11 октября 2024

ЗÆРДИРАЙÆЙ ИМИСУН ЕЦИ ФЕМБÆЛДТИТÆ…

30.09.2023 | 20:45

Абони МАМСУРАТИ Хаджи-Умари имисуйнæгтæ ке мухур кæнæн, уомæн ес цалдæр рæуаги. Фиццагидæр – зундгонд куд æй, уотемæй 2024 анзи бæрæггонд цæудзæнæй Цæгат Иристони автономий сæдæ анзей бæрæгбон. Нæ республикæ æ рæстæги цæмæй автономий бартæ райстайдæ, уобæл байархайгутæй ба еу адтæй Михаил Ивани фурт КАЛИНИН – уæди рæстæги ССР Цæдеси Центрон Æнхæстгæнæг Комитети сæрдар. Нæ республикæ æ автономий дæсанзон юбилей ку бæрæг кодта, уæд Цæгат Иристонмæ сæрмагондæй иссудæй (1934 анзи августи). Мамсурати Хаджи-Умар, æригон æфсæддон разамонæг, архайдта бæрæгбони мадзæлтти рæстæг æдасдзийнади гъуддæгутæ исаразуни, фескъуæлхтæй советон цардарæзти нихмæ знæгтæ уæд ци фудракæндтитæ исаразунмæ гъавтонцæ, уони нихмæ тохи. Уæд базонгæ ’й Калинини хæццæ, фембæлиуонцæ ма уой фæсте дæр. Уогæ уой туххæй Хаджи-Умар бæлвурдæй кой кæнуй æ имисуйнæгти…

Мамсурати Хаджи-Умар æ аци имисуйнæгтæ æ рæстæги равардта журналист Мерденти Майæмæ. Базонгæ ’нцæ Мæскуй Цæгат Иристони литературæ æма аййевади декадæ ку цудæй, еци рæстæг. Уоми Мерденти Майæ архайдта газет «Молодой коммунист»-и редакций номæй. Майæ фæстæдæр æ лæги хæццæ Мæскумæ рандæнцæ цæрунмæ, æма Хаджий хæццæ сæ уотид зонгæдзийнадæ хæлар рахастдзийнæдтæмæ рахизтæй, кæрæдземæн устур аргъ кодтонцæ. Æма Хаджи æ имисуйнæгтæ дæр Майæмæ хумæтæги нæ ниууагъта – уой дæр мæнæ ауæхæн финстæги хæццæ: «Майе Камболатовне – славной и умной дочери моего народа с бесконечным уважением…»

Хаджи æ еци финстæги æ имисуйнæгти туххæй уотæ дæр ма баханхæ кодта: «Воспоминания эти написаны случайно в течение нескольких вечеров начала января с/г, когда с тоски и холода не знал куда себя девать в Болшево, куда пошел не по своей воле.

Вероятно, я пропустил много интересного. Почему именно я начал с этой темы свои воспоминания, не могу объяснить, хотя в моей жизни были значительно более важные и интересные события и встречи. По правде говоря, писать это я набрался храбрости и из-за Вас или для Вас, поскольку как-то обещал рассказать, но так как времени на это нет, а рассказчик я не важный и вероятно писатель еще хуже, но все же рискнул.

Все, что здесь написано, как будто было только вчера! Это было в уже прошедшей и никогда неповторимой жизни!

С большим, большим уважением к Вам

Хаджи-Умар МАМСУРОВ, 01.08.1967 г.

г. Москва»

 Нур ба уæ идарддæр зонгæ кæнæн Мамсурати Хаджи-Умари имисуйнæгти хæццæ.

 

Михаил Ивани фурт Калинин мæ цардвæндагбæл хъæбæр фæббæрæг æй – уæлдайдæр ба, нæ цитгин Коммунистон партий иуонг ке исдæн, еци гъуддагбæл. Нæ партий фæлтæрдгиндæр пропагандисттæй еу, æвæдзи, сæдæгай, кенæ мингай мæн хузæн адæймæгутæ исгъомбæл кодта. Мæн радзорун фæндуй, большевикти ленинон гвардий аци дзурддзæугæ минæвари номи хæццæ баст ка ’й æма мæхуæдæг æвдесæн кæмæн адтæн, еци цаути туххæй.

