16 апреля 2024

«ЗÆНХÆБÆЛ ДÆМÆ ЕУ ЦАРДИ БАРÆ ХАУЙ, ÆМА УО РОХС ФÆНДИТÆ ХÆССÆГ!..»

15.04.2021 | 17:22

Дзаболати Хазби кæддæр е ‘мдзæв-гитæй еуеми уотæ багъенцъун кодта: «Нæ райхъуысдзæни къухæмдзæгъд мæ кадæн…» Æнæуой æ поэзий алли дзурд æма гъуди дæр рæстиуагæй дес-саги æууæнккаг кæд адтæнцæ, уæд æ аци загъд ба ин æгириддæр раст нæ разиндтæй. Кæд æма дууадæс æма дууинсæй анзей бæрцæ Хазби не ‘хсæн нæбал æй, уæддæр ин нерæнгæ дæр ма нæ дзиллæ номерæни къохæмд-зæгъд кæнунцæ – æ рохс ном ин ими-сæн, æ исфæлдистадæн ин аргъгонд цæуй. Уомæн æма æ хумæтæг зæнхон цардæгъдауæй дæр æма æ исфæлди-стадон хъиамæттæй дæр адтæй Рæ-стибарагген. Æ уоди кæдзосдзийнадæй игурдæнцæ æ зæгъуйнæгтæ дæр:

Дæ хæс цытджын æмæ егъау у,
Дæ фæндаг – даргъ æмæ дæрзæг…
Зæххыл дæм еу царды бар хауы,
Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!

Æма æхуæдæг дæр, зæнхæбæл имæ ци еу царди барæ æрхаудтæй, е ин кæд бустæги хуæрз цубур разиндтæй, æдеугурæй æстдæс æма инсæй анзи (1931-1969), уæддæр æй банхæст кодта федауцæй. Уомæ гæсгæ ‘й нæ дзиллæ имисунцæ æма ма берæ рæстæгути, æруагæс ни кæнуй, имисдзæнæнцæ. Абони ба ‘й мах имисæн, æ райгурдбæл 16 апърели дæс æма цуппаринсæй анзи ке æнхæст кæнуй, уой фæдбæл. Нæ газети 4-7-аг фæрстæбæл мухур кæнæн Дзаболати Хазбийæн е ‘мдзæвгитæ, уæдта æ хуарз æрдхуард æма æмар-хайæг Хъодзати Æхсари имисуйнæгтæ.