ЗÆРДЕСГÆ БÆРÆГБОН ЗАДÆЛЕСКИ
Задæлески Нанай хабари цæмæдесагдзийнадæ уой медæги æй, æма ин нæдæр дуйнеуон литератури, нæдæр ба адæмон исфæлдистади æмвазæ нæййес. «Сугъзæрийнæ Нана»,- уотæ ‘й худтонцæ нæ рагфидтæлтæ, еци номæй æй хонунцæ нæ абони фæлтæр, уæдта зæнхæбæл цалинмæ еу дигорон-ирон адæймаг уа, уæдмæ дæр уотæ уодзæнæй.
Е ци устур адæймагдзийнадæ равдиста, ци лæгæхсарæ исаразта, уомæн рабарæн некæци æскъуæлхтдзийнади хæццæ ес. Уомæ гæсгæ æ ном æй æносон. Уомæ гæсгæ нæ исусуй дзиллити зæрдити уарзт еци силгоймагмæ. Хъæбæр æстæнтæ нимад æрцудæнцæ зæнхон адæмæй изæдтæбæл. Æма уонæй еу æй Задæлески Нана.
Задæлески Нанамæ райдайæни кувтонцæ айдагъдæр гъæуи цæргутæ, уой фæсте ба имæ ковун райдæдтонцæ иннæ адæм дæр. Уотемæй, куд фæстæмæ, гъæуи, Нана кæми æрцардæй Морги лæгæти фæсте, еци хæдзарæ иссæй еугуремæн дæр кувддонæ. Хæдзари фæрсрæбун адтæй устур дор. Гъе уой фарсмæ ниндзаридæ арт сабийтæн се ‘схæссæг мадæ – Нана.
Раздæр гъæуæй балций еске ескумæ кенæ æфсадмæ ку цæуидæ, уæд æй уордигæй фæндараст кодтонцæ. Сауæнгæ ма, революций агъоммæ Америкæмæ кустагор ка нæхстæр кодта, етæ дæр Нанабæл сæхе бафæдзæхсиуонцæ. Мадта Устур Фидибæстон тугъди архайгутæй дæр беретæ (Задæлески фæсевæдæй), æргомæй дзориуонцæ фæстугъд, тугъдмæ цæудзæнæн исон, зæгъгæ, уæд мæ фуни Нанай сорæт æнæ фæууингæ нæ фæууинæ, æма уæд дуккаг бон æдасæй цудтæн лæгæмпурсти, зæгъгæ.
Куд фæстагмæ, уотæ нанай номбæл кувд кæнун райдæдтонцæ гъæуи адæм, уæлдайдæр ба, æ бунат цалцæггонд ку ‘рцудæй æма си музей арæзт ку ‘рцудæй, уæдæй фæстæмæ – августи фиццаг сабати. Мæнæ бабæй æрæги дæр, 6 августи нæ республики адæм бæрæг кодтонцæ еци цитгин бæрæгбон. Алли анз дæр æнæгъæнæ цалдæр сæдей бæрцæ адæм æрæмбурд уй ардæмæ айдагъ медком æма будурæй нæ, фал ма Уæрæсей æма фæсарæнти алли къумтæй дæр. Уæлдай æхцæуæндзийнадæ ба нин хаста сувæллæнтти уиндæ. Аци анз си адтæй дзæвгарæ фулдæр кæстæр кари сабийтæ.
Адæймагмæ уотæ кастæй, цума нуртæккæ Нана уæларвæй æртæхдзæнæй æма еци цæрæццаг сабийти æ сасуги буни бакæндзæнæй…
Сæ ниййергутæ сæ нисайнæгтæ æма сæ ковуйнæгти хæццæ бацæунцæ азгъунстмæ. Медæгæй бадуй Задæлески кардзуддæр силгоймаг Текъойти Зинæ æма син сæ зæрдæй исковуй, кæстæрти ба Нанабæл бафæдзæхсуй. Раздæр еци гъуддаг æнхæст кодтонцæ Текъойти Губатæ æма Текъойти Зæринæ.
