цӕгат Иристони адӕмон поэт Бабочити Руслани финст ӕмдзӕвгӕ «Зӕронд над»-ӕй.

О, рандӕй ӕндӕрбӕлти рӕстӕг,
Ӕ бӕлццӕнттӕ къуӕрттӕй ниппурх ӕнцӕ, –
Нӕбал ес зӕронд надбӕл цӕуӕг,
Гъӕдгинтау, ӕ цалхвӕдтӕ ‘ссудӕнцӕ.
 
Бафиста кадӕ-радӕй е ‘хӕс,
Ездонӕй лӕгдзийнадӕ бавдиста, –
Ӕууӕндтӕй исонбонбӕл ӕрмӕст,
Фӕккодта нӕ гъӕуай фидбилизтӕй.
 
Ӕнсувӕрау е мах лӕдӕрдтӕй,
Нӕ фӕллад ӕнкъардта, нӕ донзонуг.
Берети ни раздахта мӕрдтӕй,
Рӕсог цъаййӕй саста нин не ‘донуг.
 
Нӕ фӕлмасти хӕссидӕ нин нифс,
Ӕвардта нин не ‘нкъарди зӕрдитӕ.
Бунмӕ къоли кӕнидӕ гириз,
Хуймон галау, ласта нӕ хӕрдити.
 
Еске ни ку фӕккеуидӕ, уӕд
Ӕмбалау бадаридӕ ӕ усхъӕ.
Ӕййивта нин, цит, е гъар нимӕт,
‘Хе бауадзгӕй ӕма ӕрбахусгӕй.
 
Зӕронд над, дӕ гъуддаг бакодтай,
Ду бавдистай нин уой уӕлахезӕй, –
Къӕхти буни уогӕй дӕр хатгай
Бӕрзонд гъуди хӕссун ке ӕнгъезуй…

Аци ӕмдзӕвгӕ уомӕ гӕсгӕ ӕримистан, ӕма адӕми царди фӕткитӕ дӕр уӕхӕн ӕнцӕ: еу фӕлтӕр ку базӕронд уй, уӕд ӕ барти бацӕуй ӕ фӕсте ка райрӕзуй, еци нӕуӕг фӕлтӕр. Еци фӕткӕн раййевӕн нецихузи ес, цийфӕнди тухгини бон дӕр неци бауодзӕнӕй. Ӕцӕг, ӕ хӕццӕ ма ци берӕ ӕндӕр хабӕрттӕ баст фӕууй, уонӕн ба еци раййевитӕ-баййевитӕй тӕссаг фӕууй. Уӕлдайдӕр ба – нӕуӕг фӕлтӕр ӕ карни гъуддӕгутӕ аразгӕй, ӕ разӕй кӕци фӕлтӕртӕ адтӕй, уони фӕлтӕрддзийнадӕ ӕма зундӕй ку нӕ пайда кӕна, ӕнӕнвӕрсонӕй сӕбӕл ку исустурзӕрдӕ уа ӕма ӕ цардвӕндаги фӕснадмӕ ку рагӕлдза, уӕд хъӕбӕр фӕррӕдуйдзӕнӕй ӕма ӕ хецмӕрездзийнади фудӕй нӕ фӕррӕстмӕ уодзӕнӕй ӕ бӕлдити. Уой фӕдбӕл нин нӕ курухон рагфидтӕлтӕй берӕ аллихухзон таурӕхътӕ байзадӕй. Мӕнӕ си еу.

ЗӔРОНДИ КА ГӔЛДЗУЙ, Е ӔРИГОНИ ДӔР НӔ ИСХӔСДЗӔНӔЙ…

Актай ОЛИРЗАЕВИ конд хузæ «Уаргъ».

Еу гъӕуи цӕргутӕ сӕ хестӕрти курухон, раст зунди фӕрци гъӕздуг цардӕнцӕ. Гъӕуагӕ нецӕмӕй ӕййафтонцӕ. Гъе, ӕрмӕст сӕ фӕсевӕд ӕгӕр фӕхъхъал ӕнцӕ, кустмӕ сӕ гъос нӕбал дардтонцӕ, ӕнӕгъдау, ӕнӕуагӕ миутӕ кӕнун райдӕдтонцӕ. Сӕ фулдӕр рӕстӕг гъӕздуг фингитӕбӕл ӕрвистонцӕ. Ӕхсӕвӕ-бонмӕ мийнасӕ кодтонцӕ, кафтонцӕ, бонӕй ба – фунӕй кодтонцӕ.

