25 апреля 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪДМÆ МА ИГЪОСÆГ КУ УИДÆ!..

26.11.2022 | 17:08

Еу мæгур  зæнхкосæг  æ фурти хæццæ, марамæлай къæбæр амал кæнгæй, сæ бæнттæ æрвистонцæ. Еууæхæни фурт æ фидæн уотæ: «Баба, æмамонд хабар: нæ урс фесавдæй…» Фидæ ин загъта: «Æма е æнамонд хабар æй?.. Бангъæлмæ бал кæсæн…»

Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте урс фæззиндтæй, æ хæццæ ба ма емеллек дæр æрбакодта. Тæрна æ фидæмæ цийнæгæнгæй бауадæй: «Амондгун хабар: нæ бæх емеллеки хæццæ æрбаздахтæй!..» Фидæ бабæй загъта: «Уотæ æнгъæл цæмæн дæ æма е амондгун хабар æй? Бангъæлмæ бал кæсæн…»

Тæрнай бафæндадтæй емеллекбæл рабадун. Бæх æ фæстæгутæбæл ислæудтæй æма ’й разуввут ласта. Æма æ фидæн гъаст кæнуй: «Æнамонд хабар: мæ къах расастæй…» Фидæ бабæй зæгъуй: «Е дæмæ æнамонд хабар цæмæн кæсуй? Багæдзæ бал кæнæ…» Тæрнайæн æ фиди загъд уоййасæбæл æхцæуæн нæ адтæй, фал дзоргæ ба неци искодта.

Еу къуар боней фæсте императори лæгтæ еци гъæуи фæсевæди гъæуама ракодтайуонцæ цидæр тæссаг гъуддаг æнхæст кæнунмæ. Зæнхкосæги хæдзарæмæ дæр бацудæнцæ, фал тæрна цæунгъон дæр нæй, уой ку фæууидтонцæ, уæд æй æнцад ниууагътонцæ.

Гъе уæд æй фурт балæдæрдтæй: амонд æма æнамонд кæрæдзебæл баст æнцæ, берæ хæттити амонд æ фæдбæл æнамонд расайуй, æнамонд ба – амонд. Цæветтонгæ, зин сахатти алцæмæй дæр хуæздæр хуасæ – бангъæлмæ кæсун.

* * *

Кæд æцæгæйдæр, амонд æма æнамонд кæрæдзей хæццæ баст æнцæ, кæд, æцæгæйдæр, æнамонди фæсте æнæмæнгæ фæззиннуй амонд, уæд, еци китайаг зæнхкосæги зундамундмæ гæсгæ мах дæр, уæрæсейаг хумæтæг дзиллæ, арази ан никкидæр ма багæдзæ кæнунбæл. Уогæ нур цæйбæрцæ бухсæн не ’намонддзийнæдтæн, фал нæмæ амонд ба некæцæй зиннуй, кæмидæр радзебæл æй. Æма кæдмæ æнгъæлмæ кæсдзинан? Кедæр загъдау: «Атемæй ба кутемæйти?..»

 

Иоганн ГЕТЕ (1749-1832), немуцаг финсæг: «Уæхебæл æууæндун байдайетæ æма уайтæккæ базондзинайтæ, куд цæргæ уин æй, уой…»

* * *

Германий нури разамонгутæн сæ номдзуд æмзæнхони аци загъд зундгонд нæй, æндæра, ка ’й зонуй, сæхемæ æркæсиуонцæ æма ’й балæдæриуонцæ, сæ абони политикон фæливд миутæ, уæлдайдæр ба Уæрæсей нихмæ зæранхæссæг фиццагидæр сæхецæн, сæ адæмæн æнцæ.

 

Дмитрий ПИСАРЕВ (1840-1868), публицист, литературон критик: «Кæцидæр адæмæн а дуйнебæл цæйбæрцæбæл æнцондæр æма уæгъдебарæдæр уа æ цард, уоййасæбæл е хъæбæрдæр уарзуй æ райгурæн бæстæ…»

* * *

Аци гъуди, бæргæ, ку багъаридæ нæ нуриккон хецауеуæггæнгутæмæ æма адæми патриотизми фæдбæл уотид нецæмæй ихæсгингæнæг дзубандити бæсти, фулдæр архайæнтæ бæсти медæгæ адæми цардиуагæ зæрдæмæдзæугæдæр кæнунбæл. Уæд, баруагæс уи уæд, æ Фидибæстæбæл æновуд ун æма æ сæрбæлтау уодуæлдайæй архайунмæ æгæрон берæ дзиллæ разæнгарддæр уодзæнæнцæ.

Михаил САЛТЫКОВ-ЩЕДРИН (1826-1889), финсæг: «Ес æгæнонти æнæгъæнæ æфсæдтæ, кæцитæн сæ цъухи «паддзахадæ», сæ гъудити ба – къере къазнай харзæй гахи хæццæ…»

* * *

Æма нури Уæрæсей ба уотæ нæй? Паддзахади харзæй гахгун къеретæй хуæрзæфсес ка адтæй, еци «æфсæддонтæ» паддзахади сæрбæл исдзорунмæ ку багъудæнцæ, уæд фæйнердæмити фæлледзæги ’нцæ…