25 апреля 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪД ФАТ ӔЙ!..

06.12.2021 | 14:41

Хӕрӕг ӕ уӕле ӕритудта домбайи цар ӕма разелӕ-базелӕ кӕнуй, ӕ алливарс ци гъӕлагӕсӕ цӕрӕгойтӕ адтӕй, уони ’хсӕн. Еу рауӕн робаси рауидта ӕма ‘й гъавта  фӕттӕрсун кӕнунмӕ. Фал ин  робас ӕ уаст ку райгъуста, уӕд имӕ дзоруй:

Баруагӕс ди уӕд, ӕз дӕр ди фӕттарстайнӕ, фал дин дӕ хъихъо-хъихъо ку райгъустон, уӕд уайсахат балӕдӕрдтӕн, ка дӕ, ци дӕ, уой…


Уотӕ ӕнӕфӕууинд адӕмӕй беретӕ се ‘схъӕл миутӕй фӕййархайунцӕ сӕхе лӕгау-лӕгтӕй равдесунмӕ, фал син сӕ дзубандитӕмӕ ка байгъосуй, етӕ уайсахат балӕдӕрунцӕ, ка ’нцӕ, ци ’нцӕ, уой.

Фал бӕлах ба е ӕй, ӕма уӕхӕн гулмузтӕ – ци ‘нцӕ, уомӕй сӕхе дессагдӕр кӕнгӕй – нӕ цардиуаги гъуддӕгути фӕдбӕл нин зундамонӕг ӕма унаффӕхӕссӕг ке исунцӕ. Уомӕй бӕлахдӕр ба е ӕй, ӕма уӕхӕн «домбай» хецауеуӕггӕнӕг ку исуй, уӕд ӕ дӕлбарӕ ка фӕууй, етӕ ин ӕ «циййес» куд нӕ фӕззонунцӕ, ӕма сӕмӕ ӕ «бардзурдтӕ» нимади дӕр нӕ фӕуунцӕ – уомӕн ӕма си нецӕмӕй фӕттӕрсунцӕ. Еци ӕгудзӕгдзийнади фудӕй ба гъезӕмари бахаунцӕ хумӕтӕг адӕм уӕхӕн «домбай» хецау син сӕ  курдиади гӕгъӕдитӕбӕл, исаразун ӕй гъӕуй, зӕгъгӕ, ку бафинсуй, уӕддӕр си неци рауайуй – ка ‘й гъӕуама ӕнхӕст кӕна, е ӕй ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг ихӕсбӕл нӕ банимайуй…

БРИТЪИАТИ Елбиздихъо (1881-1923) нӕ национ театри бундорӕвӕрӕг: «Кӕмӕ дзорис, мӕ хор? Ке кӕнис цирагъдар? Еци сагъӕси дӕхуӕдӕг цӕмӕннӕ лӕууис? Адӕм рохс дӕуӕй дӕр бакомдзӕнӕнцӕ!..»

Нури доги дӕр нӕмӕ ӕгӕр берӕ дӕр ма ӕнцӕ, еске къохтӕй цидӕртӕ аразунмӕ ка гъавуй, уӕхӕнттӕ. Ӕнӕмӕнгӕ исаразуйнаг гъуддагбӕл хъӕбӕр усхъӕзӕй дзордзӕнӕнцӕ, фал ибӕл сӕхуӕдтӕ дӕр комкоммӕ байархайдзӕнӕнцӕ, зӕгъгӕ, уӕхӕнӕй ба сӕхе ӕгириддӕр нӕ бавдесунцӕ. Нӕ маддӕлон ӕвзаги сагъӕссаг уавӕрбӕл дзоргутӕ берӕ ‘нцӕ, маддӕлон ӕвзагбӕл газеттӕ рафинсгутӕ ба – ефстӕгтӕ.

 

Виссарион БЕЛИНСКИЙ (1811-1848) номдзуд уруссаг литературон критик: «Адӕймаг е ’ндагон кӕдзосдзийнадӕ ӕма аййевдзийнӕдтӕ гъӕуама ӕ медӕггаг кӕдзосдзийнадӕ ӕма федауцӕ ӕвдесӕг уонцӕ…»

Уотӕ бӕргӕ ’й, фал ахид ба уотӕ дӕр фӕууй: ӕндагон аййевдзийнӕдтӕ ӕма кӕдзосдзийнӕдтӕ фӕрримӕхсунцӕ медӕггаг сахъатдзийнӕдтӕ ӕма цъумурдзийнӕдтӕ. Е лӕгъуз ӕй, фал уӕлдай лӕгъуз ба уӕд фӕууй, ӕма етӕ ку разиннунцӕ, нӕ цардиуаги гъуддӕгутӕ кӕмӕй аразгӕ ‘нцӕ, уони уодиконди менеугутӕ. Уотӕ ке ‘й, уой ба абони ӕвзарӕн нӕ чиновниктӕ, депутаттӕ ӕма ӕндӕр «лӕгигъӕдгунти» миути фудӕй.

 

Франсуа де ЛАРОШФУКО (1613-1680) французаг финсӕг: «Ӕцӕг фӕлмӕнзӕрди хецӕуттӕ ун сӕ бон ӕй, тухгин уодиконд кӕмӕн ес, айдагъдӕр уонӕн: иннетӕн сӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ мӕнгӕ, ӕвдесгӕ менеуӕг ӕй, ӕма син ӕнцонӕй рахезуй ӕведауцӕ ӕнӕуагӕ миутӕмӕ…»

Аци загъд финсӕг кӕд ӕма кӕд загъта, фал уӕмӕ уотӕ нӕ кӕсуй, цума ‘й мах ӕмдогонти туххӕй загъта. Ӕгӕр нӕмӕ исберӕ ‘нцӕ, ӕхе хуӕрзӕгъдаугинӕй ка ӕвдесуй, уотемӕй фудзӕрдӕ, фӕливд, мӕнгард, иннетӕбӕл гадзирахаттӕй цӕуӕг ка ‘й, уӕхӕн адӕймӕгутӕ.