Хестӕртӕ устур мӕти бахаудтӕнцӕ, сӕ кӕстӕрти раст надмӕ куд раздахонцӕ, уобӕл сагъӕс кодтонцӕ. Фал кӕстӕртӕмӕ хестӕрти дзубандитӕ нӕбал гъардтонцӕ, сӕ уайдзӕфтӕ син ӕфхуӕрдбӕл нимадтонцӕ.

Еууӕхӕни ба гъӕуи фӕсевӕд ӕрӕмбурд ӕнцӕ хебӕрагӕ рауӕн. Бадунцӕ, мийнасӕ кӕнунцӕ. Сӕ бохъ цардӕй, сӕхецӕй арази ’нцӕ. Гъе, айдагъдӕр ма сӕ сӕ хестӕртӕ ку нӕ хъор кӕниуонцӕ…

Уӕд си еу уотӕ зӕгъуй:

– Сӕ уайдзӕф ӕма се ’хсилкъӕ дзубандитӕй нӕ бон нӕбал ӕй, зӕрдӕ сӕмӕ фурмӕстӕй тъӕппитӕ хауй! Гъӕугӕ ба нӕ цӕмӕн кӕнунцӕ, гъӕугӕ?!.

– Ӕгириддӕр нецӕмӕн! – исдзурдта иннӕ.

– Хъор даруни хуасӕ нин ӕнцӕ! – загъта ӕртиккаг. – Кӕдмӕ син гъӕуама бухсӕн?! Цӕй ӕма син кӕрон искӕнӕн.

– Куд?! – ӕмгъӕлӕсӕй рафарстонцӕ иннетӕ.

– Рамарӕн сӕ!

– Еци фӕндӕ берети зӕрдӕмӕ нӕ фӕццудӕй, фал син сӕ «миутӕ, се ’фхуӕрӕн» дзубандитӕ еугӕйттӕй «хормӕ калун» ку райдӕдтонцӕ, уӕд еугурӕйдӕр исарази ’нцӕ. Ӕма дуккаг бон сӕ фудвӕндӕ исӕнхӕст кодтонцӕ: ниццагътонцӕ сӕ хестӕрти, сӕ даргути, сӕ зундамонгути. Айдагъдӕр си еу биццеуи зӕрдӕ нӕ базагъта ӕ фиди рамарун. Зӕронд хъӕрӕу фидӕ ин адтӕй. Рӕвдудӕй уӕлдай си еу гурумухъ дзурд нӕ зудта. Байевдалдӕй ӕма уӕрмӕ искъахта. Уоми ӕй баримахста. Уордӕмӕ ин сосӕггай хуӕруйнаг ӕма дон хаста.

Бӕнттӕ цудӕнцӕ, цард ӕхе гъуддӕгутӕ кодта. Гъӕуи фӕсевӕди хъордарӕг нӕбал адтӕй. Дессаги цард сӕбӕл ӕркодта. Сӕ зӕрди фӕндон цардӕнцӕ. Хуӕрдӕ ӕма игъӕлдзӕгдзийнадӕ. Косгӕ нӕбал кодтонцӕ. Ӕма син сӕ хестӕртӕй ци бунтӕ байзадӕй, уонӕн уайтӕккӕ сӕ бунӕй рохс исуагътонцӕ. Фӕстагмӕ сӕмӕ, еумӕйаг фингӕн нӕ, фал ӕхсӕвӕрӕн ци бахуардтайуонцӕ, е дӕр нӕбал адтӕй.

Уӕдмӕ уалдзӕг дӕр ӕрбалӕудтӕй. Хумӕ кӕнун, таун гъӕуй, фал сӕмӕ тауйнаг нӕбал байзадӕй. Ӕрӕмбурд бабӕй ӕнцӕ еу рауӕнмӕ, унаффӕ кӕнунцӕ, идарддӕр ци кӕнгӕ ’й, зӕгъгӕ, фал сӕ сӕрмӕ неци цудӕй, стонг мӕлӕтӕй куд фӕййервӕзонцӕ, уомӕн неци сӕ бон адтӕй ӕргъуди кӕнун.