Михаил Калинини фиццаг хатт хæстæгмæ ку фæууидтон, уæд аци адæймаги хæццæ комкоммæ нæ дзубанди кодтон (уомæн æма комкоммæ дзубандийæн рæуонæ гъудæй). Скæсæни фæллойнæгæнгути Мæскуй коммунистон университети ку ахур кодтон, уæд нæмæ 1922 анзи феврали æви мартъий бæнттæй еуеми æрбацудæй Калинин æма ахурдзаути хæццæ лæмбунæг фæдздзубандитæ кодта. Цæргæ æма ахур кодтан Твераг гъæунги газет «Известия»-йи редакцимæ хæстæг хæдзари (Калинини хæццæ фембæлд дæр арæзт æрцудæй еци хæдзари). Æз лæудтæн хуæнхаг биццеути хæццæ, Еугуруæрæсеуон Центрон æнхæстгæнæг комитети сæрдари бæрзонд бунат ка ахæста, еци адæймагмæ кастæн æхсицгонæй.

Михаил Ивани фурт нæ къуармæ хæстæгдæр æрбацудæй æма ни алкæмæн дæр æ къох райста. Ефстæгтæй фæстæмæ кавказæгтæ – цæцæн, мæхъæл, дагестайнæгтæ, ирæнттæ, кæсгæнттæ æма æндæртæ – национ фæлуст, гъома, цохъатæ æма бухар ходтæ ке дардтонцæ, уæдта сæмæ æнæмæнгæ тохæнгарз – хъæматæ æма дамбацатæ – ке адтæй, уомæ гæсгæ, æвæдзи, Калинин е ’ргом махæрдæмæ раздахта. Алке дæр ни æ ном æма муггагæй, уæдта æндæр хабæрттæй бафарста. Æз хуæрзæригон ке адтæн, уобæл бадес кæнгæй, уой хæццæ ба ма мин мæ муггаг базонгæй, бафарста:

– Коммунистон партий иуонг Мамсурати Сахангерий дин неци хæстæг æй?

– Мæ фиди хуæрз æнсувæр æй, – равардтон æз дзуапп.

Михаил Ивани фурт къуари иуонгти бафарста:

– Сумахæй еске аци биццеуи фиди ’нсувæр Мамсурати Сахангерий фæсмæруй?

Беретæ аразий дзуапп ку равардтонцæ, уæд Калинин мæ фиди ’нсувæри æстаун райдæдта æма ’й дзурддзæугæ революционер исхудта. Михаил Ивани фурт мин мæ фиди ’нсувæри ке растудта, уомæй мæ, раст зæгъгæй, æфсæрмий багæлста.

Фембæлди кæрони Калинин ахурдзаути берæ фарстатæн лæмбунæг дзуæппитæ равардта. Уруссагау лæгъуз ка дзурдта, еци адæм дæр Калинини хумæтæги дзубанди æнцонæй лæдæрдтæнцæ. Паддзахади разамонгутæй еуемæ лæмбунæг игъосæг адæм сæ фембæлдæй аразийæй байзадæнцæ. Гъуддæгутæ нур æнцæ æнцон лæдæрæн, уæди дзаманти ба мах, агъазиау бæсти медтугъди фронттæй Мæскумæ æрбацæуæг фæсевæд, алци нæ лæдæрдтан.

Уæд Советон хецаудзийнадæбæл цудæй æдеугурæй фæндзæймаг анз. Ефстæгтæй фæстæмæ, беретæ ни каст фæцæнцæ уæддæр еу-дууæ къласи. Гъæугæ ахургонддзийнадæ райсун ба нæ еугурей дæр хъæбæр фæндадтæй.

