07 декабря 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪД ФАТ ӔЙ!..

18.09.2021 | 16:33

Еууӕхӕни, дан, пъиристӕф ӕхе ‘ртадта мали. Накӕ кӕнун нӕ зудта ӕма нихъулун байдӕдта. Еци рӕстӕг уобӕлти ӕрбацудӕй мӕгур лӕг, ӕма, уавӕр ралӕдӕргӕй, ӕхе багӕлста малмӕ пъиристӕфи донӕй исласта.

Пъиристӕф ку ӕрӕскъидтӕй ӕма ӕ кеми ку ‘рцудӕй, уӕд фӕрсуй мӕгур лӕги:

– Ка дӕ, зӕгъай мин ӕй.

– Хумӕтӕги мӕгур лӕг дӕн, – дзуапп ин равардта ӕ ервӕзунгӕнӕг.

– Нӕ, нӕ, зӕгъӕ мин дӕ ном, ӕз ба дӕ лӕвӕртти буни фӕккӕнон! – дзоруй имӕ пъиристӕф.

– Неци мӕ гъӕуй, цӕй лӕвӕрттӕ мин кӕнис: лӕг исавдӕй ӕма ‘й фӕййервӕзун кодтон… Уой туххӕй цӕй лӕвар гъӕуй?

– Ӕз ка дӕн, уой нӕ зонис, ӕвӕдзи? Ӕз пъиристӕф дӕн!

– Ус!.. Сабур уо, дӕ мӕрдти хатирӕй!.. Макӕмӕн ӕй исгъӕр кӕнӕ, ӕз дӕ фӕййервзун кодтон, уой: адӕм мӕ бахуӕрдзӕнӕнцӕ.


Нӕ рагфидтӕлтӕ хумӕтӕги нӕ зӕгъиуонцӕ: «Фудзӕрдӕ лӕг ку рамӕлуй, адӕмӕн хуарздзийнадӕ уӕд бакӕнуй!..» Неке рамӕлунмӕ бӕллӕн, фал уӕддӕр алли доги дӕр адӕмӕн гъезӕмӕрттӕ ‘взарун кодтонцӕ, фуд ракӕнунӕй ӕхе ка дессаг кодта, уӕхӕнттӕ. Уӕлдайдӕр ба хецаудзийнади ести зингӕ бунат ӕрахӕсгӕй, ести мулкитӕй фегӕр уогӕй. Ӕма абони ба уотӕ нӕй? Еугурадӕмон есбонадӕбӕл еци ӕдзӕсгонӕй ка фӕххӕлӕф кодта ӕма сӕ фурбонгиндзийнади сӕнттадӕй дзилли ка мӕстмарӕн кӕнуй, еци цӕстфӕлдахгути куд исхонӕн ес? Фуддӕрӕй фуддӕртӕ – ӕндӕр куд! Уогӕ син мах илгъдзийнадӕ  саскъи фӕххуӕсти хузӕн дӕр нӕй. Е нӕ, фал ни сӕхуӕдтӕ илгъ кӕнунцӕ – цӕстисиндзӕ син ан… Уонӕн дӕр ӕма се ‘нӕнвӕрсон  цӕуӕтӕн дӕр. Баруагӕс уи уӕд, еске си ести бӕлахи ку бахауй, уӕд ин адӕми ‘рдигӕй тӕрегъӕдгӕнӕг нӕ разиннуй, уӕдта нӕ разиндзӕнӕй…

 Анахарсис, рагонскифаг курухон лӕг: «Ци нӕ гъӕуй, уонӕбӕл хӕрзтӕ ку кӕнай, уӕд дин, ӕнӕмӕнгӕ ци гъӕуй, уонӕбӕл хӕрзтӕ кӕнуни фадуат нӕбал уодзӕнӕй…»

Аци загъд цӕйбӕрцӕбӕл раст ӕй, уомӕн берӕ дӕнцитӕ ӕрхӕссӕн ес нӕ абони цардӕй дӕр. Зӕгъӕн, «Роскосмос»-и нури разамонӕг Дмитрий Рогозин, ӕхецӕй хъӕбӕр боз уогӕй, рахабар кӕнуй, космосмӕ ӕгириддӕр ка неци барӕ даруй, уӕхӕн гъуддӕгутӕбӕл цӕйбӕрцӕбӕл берӕ ӕхцатӕ харз кӕнунцӕ. Уотемӕй ба нӕ паддзахадӕн хъӕбӕр ахсгиаг къабази гъӕугӕ хузи райрӕзтӕн фӕрӕзнитӕ нӕ фагӕ кӕнуй, космоси ци орбиталон станцӕ косуй, е «мӕнӕ-мӕнӕ» кӕнуй ӕ фур ӕдзӕллагӕй.

 

Лев ТОЛСТОЙ (1828-1910), номдзуд уруссаг финсӕг: «Адӕймагмӕ хуарз цӕстӕй ку нӕ кӕсай, уӕд царди дӕ ахсгиагдӕр ихӕс не ‘нхӕст кӕнис…»

Бӕргӕ, аци зундгин фӕдзӕхст ку багъаридӕ, абони хумӕтӕг адӕймаги хузӕнон цардиуагӕ кӕмӕн аразгӕ ‘й, уонӕмӕ. Фал кунӕг!.. Куд фӕззӕгъунцӕ, ӕфсес адӕймаг, ӕстонгӕй ка гъезӕмарӕ кӕнуй, уой некӕд балӕдӕрдзӕнӕй. Гъе уомӕ гӕсгӕ «уӕрӕсейаг капитализм» ке фӕрци нӕмӕ иситинг ӕй, уонӕн сӕ еугур сагъӕстӕ дӕр ӕнцӕ сӕхе  фулдӕрдзийнадӕбӕл…

 

Станислав Ежи Лец (1909 –1966) польшӕйаг финсӕг: «Еудадзуг «Размӕ!.. Размӕ!..», зӕгъгӕ, игъосӕн, фал цирдӕмӕ тъӕбӕртт кӕнӕн, уой ба нӕ зонӕн…»

Мӕнӕ нур дӕр бабӕй ӕвзурстити размӕ еци «размӕ – размити» фӕдесгъӕртӕ кӕцирдигӕй ба нӕ райгъусунцӕ. Мӕ рохсаггаг фидӕ, хумӕтӕг зӕнхикустгӕнӕг, кӕддӕр телевизори политикти дзубандитӕмӕ берӕ фегъосгӕй, ӕрӕгиау ба загъта: «Дзоргӕ бӕргӕ рӕсугъд кӕнунцӕ, фал си еуемӕй дӕр нӕ фегъустон, аци анз таунмӕ гъавунцӕ ӕви нӕ…» Хабар уалдзигон – будуйрон кустити размӕ адтӕй.