ЗУНДГИН ЗАГЪДМÆ ИГЪОСÆГ КУ УИДÆ!..
Сирдонмæ, дан, еухатт бацудæй æ синхон æма си коруй:
– Дæ хæрæг, кæд си неци косис, уæд мæмæ ‘й ку раттисæ…
– Уæу-уæу!.. Гъенур ци ракæнон?.. Минкъий раздæр ку æбацудайсæ… Дæ хуæдразæй ибæл нæ биццеу сог ласунмæ рандæй гъæдæмæ…
Куддæр уотæ загъта, уотæ æ хæрæг скъæти ниууаста.
– Ходуйнаг дин нæй, Сирдон, – бауайдзæф ин кодта синхон. – Дæ хæрæг скъæти уогæй, мæнгæттæ цæмæн дзорис?..
– Æма ‘й цæмæй зонис, скъæти æй, уой?
– Уæртæ ин æ уасун нæ игъосун?
– Нæ, ходуйнаг дæуæн æй, мæнбæл ка не ‘ууæндуй, фал хæрæги уастбæл ка æууæндуй!..
***
Мæнгæттæ дзорунмæ Сирдони кæд еске рамулдта, уæд нæ нуриккон хецауеуæггæнгутæ. Адæми цардиуаги уавæртæ хуæздæр кæнунбæл архайунæй ихæсгин уогæй, уой фæдбæл уадессагæй неци аразунцæ, уотемæй ба сæхе æстаунтæбæл иселлæг унцæ, гъома, уоййасæбæл хуарздзийнæдтæ райаразтан – æма дессаг! Æма син сæ мæнгæ дзубандити фæдбæл, ку бауайдзæф кæнунцæ, уæдта низзæрдихудтæ унцæ, цæмæннæ нæбæл не ‘ууæндетæ, зæгъгæ… Уæхæнтти туххæй ес уæхæн рагон латинаг загъд: «Цæстуингæ æцæгдзийнадæ æвдесæйнæгти гъæуагæ нæй!..» Æцæгдзийнадæ ба уæхæн æй, æма хецæуеуæггæнгутæ айдагъдæр сæхецæн аразунцæ хуарздзийнæдтæ, хумæтæг адæм ба уæхæн равгитæй æнæхай æнцæ.
Лев ТОЛСТОЙ (1828-1910), финсæг: «Ма æууæндетæ нæдæр дæхе, нæдæр æцæгæлæнтти дзубандитæбæл, æууæндетæ айдагъдæр дæхе æма æцæгæлæнтти гъуддæгутæбæл…»
Уæд мах аллихатт, куд фæззæгъунцæ, еци-еу пахсабæл цæмæн рафсæрæн?!. Хецаудзийнади хиццаг бунæттæмæ кенæ депутат исунмæ ка фæттундзуй, уони рæсугъд дзубандитæбæл баууæндæн, фал фæффудевгед уæн – сæхеуон сæхердигæй ку фæууй, уæд си сæ зæрдæвæрдтитæ феронх унцæ… Мах бæргæ фæффæсмон кæнæн, фал бабæй иннæ хатт дæр уæхæн сайди амæттаг бауæн…
Франческо ПЕТРАРКА (1304-1374), итайлаг поэт: «Мах рæстæгæй æнаккагдæр рæстæг некæдма адтæй…»
Нæ зонæн, аци номдзуд лæгмæ æ догæ уоййасæбæл æнаккаг цæмæн фæккастæй, фал, зæгъæн, мæнæ нуриккон, æнаккагдзийнæдтæй æ тæккæ идзаг рæстæги цæргæ ин ку рауадайдæ, уæдта, цума, ци загътайдæ?.. Æвæдзи нин хъæбæр зæрдристæй фæттæрегъæд кодтайдæ…
Василий СУХОМЛИНСКИЙ (1918-1970), украинаг ахургæнæг: «Дæ алли ракиндæ дæр фæббæрæг уй иннæ адæмбæл; дæ фарсмæ ма адæймаг ке ес, е ди ма уæд иронх…»
Аци зундгин загъд, бæргæ, ку фегъосиуонцæ нæ абони хецаудзинади бæрзонди бадгутæ æма ‘й ку балæдæриуонцæ цидæриддæр аразунцæ æма аразуйнаг æнцæ паддзахади цардарæзти, уони исæцæг кæнуни размæ бал сагъæс ку кæниуонцæ: нæ бæсти ци адæм цæруй, уони цардиуагæбæл «сæ реформитæ» куд фæббæрæг уодзæнæнцæ?.. Ка ‘й зонуй, уæд дзиллæ, еуемæй хецаудзийнадæй аразидæр уодзæнæнцæ, иннемæй ба сæ цæсти цитгиндæр уодзæнæй…