Ӕ зӕронд хъӕрӕу фиди уӕрми ка баримахста, е еумӕйаг ӕмбурдӕй ку ӕрбаздахтӕй, уӕд имӕ ниххизтӕй. Кӕрӕй – кӕронмӕ ин радзурдта гъӕубӕсти хабӕрттӕ. Зӕронд лӕг ниссагъӕс кодта ӕма фӕстагмӕ ӕ фуртӕн загъта:

– Ӕверхъау миутӕ бакодтайтӕ, кӕстӕртӕ… Ци ’рцудӕй, уомӕн раздахӕн нӕбал ес, фал ма гъӕубӕстӕй уодӕгас ка байзадӕй, уони стонг мӕлӕтӕй фӕййервӕзун кӕнун гъӕуй. Тауйнаг уӕмӕ ке нӕбал байзадӕй, уомӕ гӕсгӕ байевдӕлетӕ ӕма хумзӕнхитӕ нӕ, фал фӕззӕги будуртӕй уӕрдунти хуар ци нӕдтӕбӕл ластайтӕ, уони бахумӕ кӕнетӕ. Еци нӕдтӕбӕл ласгӕ – ласгӕй ци хуарти гагатӕ фӕккалдӕй, етӕ Хуцауи фӕрци, ести ӕвзартӕ гъӕуама исуадзонцӕ. Е ӕй уӕ еунӕг мадзал.

Лӕхъуӕн рацудӕй, гъӕубӕсти фӕсевӕди ӕрӕмбурд кодта ӕма син балӕдӕрун кодта, ци сӕ кӕнун гъӕуй, уой. Бахумӕ кодтонцӕ айдагъдӕр нӕдтӕ. Рӕстӕг рацудӕй. Кӕсунцӕ ӕма нӕдтӕбӕл мӕнӕуи ӕвзартӕ фӕззиндтӕй. Цӕсти гагуй хузӕн сӕ гъӕуай кодтонцӕ.

Ралӕудтӕй фӕззӕг. Баинайӕ кодтонцӕ сӕ хуар ӕма ’й бафснайдтонцӕ. Сӕ цийнӕн кӕрон нӕбал адтӕй, стонг мӕлӕтӕй ке фӕййервазтӕнцӕ, уобӕл. Фал уӕддӕр, ци ӕверхъау бӕлах ӕруагътонцӕ, уой нӕма лӕдӕрдтӕнцӕ, нӕма сӕмӕ багъардта. Уӕд ӕрӕгиау кадӕр хъӕрӕу зӕронд лӕги фурти сонт фарст ракодта:

– Дӕ Хуцауи туххӕй, зӕгъай нин, куд ӕргъуди кодтай, нӕдтӕ хумӕ кӕнун гъӕуй, уой?

Лӕхъуӕн ӕ фиди хабар гъӕр кӕнунмӕ нӕ гъавта, фал син фӕстагмӕ радзурдта, ӕ фиди ке нӕ рамардта, уӕрми ӕй ке баримахста, нӕдтӕ дӕр уой унаффӕ ӕма зундӕй ке бахумӕ кодтонцӕ, уой.

Фӕсевӕд, еци дзубанди ку фегъустонцӕ, уӕд ӕрлӕдӕрдтӕнцӕ сӕ рӕдуд. Зӕронд лӕги уӕрмӕй исхезун кодтонцӕ, ӕ рази сӕ уӕргутӕбӕл ӕрлӕудтӕнцӕ ӕма си хатиртӕ корунцӕ.

Зӕронд лӕг син уотӕ:

– Устур ӕма ӕверхъау рӕдуд ӕруагътайтӕ. Хуцауи размӕ раст нӕ айтӕ. Хатир дӕр фиццаг Хуцауӕй корун гъӕуй. Ӕма уин Устур Хуцау уӕ сонт рӕдуд ниххатир кӕнӕд. Идарддӕри царди сумах дӕр ӕма сумах кӕстӕрти дӕр Хуцау багъӕуай кӕнӕд уӕхӕн рӕдудӕй.

Уотӕ ’й цард: хӕдзари хестӕр хъӕрӕу, хъан сӕйгӕ ку уа, уӕддӕр ӕ фарнӕ берӕ ’й. Уӕддӕр нифси, гъомуси хуасӕ ӕй кӕстӕртӕн. Фӕлтӕртӕ кӕрӕдзей хӕццӕ къумӕлхийтӕй баст ӕнцӕ, райхалӕн, фӕххецӕнгӕнӕн син нӕййес. Хестӕрти зундбӕл, кӕстӕрти хъаурӕбӕл лӕууй ӕма ирӕзуй а зӕнхӕбӕл цард. Е лӕдӕрд уа адӕймагӕн, дуйней уодӕгасӕй цидӕриддӕр исӕнтӕстӕй, уонӕн сӕ тӕккӕ зундгиндӕрбӕл нимад ка цӕуй уомӕн, кӕд ӕма лӕдӕрд ӕй ӕнӕуой цӕрӕгойтӕн дӕр. Уой фӕдбӕл ци таурӕхътӕ ес, уонӕй уин ракӕндзинан еуей.