Райдæдта официалон хай. Бæрæгбонмæ æрæмбурд уæвгутæн зæрдиаг арфæ ракодтонцæ райони администраций сæргълæууæг Лагкути Омар æма райони ветеранти Совети сæрдари хуæдæййевæг Гуæцæлти Агубе. Азæлуй «Задæлески Нанай» зар. Адæм еугурæйдæр гъостæ фестадæнцæ:
Тогуарæ æркодта, тогуарæ æркодта
Тъæпæн Дигорæбæл,
Тъæпæн Дигорæбæл…
Зари зæлтæ ниххæлеу æнцæ кæмттæбæл, фæхстæбæл, къæдзæхтæбæл. Уæлдай цæмæдесдæр игъуст ба кодтонцæ сувæллæнттæ, кæд зари дзурдтæ дзæбæх нæ лæдæрдтæнцæ, уæддæр. Фæстаг анз кизгæ кенæ биццеу кæмæн исæнтæстæй, етæ бæрæгбонмæ æрбацудæнцæ цалдæремæй æд æртигай къеретæ æма косæрттæгтæ. Фæдзæхсунцæ сæ нæуæгигурдтити. Уони ‘хсæн Текъойти Авдан. Æ цæстисугтæ æруадæнцæ æ фур æхцæуæнæй. Байрæзæд! Байрæзæд уæ фæдон, Нанай фæндон!
Райдæдта бæрæгбони концерт. Чиколай культури Галауани заргути æма кафгути къуар æвæллайгæй æвдесунцæ сæ арæхстдзийнадæ. Зар æййевуй кавди, зар – кавди… Композитор Махъоти Ацæмæз музыкалон æгъдауæй бакуста Нанай сорæт равдесунбæл. Зæрдæмæдзæугæ рауадæй æ куст æма ин уой туххæй арфæ ракодта Къибирти Амурхан. Иристон цæмæй дехтæ ма кæна, уобæл æ уод гъаруй поэтессæ Бизиккати Земфирæ. Æхе финст зар разардта Гобати Азау. Адæм тухгин æмдзæгъд кодтонцæ сæ еугуремæн дæр.
Райони «Адæмон нихæс»-и номæй Кади грамотæ лæвæрд æрцудæй бунæттон администраций сæргълæууæг Гæмаонти – Хадати Алинæн.
Фæстаг æнзти бустæгидæр æ хузæ раййивта Задæлески гъæуи æндаг бакаст. Кæддæри æгъуз æма рагон хурдæститæбæл æндегæй даст æрцудæй нæуæг дорамæдтитæ. Гъæунгтæ урух æма кæдзос. Сæ хузæ искалдтонцæ хæдзæрттæ дæр. Кæддæри уæлиндзæсæртæн сæ кой дæр нæбал ес. Алли цæрæг хæдзари тургъи дæр дон, рæзбунтæ бунмæ сæттунцæ рæзи уæзæй. Æййевуй æхе догæ, æййевунцæ адæм дæр сæ цæстингас. Айдагъдæр еци-еу хузæнæй изайуй сæ рахаст сæ фидтæлти ервæзунгæнæг Нанамæ. Зæрдæй кæбæл æууæндунцæ, æгæрон устур аргъ кæмæн кæнунцæ, сæ еци Нанамæ.
Уой фæсте еугур адæм дæр æмхузонæй æрбадтæнцæ идзаг фингитæбæл. Уæлдай дзурд, уæлдай æзмæлд си фесинмæ неке кæнуй. Уотæ домуй æгъдау, уотæ амонуй дигорон уæздандзийнадæ. Сæ еугурей цæсгæнттæбæл дæр цийнæ æма цæрæццагдзийнадæ!
О, Сугъзæрийнæ Нана, сæ еци цардуарзондзийнадæ куд некæд фесæфа, еци хуарзæнхæ син исаккаг кæнæ!
МÆРЗОЙТИ Зæирæ