Кæрæдзей хæццæ лимæнæй цæрæг Коммунистон университети ахурдзаутæй цубур рæстæгмæ рауадæй федар интернационалон коллектив. Коммунистон партий Центрон Комитет не ’хсæн гъомбæладон куст æнхæст кæнун кæмæн бабарæ кодта, еци адæймæгутæ сæ ихæстæ æнаййеппæй æнхæст кодтонцæ. Кустмæ еугуремæй æвзугъддæр коммунисттæй æвзурст партион комитетæн мах кодтан устур аргъ. Партий Центрон Комитети æма адæмон комиссарти Совети бæрнон косгутæ не ’хсæн зæрдиагæй гъомбæладон куст æнхæст кодтонцæ. Калинини фембæлд хуæнхæгти хæццæ дæр баст адтæй гъомбæладон кусти хæццæ. Михаил Ивани фурт нин загъта, Советон Республики адæмти ’хсæн æнсувæрон хæлардзийнадæ федар кæнун ке гъæуй, расæ æма дини хецæндзийнæдтæ нæ нимайгæй, еугур адæмтæ дæр æмбарæ ке ’нцæ, аци гъуддаги фæдбæл æндæр гъуди кæмæ исæвзуруй, уомæ ба æхе Коммунистон партий иуонгбæл нимайуни барæ ке нæййес, уой.

Хуæрзæригонæй национализми знаггадæхæссæг менеугути хæццæ ке базонгæ дæн, уомæ гæсгæ мин аци фæззинд мæ цæргæ-цæрæнбонти дæр еминæ адтæй. Интернационалон гъомбæладæй фæстæмæ æз нæ Коммунистон партийæй (уæлдайдæр ба – партий бундорæвæрæг Владимир Ильич Ленини еузæрдиуон æмтохгæнгутæй еу, Михаил Ивани фурт Калининæй) зонун берæ хуарздзийнæдтæ.

Калинини номи хæццæ баст дуккаг цау ба мæ царди æрцудæй 1923 анзи майи астæуи. 1923 анзи 5 майи æз Коммунистон университет каст ку фæдтæн, уæд мæ, мæйи æмгъудмæ мин отпуск ратгæй, службæ кæнунмæ рарвистонцæ Цæгат Кавкази æфсæддон зилди революцион-æхсæнадон советмæ. Раст зæгъгæй, уордæмæ рандæуни размæ мин нæхемæ фæццæунæн мæйи æмгъудæй отпуск равардтонцæ. Дзæуæгигъæумæ ку исхъæрттæн, уæд мæ фиди ’нсувæр Мамсурати Сахангеримæ, уæд е куста Хуæнхон АССР-и адæмон комиссарти Совети сæрдарæй, дууæ бони фæууогæй, Ольгинскиймæ мæ ниййергути хæдзарæмæ рандæ дæн.

Мæскуй ахур кæнгæй, мæ райгурæн гъæу фæууинунмæ бæлдтæн æма, Ольгинскиймæ кæдæй-уæдæй æрцæугæй, мæ лимæнти хæццæ берæ рæстæг рарвистон. Зæгъун гъæуй уой, æма Мæскуйæй Дзæуæгигъæумæ поездæй цæуни рæстæг Цæгат Кавкази территоримæ исхъæртгæй идардæй нæ хуæнхтæ ку рауидтон, уæд фурцийнæй мæ цæстисуг дæр ма æркалдæй. Мæнбæл ходгæй, ме ’мбæлццæнттæ мæ æфсæрмий бафтудтонцæ (æфсæрми кодтон мæ райгурæн бæстæмæ мæ уарзондзийнади туххæй нæ, фал мæ зæрдиуагæ æгæр ке раргом кодтон, уой туххæй). Мæ райгурæн бæстæ (дзубанди цæуй еугур Цæгат Кавказбæл) æз нур дæр дуйней иннæ рауæнтæй еугуремæй фулдæр уарзун.

