06 октября 2024

ЗÆНХÆ КУД БАРÆВДАУÆЙ, УОТÆ ДÆ БАРÆВДАУДЗÆНÆЙ!..

18.06.2021 | 21:57

Аци загъд нин кæд нæ рагфидтæлтæй байзадæй, уæддæр æности дæргъи æ рæстадæ æма зундгиндзийнадæ æгириддæр нæ нидæн кæнуй. Цийфæнди агъазиау нæуæгдзийнæдтæ ку фæззинна, уæддæр еци æнæййевгæй цардгъон æй сæйраг фæткæ: зæнхи реубæл тиллæги номбæл нæмуг ка ниггæлдза, еци адæймаг æй Хуцауи арфæ æма адæми хуарзæнхæй хайгин.

Æ къохти гъарæй, æ арæхстдзийнадæ æма уоди рохсæй цæуй нæ алке хæдзæрттæмæ дæр хуари æма фонси бæркад. Нæ республики хецауадæ, зæнхæй тиллæг ка есуй, нæ фонси фæффулдæрбæл ка архайуй, еци механизаторти, фермерти, хе хæдзарæдти хецæутти зин, фал арфиаг фæллойнæн алкæддæр аразта æмбæлгæ уавæртæ. Еци гъудигæнгутæмæ уæлдай лæмбунæгдæр æма бæлвурддæр æргом æздæхт цæуй фæстаг рæстæгути. Уомæн ирд æвдесæн иссæй, æрæги нæ республики ци агъазиау мадзал арæзт æрцудæй, е дæр.

Цæветтонгæ, евгъуд майрæнбони, 11 июни Кирови райони Елхотти гъæуи арæзт æрцудæй республикон специализацигонд гъæууонхæдзарадон равдист «Будур-2021». Архайдтонцæ си Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади, Гъæууон хæдзаради министради разамунд, республики районти бунæттон хеунаффæйади администрацити бæрнон косгутæ, паддзахадон æма хе фермерон хæдзарæдти,  маргъдарæн фабрикити, æхсири æма дзолфицæн заводти разамунд æма косгутæ. Адтæй си архайгутæ æма иуазгутæ Хонсар Иристонæй, Кæсæг-Балхъарæй, Дагестанæй, Хъæрæсе-Черкессийæй æма Цæцæни республикитæй.

Гъæууонхæдзарадон равдист «Будур-2021» кадгин уавæри байгон кодтонцæ нæ республики Хецауади Сæрдари ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Тускъати Таймораз æма æ радзубандий загъта:

– Зæрдиагæй арфæ кæнун аци равдист исаразгутæн, иуазгутæн. Нæ бæсти регионти æма нæ республики социалон-экономикон ирæзтмæ аккаг æвæрæн ке хæссетæ, уой туххæй уи алкедæр арфи аккаг æй. Уæ фæллойни æма æнтæстити фæрци нæ бæстæ цох нæй базарадон продукттæй, ирæзунцæ гъæууон хæдзарадæ æма экономики алли къабæзтæ. Уæ фæрци æнтæстгинæй царди уагъд цæунцæ гъæууон хæдзаради ирæзти паддзахадон программитæ. Мæ цæстæ уин уарзуй нæуæг кустадон æма коммерцион æнтæститæ.

Гъæууонхæдзарадон равдист «Будур-2021» фиццаг хатт арæзт æрцудæй дууæ анзей размæ. Аци анз си архайдтонцæ гъæууонхæдзарадон товаруадзгутæ нæхе республикæ æма синхаг регионтæй. Уомæй уæлдай ма си фæууинæн адтæй тауæн, хумгæнæн, гъæууонхæдзарадон культуритæ аллихузон зианхæссæг цæрæгойтæй гъæуайгæнæн хуастæй пурфгæнæн, фонсдарунади къабази кустади нуриккон техникæ æма трактортæ.

– Аци тракторти нисан æй, фиццагидæр, гъæууонхæдзарадон ирæзтбæл архайæг паддзахадон æма хе кустуæттæ, фабрикитæ, заводти æма аллихузи фермерон хæдзарæдти разамунд æма специалистти ’хсæн гъуддаги бастдзийнадæ фæффедардæр кæнун æма сæ кæрæдзей кустадон фæлтæрддзийнади хæццæ хуæздæр базонгæ кæнун. Айдагъдæр нæ республики фермерон æма гъæууонхæдзарадон продукциуадзæг кустуæттæй аци равдисти архайдта 47 кустуати. Ци техникæ си адтæй, уомæн ба æ еу хай байзадæй нæ республики æма си пайда кæнæн паддзахадон æма хе хæдзарæдти.

Равдист-армукъай архайгутæ бозæй байзадæнцæ аци зæрдæмæдзæугæ мадзалæй. Уой туххæй сæ гъудитæ загътонцæ:

Сæлбити Беллæ, æнæнхæст бæрнондзийнади æхсæнадæ «Кироваг дзолфицæн завод»-и директор:

– Дзолфицæн завод «Кироваг» алкæддæр фæййархайуй равдисти. Косун ба райдæдта 1975 анзи. Мæнæуи æма дуккаг сорти, уæдта, æндæр инсæдтæй конд дзолтæй уæлдай фицæн адгин гултæ, фæткъугунтæ. Мæнæуи инсадæй ци дзол фицæн, уой уарзунцæ æма æхцæуæнæй æлхæнунцæ айдагъ нæ райони нæ, фал ма Дзæуæгигъæуи цæргутæ дæр. Фал нæ заводæй сахари тукæнттæмæ тæвдæй ке нæ бахъæртунцæ, уой туххæй бунæттон тукæнттæ фæййесунцæ дзол æма дзоли продукттæ Дзæуæгигъæуи паддзахадон æма хе дзолфицæн заводтæй. Еци хузи равдиститæ ба хъæбæр гъæунцæ мах, гъæууонхæдзарадон товаруадзгути. Æ исаразгутæн æхцæуæнæй арфæ кæнæн.

Миндзайти Альбинæ, хуæрзмуггаг маргъдарæн фабрикæ «Михайловскаг»-и директори хуæдæййевæг:

– Аци равдист-армукъай алли хатт дæр фæййархайæн. Нæ кустуат ци маргъи фид æма айки продукттæ уадзуй, етæ ’нцæ экологион æгъдауæй кæдзос. Нæ продукци нин æхцæуæнæй фелхæнунцæ айдагъ нæ республики цæргутæ нæ, фал ма синхаг регионти дæр. Дзæуæгигъæуи æма районти нæ фабрикæн ес æхе тукæнттæ. Нæхецæй нин нæ продукци ка фелхæнуй, еци фæлхасгæнгутæн æй уæйæ кæнæн тукæнтти аргъæй дæс проценти минкъийдæрæй. Уомæй уæлдай ма айкæ æма карки фидæй æфсадæн нæ республики сæйгæдæнттæ æма рæвдауæндæнттæ.