ХАЛОН ӔМА Ӕ БӔДӔЛТТӔ

Халон бӕрзонд сосгъӕдӕ бӕласи сӕрмӕ астъонӕ исаразта. Ӕйкитӕ си ӕрӕфтудта ӕма рауагъта цуппар бӕдоли. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте карз уарунтӕ искодта, дӕнттӕ фемӕхстӕнцӕ сосгъӕдӕ бӕласи фӕйнӕ фарси, ӕма тӕссаг адтӕй, бӕласӕ ӕд уедӕгтӕ ку раласонцӕ, уомӕй. Уӕд халон ӕ еу бӕдоли фелваста ӕма ‘й фӕххӕссуй ӕдас рауӕнмӕ. Еуцӕйдӕрбӕрцӕ ку ратахтӕй, уӕд фӕрсуй ӕ бӕдоли:

– Аци фудӕбӕнттӕ мин цӕмӕй бафеддзӕнӕ?

– Тӕхунгъон ку фӕууон, уӕд дин алли бон цъеуи мӕрдтӕ ӕма ӕндӕр аллихузон хуӕруйнӕгтӕ хӕсдзӕнӕн.

Халон айтӕ-уйтӕ нӕбал фӕккодта ӕма ӕ бӕдоли донмӕ ниггӕлста. Фӕстӕмӕ раздахтӕй, дуккаг бӕдоли бабӕй рахӕссуй ӕдас рауӕнмӕ. Тӕхуй, тӕхуй, мадта ци, ӕма бабӕй фӕрсуй ӕ бӕдоли:

– Аци фудӕбӕнттӕ мин цӕмӕй бафеддзӕнӕ?

– Тӕхунгъон ку нӕбал уай, уӕд дин алли хуӕруйнӕгтӕ хӕсдзӕнӕн.

Халон бабӕй еци бӕдоли дӕр дони ниггӕлста. Раздахтӕй фӕстӕмӕ ӕртиккаг бӕдолӕмӕ ӕма бабӕй уой дӕр иннети хузӕн, донмӕ ниггӕлста.

Мӕнӕ рахӕссуй цуппӕрӕймаг бӕдоли. Тӕхуй дони сӕрти. Дон ӕмбохуй, ӕ гъӕр арвмӕ игъусуй. Фӕрсуй бабӕй халон ӕ цуппӕрӕймаг бӕдоли:

– Ду ба мин аци фудӕбӕнттӕ цӕмӕй бафеддзӕнӕ, мӕ уарзон бӕдолӕ?

– Ду дӕ мадӕ ӕма дӕ фиди фудӕбӕнттӕ цӕмӕй бафистай, ӕз дӕр дин сӕ уомӕй бафеддзӕнӕн…

Халон нецибал загъта, фал ӕ бӕдоли донмӕ нӕбал ниггӕлста.

БЕЖАНТИ Вадими конд хузæ «Базармæ».

 

ФУРТ Ӕ НИЙЙЕРГУТӔН ГЪӔУАМА ЦИРТДЗӔВӔН УА?

Хестӕртӕн, уӕлдайдӕр ба хъиамӕтгун ниййергутӕн кадӕ кӕнун, ӕгъдау син дӕттун, сӕ зӕруай бӕнттӕ син барайдзаст кӕнун – е нӕ адӕми ‘хсӕн сауӕнгӕ недзамантӕй фӕстӕмӕ кӕстӕртӕн алкӕддӕр адтӕй ӕма идарддӕр дӕр гъӕуама уа тӕккӕ ахсгиагдӕр ӕма ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг ихӕс. Фал…
Рӕстӕгутӕ кӕрӕдзей куд ӕййевгӕ цӕунцӕ, уотӕ нӕ дзилли цардиуаги дӕр берӕ цидӕртӕ ӕййивд цӕунцӕ, гъулӕггагӕн, кӕцидӕртӕ си бустӕги ӕведауцӕй разиннунцӕ. Зӕгъӕн, кӕстӕртӕ ӕма хестӕрти ‘хсӕн рахастдзийнӕдти нури уӕнгӕ сӕрустур цӕмӕйти адтӕнцӕ нӕ адӕм, етӕ нин цӕмӕйдӕрти уоййасӕбӕл цитгийнаг нӕбал ӕнцӕ, устурзӕрдӕ сӕбӕл кӕнун байдӕдтан.