Уæд Цæгат Кавкази адтæй æзмæнст уавæр. Идард хуæнхон гъæути цæргутæн уæдиккон цаутæ æма хабæртти æцæгдзийнадæ æнхæстæй зонуни фадуæттæ ке нæ адтæй æма уомæ гæсгæ еуцæйбæрцæдæр фæстезад ке уадæнцæ, уомæй сæхе хуарзæн пайда кодтонцæ уорсгвардионти байзæдтæгтæ æма нæуæг цардарæзти нихмæ аллихузон тохгæнгутæ. Рагон æгъдæуттæй пайда кæнгæй, адæми æзманстонцæ, алли фудмиутæ аразтонцæ – сосæггай мардтонцæ советон æма партион разамонгути æма разæнгарддæрæй косгути. Уавæр хинцгæй, цæгаткавказаг фæскомцæдесонтæ æма коммунисттæ еци сæркъуæрти нихмæ тох кодтонцæ. Мæ хураз лимæнтæй беретæ Советон хецаудзийнадæ федар кæнуни фæдбæл тохи цагъди фæцæнцæ.

1929 анзи майи астæуи рабæрæг æй кавказаг адæмтæ Хуæнхон Автономон Советон Социалистон Республики исконди ке байеу æнцæ, уой кадæн гъæуама арæзт æрцудайдæ цитгингæнæн мадзæлттæ. Зундгонд адтæй, æма уонæми архайунмæ Еугурцæдесон Æнхæстгæнæг Центрон Комитети Сæрдар Михаил Калинин дæр ке иссæудзæнæй, е дæр. Бæрæгбон ба гъæуама арæзт æрцудайдæ ирон гъæу Ольгинскийи æма мæхъæлон гъæу Базоркиной ’хсæн цæугæдони рæсугъд билгæрони. Уоми гъæуама æрæмбурд адтайуонцæ Цæгат Кавкази еугур адæмти– цæцæни, мæхъæли, ирæнтти, дагестайнæгти, хъазахъæгти, кæсгæнтти, балхъайрæгти æма иннети минæвæрттæ.

Калинини иссуди бони нин сæумæй фегъосун кодтонцæ, Еугурцæдесон сæрдар кæбæлти цæудзæнæй, еци надмæ хæстæг рауæни хуæнхтæ æма гъæдти сæхе ци бандитæ римахстонцæ, уонæй кæцидæри сæркъуæртæ риндзи сæхе ке ниссосæг кодтонцæ цитгин иуазæги нихмæ знаггадæ исаразуни фæндæй. (Нæкæси, фæстæдæр куд исбæрæг æй, уотемæй Калинин е ’мбæлтти хæццæ æвудæй иннæ надбæл æрбацудæй…)

Партион организаций секретарь Беликкати Къолай бардзурдмæ гæсгæ æз цалдæр гæрзефтонг фæскомцæдесони рамбурд кодтон, уотемæй уони хæццæ бæхтæбæл фæннæхстæр ан, сæркъуæртæ сæхе кæми æрримахстонцæ, зæгъгæ, нин ци рауæн байамудтонцæ, уордæмæ.

Бæхтæбæл пихситæмæ куддæр бахъæрттан, уотæ сæркъуæрти хæццæ уайтæккæ истухтан. Дæс æма инсæй адæймагей бæрцæ кæми адтæй, сæркъуæрти еци къуар еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте нигулæнæрдæмæ гъæдæмæ сидзимудзи цæун байдæдта. Фæскомцæдесонтæ берæ ’нцæ, зæгъгæ, уотæ æнгъæл ци знаг адтæй, уой соргæй (мах фулдæр хъæлæба æма æхсгæ барæй кодтан, цæмæй, мах фудгæнгутæн сæхецæй берæ фулдæр ан, зæгъгæ, куд æнгъалдтайуонцæ, уотемæй ба адтан æдеугурæй дууадæс адæймаги), рамардтан цуппар бæхи, дууæ фудгæнæги ба исирдтан мæрдтæй. Фæстæдæр куд рабæрæг æй, уотемæй фудгæнгутæ сæ иннæ мæрдти сæ хæццæ фæлластонцæ.

