05 ноября 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪДМÆ ИГЪОСÆГ КУ УИДÆ!..

22.07.2022 | 12:23

Сирдонæн, дан, æ синхонмæ дессаги хуарз æрхи агæ адтæй. Сирдон си ‘й курдта, фал имæ ‘й нæ лæвардта; æлхæдта си æй, фал ин æй нæ уæйæ кодта. Адтæй нæ адтæй, уæддæр æй бæгæни фицунмæ мæ гъæуй, зæгъгæ, рæстæгмæ исарази кодта. Уæдта ма балхæдта минкъий агæ. Æма ‘й бадзубандигонд рæстæгмæ устур аги хæццæ синхонмæ ку бахаста, уæд æй рафарста:

– Аци минкъий агæ ба ке æй?

– Дæу, мæ лимæн, дæу,– загъта Сирдон.– Дæ агæ зайуйнаг разиндтæй. Мæ хæдзари низзадæй æма дин æй æд зæнæг æрбахастон.

Синхаг бацийнæ кодта, уæхæн æнай-æнойти лæварбæл. Æма анзи фæсте бабæй си Сирдон агæ ку курдта, уæд имæй еци æхцæуæнæй февардта:

– Æцæг, æнгъæлдæн, уæззау бабæй æй æма ци низзайа, уой маци фæккæнæ!..

– Мæнмæ ин неци уодзæнæй,– зæрдæ ин байвардта Сирдон.

Рацудæй берæ рæстæг æма Сирдон ку нæ хаста фæстæмæ агæ, уæд æй синхон фæрсуй:

– Дæ хуарзæнхæй, Сирдон, еци агæ цæмæннæ хæссис?

– Гъæр кæнун дæр дин æй не ‘ндиудтон, фал рохсаг уæд дæ агæ. Зайуйнаг бабæй адтæй, æма зайгæ-зайун рамардæй…

Гъе уотемæй агæ Сирдонæн байзадæй.

***

Уой хузæн сайди  бунати равзурæн мах дæр, уæрæсейаг хумæтæг фæллойнæгæнæг дзиллæ. Еугурадæмон мулкитæ ке къохти бафтуйунцæ, етæ сæ еци хæлæфæй давунцæ æма давунцæ, махæн ба еци æдзæсгонæй рæуæнттæ кæнунцæ санкцитæ æма ма æндæр хъилматæй. Æма уæд уони фудæй нæ бонгинтæ мæгурдæр нæ, фал никки гъæздугдæр кутемæйти кæнунцæ, хумæтæг адæми уавæртæ ба гæвзугæй-гæвзугдæр кæнунцæ?

 

 Уильям БЛЕЙК (1757-1827), англисаг поэт: «Лæгигъæдæй цауд ка фæууй, е тухгин фæууй хийнæ миутæй…»

Æцæгæйдæр, мæнæ Уæрæсей цардарæзти гъуддæгутæ еугурæйдæр ке къохти ‘нцæ, етæ сæ сæйрагдæр ихæс – Фидибæстæ æма адæми хуарзæн архайун – æнхæст кæнуни лæгигъæдтæй цауд уогæй, æгæр лæгигъæдгун дæр ма æнцæ гъуддæгутæ сæ хийнæ миути фæрци айдагъдæр  сæхе пайдайæн аразунмæ.

 

 

Джонатан СВИФТ (1667-1745), англо-ирландиаг поэт: «Парти æй, беретæ еугæйтти пайдайæн ку исæрра унцæ, уæд е…»

Еци менеуæг уæлдай хъæбæрдæр рабæрæг уй æвзурстити рæстæг – алли партити фæрци «адæми минæвæрттæ» исунмæ ка фæттундзуй, етæ нин берæ аллихузон хуæрзтæй зæрдитæ  бæргæ февæрунцæ, фал сæхеуон сæхердигæй куддæр фæууй, уотæ ба си сæ сомитæ мæрдиронх фæуунцæ…

 

 

Николай ГУБЕНКО (1941-2020), УСФСР-и адæмон артист: «Гъæздугутæн сæ наци дæр  æма сæ Фидибæстæ дæр æнцæ æхца æма æфтуйæгтæ…»

Уæрæсей «нæуæг цардарæзти» ба нæмæ уæхæнттæ æгæрдæр  ма исберæ ‘нцæ  æма сæ нецæййагдзийнадæ ба уайтæккæдæр раргом æй – фудзæрдæ нæмæ дарæг паддзахæдтæ Уæрæсей нихмæ фудмиутæ аразун куддæр байдæдтонцæ, уотæ сæ «патриотизм» уайтæккæдæр фæццидæр æй, сæ фурмулкдзæстæй гириззаг миутæ кæнунбæл иселлæг æнцæ, сæ фæсарæйнаг даргути ардудæй Уæрæсебæл, «зæнхон хуцæуттæ» си кæми аразтонцæ æма æгæрон уарзтæй дæ уарзæн, зæгъгæ кæмæн сомитæ кодтонцæ, уобæл гадзирахаттæй рацудæнцæ, æ фудкойтæ ин кæнунæй нецæбæл ауæрдунцæ.