Уой фӕдбӕл дӕр, гъулӕггагӕн, берӕ дӕнцитӕ ӕрхӕссун ӕнгъезуй. Зундгонд журналист ӕма поэт Абайти Эдуард кӕддӕр ниффинста публицистон уац «Фурт ӕ фидӕн циртдзӕвӕн ӕй», ӕма си цӕбӕл финста, ӕ еци гъудитӕ абони дӕр сагъӕссаг ӕнцӕ. Ӕрхӕсдзинан си цалдӕр скъуддзаги:

… Хестӕрӕн, дан, ӕ фий расӕрфӕ ӕма ‘й зундӕй бафӕрсӕ. Зӕронд гал ауӕдзӕ нӕ ихалуй. Е ба, ӕвӕдзи, кӕстӕртӕ бафеппайдтонцӕ, уомӕн ӕма ‘й зудтонцӕ, ӕнӕ хестӕри зунд, унаффӕ, царди фӕлтӕрддзийнадӕ уонӕн дӕр зин ке уодзӕнӕй, уой. Адтӕй федар фӕткӕ ӕма ӕгъдау, ӕма сӕ е кӕддӕриддӕр ӕлваста, баста сӕ кӕрӕдзебӕл ӕзних ӕма ӕхсонау.


Нӕ синхи зӕрӕндтӕ! Тӕходуй, сумах хузӕн дзурдарӕхст, цъухидзуапгин ка ’й, дзурдамонд ка фӕцӕй сумах хузӕн. Ӕз уӕ хӕццӕ ци рацардтӕн, е мӕрдти дӕр мӕ хӕццӕ уӕд ӕма уӕлӕбӕл дӕр. Мӕ цъухӕй уӕмӕ игъустон, мӕ цъухӕй, сумах ба уӕ цъухтӕй сугъзӕринттӕ калдтайтӕ. Ӕндзуг цума бауинӕ уӕ цъухи фарни десаги кадӕнгӕмӕ, ме ’взаг цума ранихъуӕринӕ, айдагъдӕр мӕ зӕрдӕ ӕхе реуи фӕрстӕбӕл ӕхе хуаста фесхъеун ӕввонг.


«Куд хумӕтӕг, куд зӕрдегинӕй фӕццардайтӕ, мӕ дзӕбӕх зӕрӕндтӕ!..» – уотӕ бадес кодта Абайти Эдуард ӕ уаци.  Уой дӕр – цийнӕгӕнгӕй ӕма зӕрдрохсӕй. Ӕма ӕнгъӕл адтӕн, идарддӕр нин ӕхцӕуӕн хабӕрттӕ ракӕндзӕнӕй, фал…  Хъӕбӕр хъонцгӕнӕни хузӕн рауадӕй ӕ идарддӕри дзубанди: «Цӕгат Иристони нӕмӕ зӕрӕндти Хӕдзарӕ, зӕгъгӕ, ку фегъусинӕ, уӕд мӕмӕ еци хабар уоййасӕбӕл ӕнахур кӕсидӕ, ӕма ибӕл ӕнхӕст ӕууӕндгӕ дӕр нӕ кӕнинӕ. Цалинмӕ еци ӕведауцӕ гъуддаг мӕхе цӕститӕй нӕ фӕууидтон, Дзӕуӕгигъӕуи ка ’й, зӕрӕндти еци Хӕдзарӕ нӕ бабӕрӕг кодтон. Хунгӕ бӕргӕ рӕсугъд кӕнуй – «Уозӕлд». Ӕ директори хӕццӕ ку дзубанди кодтон, уӕд мин уотӕ радзурдта:

– Раздӕр нӕмӕ ирӕнттӕ берӕ нӕ уидӕ, фал нур ба, ка нӕмӕ ӕрфусун ӕй, уонӕн се ‘рдӕг иннӕ адӕмихӕттитӕй ӕнцӕ, иннӕ ‘рдӕг ба – ирӕнттӕ. Зӕронд адӕймаг ӕ бийнонти нӕбал фӕгъгъӕуй ӕма й махмӕ ӕрбакӕнунцӕ, фӕууй уотӕ ӕма ‘й къӕсӕрбӕл ниууадзунцӕ, сӕхуӕдтӕ сӕ сӕртӕ бафснайунцӕ…