Адæми дзубандимæ гæсгæ, мах уæлæнгай нигæд ке бакодтан, еци дууæ сæркъуæремæй уæлдай фудгæнгутæй ма фæммард æй никкидæр фондз æма фæццæф æй дууæ адæймаги. Мах къуарæй гъигæдард баййафтон айдагъдæр æз: мæ къах фæццæф æй, æма мæ сæйгæдони нихъхъан кæнун кодтонцæ. Цубурдзурдæй, бæрæгбон æнæ мæнæй рацудæй. Сæркъуæрти хæццæ тугъди ке фæццæф дæн, еци хабар ба æфсæддон зилди штабæн фегъосун кодтонцæ æма мæ сæйгæдонæмæ бахъæртун кодтонцæ. Уоми мæ бабæрæг кодтонцæ Хуæнхон Республики разамунди иуонгтæ дæр. Калинини знагæй ке багъæуай кодтон, уой туххæй мин райарфæ кодтонцæ, уæдта, нæмуги цæфæй мæ хæлаф ке раскъудæй, уой туххæй ба мин нæуæг фæлуст балæвар кодтонцæ.

Нæуæг Советон хецаудзийнади сæрбæлтау знаги нихмæ карз тохи иристойнæгтæй берæ адæм фæммард æй. Фиццаг фæскомцæдесонти еу хай фæммард æй Советон хецаудзийнади исæвзурди фиццаг æнзти знаги къохæй, иннæ хай ба байсавдæй 1937-1939 æнзти «хеуæнтти» фудракæндити æма гадзирахатдзийнади фудæй. Еци «хеуæнтти» туххæй зæгъун гъæуй минкъий бæлвурддæр. Бæсти иннæ рауæнти куд адтæй, уой æз нæ зонун, фал махмæ ба æ дзамани Советон хецаудзийнадæ ке бахъор кодта, уонæй æма сæ хъозæнттæй амунд æнзти советон æма партион разамунди бунæттæмæ (уæлдайдæр ба – медгъуддæгути оргæнтæмæ) хийнæй ка байервазтæй, еци «хеуæнттæ» (æнсувæртæ, хуæртæ, цæуæт æма æндæртæ) рæстуоддæр коммунистти æма фæскомцæдесонти ниццагътонцæ. Советон хецаудзийнадæ кæдзос фæндити хæццæ ка аразта, уонæй беретæ «адæми знæгти» номи хæццæ цагъди фæцæнцæ, Советон хецаудзийнади нихмæ æцæгæй ка тухтæй æма ин æ хуæздæр аразгути ка бабун кодта, уонæй беретæн ба цæмæдæр гæсгæ паддзахадæ пенси ке фиста, уомæй мæмæ дессагдæр æма æбуалгъдæр неци кæсуй.

Фиццаг фæскомцæдесонтæй уæлдай фулдæр ба фæммард æнцæ Устур Фидибæстон тугъди будурти (мæ бон æй уотæ зæгъун, æма тугъди сау базур мæ райгурæн Ольгинскийи алли хæдзарæбæл дæр æхе æритудта). Уогæ е сæрмагондæй бæлвурддæр дзубандий аккаг фарста æй. Фал мæнæ абони ба мæ зæгъуйнæгтæ æндæр гъуддæгути фæдбæл æнцæ, уомæ гæсгæ ба мæ идарддæри дзубанди тугъди дзаманæй раздахдзæнæн 20-30-аг æнзтæмæ æма уин лæмбунæгдæрæй радзордзæнæн, 1924 анзи сæрди Ольгинскийи ка æрцудæй, еу уæхæн цауи.

