12 декабря 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪДМÆ МА ИГЪОСÆГ КУ УИДÆ!..

21.01.2023 | 20:43

Дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ ку фæззиндтæнцæ, еци недзамантæй нури уæнгæ алли æхсæнади дæр ахæссунцæ зингæ бунат, дзилли зундирахастбæл сæ ахедундзийнадæ æй агъазиау. Уой хæццæ ба уой дæр зæгъун гъæуй æма алли æхсæнади дæр, цардарæзт си ци хузи уа, уомæ гæсгæ сæмæ фæууй цæстдард. Уой фæдбæл æрхæсдзинан цалдæр дæнцæни, кæцити сæ медесмæ гæсгæ рабарун æнгъезуй нæ нуриккон цардиуаги хæццæ дæр.

 

Пруссий къарол Фридрих Дуккагæн (къарол ба адтæй 1740-1786 æнзти) паддзахади сæйраг сахар  Потсдами ци галауан адтæй, уой размæ фæзи, дан, кæддæр æрæмбурд æй берæ-берæ адæм æма хъæбæр дзансахъ  кодтонцæ. Къарол æ фæсдзæуин афицери фервиста, цæмæй базона, цæй фæдбæл æй еци æстуф. Еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте е фездахтæй æма куд фегъосун кодта, уотемæй къаролбæл кадæр карздзурд памфлет ниффинста æма ’й галауани фарсбæл, исæвналунмæ имæ исхъæртæн куд нæ уа, уоййасæбæл бæрзонд рауæни ниййауигъта. Уомæ гæсгæ ба адæм æмбурдтæ кæнунцæ, еци цъифкалæн финстæг бакæсуни зæрдтæй. Еци хабар ракæнгæй, афицер загъта, гъома, галауани гъæуайгæнгутæн фегъосун кодтонцæ æма адæми дзугур æвæстеуатæй фæххæлеу кæндзæнæнцæ.

– Уæхæнæй æгириддæр неци гъæуй кæнун, – бардзурд ин равардта къарол. – Уой бæсти син байхæс кæнетæ, еци гæгъæди рафтаун æма ’й ниллæгдæр ниййауиндзун, цæмæй ке фæндуй, уони бон æй уа æнæгъигæдардæй кæсун.

* * *

Нури бæрзонди бадæг хецауеуæггæнгутæй ба беретæ уайдзæфтæн, цийфæнди бунати ку уонцæ, уæддæр бустæги æнæбухсон æнцæ. Æма, зæгъæн, еци къароли уавæри, етæ æндæр хузи бакæниуонцæ: æфхуæрæн гæгъæди рандæ кæнун кæниуонцæ, æ бунати ба ин æ ниффинсæги æрауиндзун кæниуонцæ.

 

Номдзуд уруссаг финсæг Александр Куприн Одесси ку цардæй, уæд еу бунæттон репортер исфæндæ кодта интервью си райсун æма ’й бафарста, æ хæццæ радзубанди кæнунмæ кæми фембæлун æнгъезуй. Куприн лæмбунæг æркæститæ кодта репортермæ æма ин загъта:

– Æрбацо, табуафси, исон Централон абанатæмæ, æвдæймаг сахатти æрдæгæй фæстæдæр нæ. Гъеууоми фембæлдзинан æма алцæбæлдæр радзубанди кæндзинн.

Иннæ бон изæрæй, бæгънæгæй репортери комкоммæ бадгæй, Куприн ин бæлвурдæй раргом кодта æ литературон цæстингас æма исонибонмæ æ нисантæ.

– Уæддæр дæ сæри кутемæй фæззиндтæй уæхæн æнахур фæндæ – абанай  интервью дæттун? – бафарста Куприни е ’рдхуæрдтæй еу.

– Цæмæн æнахур – ниххудтæй Куприн. – Еци репортерæн æ гъостæ æма æ къохти нихтæ уоййасæбæл цъумур адтæнцæ, æма испайда кæнун гъудæй æстæн уавæрæй,  æ цумуртæй æй искæдзос кæнунæн…

* * *

Номдзуд финсæг репортери æ бауæри цъумурдзийнадæй искæдзос кæнунæн мадзал бæргæ иссирдта, фал мæнæ нури, уодигъæдæй цъумур «репортерти» илгъагдзийнæдти цъумуртæй ба кутемæй фæййервæзæн? Цæмæй ни, рæстзæрдæ дзиллæй ма гириз кæнонцæ, нæ цардиуагæй нин хъахбайдонæ ма аразонцæ, нæ кæстæрти зундирахаст ма усхъуммитæ кæнонцæ…