Еу рӕстӕги нӕмӕ цардӕй Устур Фидибӕстон тугъди ка фӕссахъат ӕй, еу уӕхӕн лӕг. Адтӕй ин фондз гуппурсар фурти. Лӕги ци базудтон, уомӕй адтӕй хуӕдӕфсармӕ, ездон ирон лӕг ци фӕууй, е. Ку, дан, рамӕлон, уӕд мӕ макӕмӕн раттетӕ, уӕхуӕдтӕ мӕ банигӕнетӕ, зӕгъгӕ, фӕдзахста махӕн. Ку рамардӕй, уӕд нӕмӕ ӕртемӕй ӕрбацудӕнцӕ. Ӕз син ӕй нӕ лӕвардтон, фал ӕй уӕддӕр фӕлластонцӕ. Ӕз ӕма нӕ дохтир мӕрддзогойнӕ рандӕ ан. Уойбӕрцӕ адӕм имӕ ӕрӕмбурд ӕй, ӕма сӕ зӕнхӕ нӕ уорӕдта. Бӕрӕг адтӕй, адӕми ’хсӕн кадӕ ӕма радӕй ке фӕццардӕй ӕма базӕронд ӕй, е. Фурттӕ мах ку фӕууидтонцӕ, уӕд сӕ сӕртӕ ниггубур кодтонцӕ. Зиани уӕлгъос ка дзурдта, е уотӕ дзурдта, цума сӕйгӕдони рамардӕй. Ӕз мӕхе туххӕй уорӕдтон. Фӕндадтӕй мӕ адӕми ‘хсӕнмӕ рацӕун ӕма рӕстдзийнадӕ радзорун, фал, ирон ӕфсармӕмӕ гӕсгӕ, мӕ нифс нӕ бахастон, налат, къӕйних силгоймаг мӕ ку рахононцӕ, зӕгъгӕ. Хеуӕнттӕй имӕ еу дӕр хӕстӕг нӕ бацудӕй. Ӕз имӕ мӕхуӕдӕг бацудтӕн ӕма ибӕл мӕ къох байвардтон, хатир си ракурдтон, зӕгъун, кӕд дӕ рази естӕмӕй фӕррӕдудтӕн, уӕд мин ӕй ниххатир кӕнӕ».

 


Зӕрӕндти Хӕдзари ка цӕруй, етӕ, раст зӕгъгӕй, алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст рӕвдуд ӕййафунцӕ.

– Сӕхе хӕдзари ци царди уавӕртӕ ес, мӕнмӕ дӕр цӕрунцӕ уӕхӕн цардӕй, – зӕгъуй Закати Иринӕ. – Хуӕруйнаггъӕуагӕ, дзаумаугъӕуагӕ нӕ ‘нцӕ. Бонӕ хуӕрунцӕ ӕртӕ хатти. Ес син медицинон агъаз дӕр. Ес син абана, хуӕрӕндонӕ, дзаумӕуттӕхуйӕн цех, хедасӕн, кӕсӕндонӕ, аллихузон къӕбинеттӕ.

Цӕмӕй сӕ зӕрдитӕмӕ игъосунбӕл ма фӕууонцӕ, сӕхе адӕмӕй ниллӕгдӕр ма ‘нкъаронцӕ, уой туххӕй син гъазтизӕртӕ, бӕрӕгбони фингитӕ, ӕ игурӕн бон си кӕмӕн фӕууй, уомӕн ӕй банисан кӕнӕн, нӕ къох куд фӕййамонуй, уотӕ.

Агъаз дӕр нин фӕккӕнунцӕ, фал уӕддӕр еугурӕйдӕр нӕ куститӕ кӕнӕн нӕхуӕдтӕ.

Нӕхецӕй уӕлдай ма ӕнӕуой хӕдзӕртти агъаз кӕнӕн 960 адӕймагемӕн. Нӕ зӕрӕндтӕй ка рамӕлуй, уони нӕхуӕдӕг банигӕнӕн. Кирӕй, ӕмбӕрзӕнӕй, ӕндӕрӕй фӕуунцӕ нӕхе харзӕй. Мӕрдадзи куд фӕббадунцӕ, уотӕ ӕ рази нӕхуӕдтӕ фӕббадӕн, ӕ сикъити хайбӕл ӕй исӕмбӕлун кӕнуни размӕ.