Ольгинскиймæ Калинини иссуди рæстæг (1923 анзи) мæбæл ка æрцудæй, еци намугдзæфи фæсте ку исдзæбæх дæн, уæд мæ рарвистонцæ Ростов-Дони æрбунæттон уæвæг Цæгат Кавкази æфсæддон зилди штабмæ. Ами мæ иснисан кæнунмæ гъавтонцæ æфсæддон-политикон скъолай къурсити хецауæй, фал æз мæ разамундæй ракурдтон, 1924 анзи майи скъола каст ка гъæуама фæцайдæ, еци къурси хæццæ мин æй еумæ каст фæууни барæ раттун. Мæ курдиадæбæл мин исарази ’нцæ, исæвардтонцæ мæ взводи командири агъазгæнæгæй æма гъе уотемæй 1924 анзи майи каст фæдтæн æфсæддон-политикон скъола. Мæскуй Коммунистон университет каст фæууогæй, политикон уагæй хуæрзцæттæ ке адтæн, уомæ гæсгæ æфсæддон-политикон скъола каст фæууни фæсте фæлварæнтæ лæвардтон сæйрагдæр æфсæддон дисциплинитæй. Взводи æма эскадрони командиртæ Драницын æма Ильин мин сæ зонундзийнæдтæй парахаттæй ке хай кодтонцæ, уомæ гæсгæ сæ абони дæр зæрдæхцæуæнæй имисун.

Мæ хæццæ еумæ ахур кодтонцæ медбæстон тугъди дзамани тохæг æфсади взводи командиртæй берæ рæстæг баслужбæгæнæг дууæ хуарз æмбали – коммунисттæ Леня Карнач æма Арон Зак. Æфсæддон ахургæнæндонæ каст фæууни фæсте Карначи иснисан кодтонцæ полкки æфсæддон комиссари агъазгæнæгæй, Заки – дивизий политхайади инструкторæй, мæн ба – аци ахургæнæндони национ къурси хецауæй.

Æфсæддон скъола каст ка фæцæй, уонæн еугуремæн дæр равардтонцæ нæуæг фæлуст, мæйи æмгъудмæ отпуск, уæдта отпускæн æмбæлгæ æхца. Леня æма Арон отпуск кæми рарвистайуонцæ, е син нæ адтæй, æма син загътон, кæд сæ фæндуй, уæд сæ отпуск мæ хæццæ Ольгинскийи рарветæнтæ, зæгъгæ. Кæдзос уæлдæф (Закæн æ рæугутæ дзæбæхкæнуйнаг адтæнцæ) æма хуæрзадæ хуæруйнагæй (стонг 1921-1922 æнзти фæсте сахари хуаллаг парахаттæй нæ адтæй) син зæрдæ байвардтон. Етæ уайтæккæдæр исарази æнцæ, æма Ольгинскиймæ еумæ рараст ан.

Уайтæкки ольгинскаг фæскомцæдесонти хæццæ базонгæ уогæй, иуазгутæ бунæттон адæми астæу зæрдиагæй гъомбæладон куст æнхæст кæнун райдæдтонцæ. Карнач æма Закæн уæлдай хæлар бастдзийнадæ исæвзурдæй гъæуи фæскомцæдесон организаций секретарь æма мæ фиди ’нсувæри лæхъуæн Хъасболати (гъæубæсти медæгæ ‘й Чопа худтонцæ) хæццæ.

Гъæуккаг фæсевæди раздзæуæг, фæстезад æгъдæутти знаг Чопа уомæй анз раздæр уосæ æрхудта. Еухатт изæрæй дуармæ куд бадтан, уотемæй нæмæ фæззиндтæй Чопа æма нин фегъосун кодта, æ уоси æрвадтæлтæ ин æ нæуæгигурд биццеуæн хунæ ке ’рбахастонцæ æма нæ уомæ гæсгæ ба æхемæ ке хонуй, уæхæн хабар.

– Сумах бал иуазгути хæццæ рабаддзинайтæ, ракафдзинайтæ, цалинмæ æз мæ бæх цæугæдонмæ дон ин бадарунмæ ракæнон, хæдзари изæйрон куститæ ракæнон, уæдмæ… Берæ нæ радзебæл уодзæнæн… Уæдта уæмæ æз дæр зиндзæнæн æма уæ хæццæ рабаддзæнæн…

Чопа мæнæн æма мæ фиди иннæ æнсувæр Бимболатæн (Валодяйæн) бафæдзахста иуазгутæн тукани тамаку балхæнун. Зæгъун гъæуй уой, æма уæди дзамани кæстæртæй тамаку думдтонцæ ефстæгтæ.

Уодзæнæй ма.