08 майя 2024

ÆРГЪТÆ

24.06.2023 | 23:42

Национ банки пресс-службæ куд игъосун кæнуй, уотемæй Цæгат Иристони евгъуд мæйи хуаллаги продуктти æргътæ, фари аци афони хæццæ рабаргæй, фæнниллæгдæр æнцæ 1,4 проценти. Зæгъæн, пъæмидорти аргъ дæлæмæ æрхаудтæй, хуæргæнæсти аргъ ба уорæд æрцудæй. Фæййасландæр æй инсади аргъ дæр. Авиабилетти аргъ дæр уорæд æрцудæй. Уой хæццæ ба фæсарæйнаг хуæдтолгити æргътæбæл бафтудæй, анзи райдайæнæй уæрæсейаг сом ке фæллæмæгъдæр æй, уомæ гæсгæ. Анзи инфляци Цæгат Иристони рауадæй 2,1 проценти – Цæгат-Кавказаг федералон зилди æма æнæгъæнæй Уæрæсей бæрæггæнæнти ’хсæн е æй ниллæгдæр.