Зӕрӕндти Хӕдзарӕ. Ӕ ниййерӕги ардӕмӕ ка бакодта, е ӕхсӕвӕ ӕ хуссӕни куд гъӕуама бауа адгин фунӕй, куд нӕ гъӕуама фестъӕлфа, се ‘сгъомбӕлгӕнӕг мӕ фарсмӕ ку нӕ ‘й, уотемӕй мӕ авдӕнгъӕдӕбӕл цирагъи ку тадӕй, зӕгъгӕ.

Мадӕ ӕ хъӕболи ку ралгъетуй, уӕддӕр ин арфи бӕсти цӕуй, хъӕболи къахи синдзӕ ку фӕннӕхсуй, уӕд мади зӕрдӕбӕл ӕмбӕлуй. Фал еугӕр райсун уарзис, уӕд раттун дӕр зонӕ, уомӕн ӕма дин е ихӕс ӕй. Фал уой ке нӕ фӕллӕдӕрӕн, кенӕ ба сӕ лӕдӕрун фӕндгӕ дӕр нӕ фӕккӕнуй, сӕ ниййергути еунӕгӕй ка ниууадзуй ӕма кӕмидӕрти сӕхе зӕрдидзӕбӕхӕн ка фӕццӕруй, етӕ. Ӕрӕгиау, еци хъиамӕтгун ниййергутӕ сӕ уӕлзӕнхон цардӕй ку рафӕндараст унцӕ се ‘носон дуйнемӕ, уӕд, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕрхӕндӕгӕй ке фӕззиндмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, еци кӕстӕртӕй ма, ка ‘й зонуй, кадӕртӕ фӕсмон кӕнун дӕр байдайунцӕ. Фал ма ке фӕгъгъӕуй сӕ фӕсмон… Еу уӕхӕн хабар ӕрӕги бакастӕн Цӕгат Иристони адӕмон финсӕг Даурати Дамири киунуги «Ци фӕууидтон, ци фегъустон, ци бавзурстон»-и.

 

Ме ’мбал мӕмӕ ӕрбацудӕй, ӕхца, дан, мин ӕфстау радтӕ. Ӕрӕги Мӕскуйӕй исӕздахтӕй, еу – дӕс анзей бӕрцӕ си фӕцӕй. Уӕдмӕ ӕ мадӕ рамардӕй, ӕ фидӕ дӕр. Фӕббадтан, фӕдздзубанди кодтан, ӕ царди хабӕрттӕ куд рауадӕнцӕ, уони мин фӕдздзурдта. Адтӕй фӕлладхузӕ ӕма мӕтъӕл.

Цума мӕ рази ӕ тӕрегъӕдтӕ уадзуй, уой хузӕн даргъ монологи хузӕн рауадӕй ӕ дзубанди. Ӕз ӕй нецӕбӕл фарстон, нӕ ’й бауорӕдтон, ӕцӕг ин фӕстагмӕ нифсӕвӕрӕн дзурдтӕ загътон:

– Уотӕ зӕронд нӕма дӕ, нур ма дӕбӕл, Хуцауи фӕндӕй, хуӕздӕр рӕстӕг дӕр ралӕудзӕнӕй…

Е мин мӕ цӕститӕмӕ берӕ фӕккастӕй, цума ми ӕцӕгӕйдӕр уӕхӕн дзурдтӕ фегъосун ӕнгъӕл адтӕй, уой хузӕн.

Ӕз еци ӕхсӕвӕ мӕ хуссӕни мӕтъӕл имисуйнӕгтӕ раздӕр мӕ блокноти ниффинсуйнаг адтӕн, куддӕриддӕрӕй сӕ фегъустон, уотемӕй, фал мӕ сӕри кӕцӕйдӕр дууӕ поэтикон рӕнгъи мӕхецӕн дӕр ӕнӕнгъӕлӕги ку рагӕпп кодтонцӕ, уӕд ӕй ӕз дӕр уотӕ рауагътон. Мӕнӕ си ци рауадӕй:

– Кӕддӕр, ӕвӕдза, цӕй фыдуаг уыдтӕн!
Мӕ фыды ныхас ницӕмӕ дардтон,
Мӕ сӕртӕг митӕй мӕ фӕлмӕн мады,

БЕЖАНТИ Вадими конд хузæ «Цхинвайлаг».

