12 декабря 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪДМÆ МА ИГЪОСÆГ КУ УИДÆ!..

29.12.2022 | 14:07

Сталин Тегерани 1943 анзи конференций рæстæг Рузвельт æма Черчилли уоййасæбæл бакъуми кæнидæ æма си етæ бустæги исгъигæ ’нцæ, архайдтонцæ уæддæр æй естæмæй баунгæг кæнун.

Уæд дин еухатт, сæ сæумон æмбурди размæ куд дзубанди кодтонцæ, уотемæй дин Черчилль ку зæгъидæ:

– Айсоми уæхæн фун фæууидтон, цума дуйней баргин исдæн!..

– Мадта æз ба, – загъта Рузвельт, – уæхæн фун фæууидтон, цума дун-дуйней баргин исдæн!.. Ду ба циуавæр фун фæууидтай, маршæл Сталин?

– Æз ба уæхæн фун фæууидтон, – еци сæрбæрзондæй дзуапп равардта Сталин, – цума нæ исфедар кодтон нæдæр дæу, тубай Черчилль, нæдæр дæу, тубай Рузвельт…

* * *

Черчилль æма Рузвельти бундартæ, Англис æма Америки Еугонд Штатти нури баргинтæ дæр, æвæдзи, сæ фунти уидтонцæ, дуйней баргинтæ ’нцæ, зæгъгæ, æма е баруагæс æй. Фал син Уæрæсей разамунд хъæбæр æргомæй балæдæрун  кодта, сæ фунтæ цæйбæрцæбæл раст нæ ’нцæ æма сæ фæффудевгед кодта се ’рра бæлдитæй. Уомæй фæззæрдрист уогæй, нур ба нæ паддзахади нихмæ аразунцæ аллихузон фудмиутæ, сæ рæузунд хъозонти нæбæл æнседунцæ. Фал… Нæ рагфидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Æрра бæхбадæг догъи нæ разæй кæнуй…»

 

Дмитрий ЛИХАЧЕВ (1906-1999), академик: «Хе адæм хуæрзлæдæрдæй уарзундзийнадæ нецихузи ес исеугæнæн иннетæбæл æнæнвæрсондзийнади хæццæ…»

* * *

Кæддæр æмцæдесонтæ ка адтæй, еци республикитæ Советон Цæдеси фехæлди фæсте хебарæ паддзахæдтæ ку фестадæнцæ, уæд сæ баргинтæ сæхе, гъома, бундорон адæми сæрбæл дзоруни рæуонæй æнæуинондзийнади хузи кæсун байдæдтонцæ уоми цæрæг иннæ адæмихæттити минæвæрттæмæ, аллихузи сæ æфхуардтонцæ… Уой фудæй ба «сæхе» адæмтæ берæ цæмæйдæрти гъигæдард æййафунцæ… Нæ рагфидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Еске ка маруй, е æхе  дæр рамæрдзæнæй…»

 

Антон МАКАРЕНКО (1888-1939), педагог, финсæг: «Гъомбæладæн æ сæйрагдæр медес уой медæгæ ’й, æма хестæреуæггæнæг фæлтæр æ фæлтæрддзийнадæ, æ уæлмонц, е ’ууæндундзийнадæ раттуй кæстæреуæггæнæг фæлтæрмæ…»

* * *

Нæ рагфидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Хестæр – амонæг, кæстæр – ахуадæг…» Ауæхæн зундирахаст ци адæми уодиконди нæ уа æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаги ихæси хузæн, уомæн, баруагæс уи уæд, æ уæхæн цийфæндидзийнадæ фæсмойнаг исуодзæнæй исонибони – уогæ ин аккаг исонибон дæр кæми уодзæнæй…

 

Ги де МОПАССАН (1850-1893), французаг финсæг: «Æхе ка нæ нимайуй, е фудæбойнаг æй, æхецæй æгæр боз ка ’й, е ба – æдули…»

* * *

Цума нæ нури хецауеуæггæнгутæ ба кæцитæмæ хаунцæ? Еуемæй, сæхе æгæрдæр ма нимайунцæ, гæнæн æма амал циййес, уомæй сæхе некæцихузи фенæхай кæндзæнæнцæ, уой хæццæ ба сæхецæй хъæбæр ниббоз унцæ. Уой дæр – æнæфсæрмийæй. Ихæсгин ци адæмæй æнцæ, етæ ба боз æнцæ æви нæ – е сæмæ нимади дæр нæй…