Мӕ фӕлмӕн мады мӕрдтӕм батардтӕн.
Ыстыр горӕттыл ӕз баууӕндыдтӕн,
Уым хӕлд чызджытӕй мӕ мондаг уагътон,
Ӕхсӕвӕй-бонӕй сӕндӕтты бадтӕн,
Ӕххуырст фӕндыртӕ мӕ номыл цагътой.
Цӕй риссаг вӕййы ӕрӕджиау фӕсмон?!
Цытӕ бакуыстон?
Мӕ сӕр кӕм уыди?
Дысон дӕр та мӕм мӕ ныййарӕг мад,
Мӕ ныййарӕг мад мӕ фынты рцыди.
Куы мын-иу дзырдта:
– Чындзаг нын равзар, –
Ӕмӕ-иу цӕссыг ӕртылд йӕ рустыл, –
Ӕппын мацы уа, фӕхъӕстӕ ма уон,
Фӕхъӕстӕ ма уон йӕ мыды къусӕй…
Бӕргӕ раздӕхтӕн…
Фӕллад, ӕгуыдзӕг.
Кӕддӕры тентекк, кӕддӕры ӕрра.
Ничи мӕм ракаст…
Нӕ къӕс ныдздзӕллаг,
Нӕ рудзгуыты бын ӕрзад пысыра.
Уӕлмӕрды  кӕрон мӕ мад, мӕ фыд дӕр, –
Мӕ сыхӕгтӕ сын цыртытӕ сагътой.
Мӕхӕдӕг та сын, сӕ иунӕг лӕппу,
Рухсаг ут, зӕгъгӕ, нырмӕ нӕ загътон.
Нӕ уаты къулыл сау бындз ӕрфынӕй.
Мӕ мад-иу мын сӕ нӕ уагъта марын.
Нӕ йӕ хъыгдарын,
Нӕ йӕ хъыгдарын…
Уый ма мын баззад ныхасӕмбалӕн…

 

ЦӔМӔЙ НӔ ИСОНИБОНИ МӔГУЙРАГ МА УӔН…

Абайти Эдуард ӕ уаци кӕрон уотӕ финсуй: «Фурт ӕ фидӕн гъӕуама циртдзӕвӕн уа ӕ арфиаг гъуддӕгутӕй ӕма рӕстзӕрдӕдзийнадӕй, кенӕ ба, дан, фудвӕд дӕр кудтӕй ӕма ӕвӕд дӕр, фал фудвӕди бӕсти ӕвӕд хуӕздӕр ӕй, зӕгъгӕ, дзурдтонцӕ Нарт.

Фӕлтӕртӕ гъӕуама кӕрӕдзебӕл баст уонцӕ, мӕнӕ фӕрдгутӕ халӕбӕл конд куд фӕуунцӕ, уотӕ. Еци халӕ ку раскъунай, уӕд разгъӕлдзӕнӕнцӕ. Фӕлтӕр ба фӕлтӕрӕй ихӕс даруй.

Сумах ба куд гъуди кӕнетӕ, газеткӕсгутӕ, аци фарстай туххӕй?..»

Нӕ зонун, газеткӕсгутӕй ка ци дзуапп ратдзӕнӕй аци фарстайӕн, фал мӕнмӕ ба уотӕ кӕсуй, ӕма алли адӕймаг дӕр ӕхуӕдӕг ӕхе ихӕсгин кӕна ӕ хестӕртӕбӕл ӕновуд унӕй ӕма син рӕстуодӕй лӕггадӕ кӕнунӕй, ӕма е уодзӕнӕй ӕ растӕй-растдӕр дзуапп.

Кӕронбӕттӕни ба ма уой зӕгъуйнаг дӕн, ӕма мин ма бауайдзӕф кӕнетӕ, бӕрӕгбони фӕдбӕл зӕрдигъӕлдзӕг дзубандити бӕсти ӕрхӕндӕг хабӕрттӕ ке ракодтон, уой туххӕй. Фал цард цард ӕй, ӕма си гъигӕзӕрдӕ фӕззиндтитӕ ку раргом уа, уӕд дӕхе нӕуинӕг искӕнӕ, уомӕй нӕхецӕн зӕран хӕссӕн. Уомӕ гӕсгӕ ба сӕбӕл ӕргомӕй дзорун, сӕ нихмӕ карзӕй архайун ӕма си хе ервӕзун кӕнун гъӕуй. Нерӕнгӕ ма ни ӕ хъаури ка ‘й, е дӕр зӕруа кӕндзӕнӕй ӕма абони нӕ кӕстӕрти хестӕрти нимайун ӕма сӕбӕл ауодуни ӕгъдаубӕл ку нӕ исахур кӕнӕн, уӕд нӕ исонибони мӕгуйраг нӕ уодзинан?..  Расагъӕс кӕнетӕ…

 

Ӕрмӕг бацӕттӕ кодта
САКЪИТИ Эльбрус.