20 апреля 2024

АГЪАЗГОНД ЦÆУДЗÆНÆЙ ТУГЪДОНТИ БИЙНОНТÆН

11.03.2023 | 22:28

Цæгатиристойнæгтæй сæрмагонд тугъдон операций кадæриддæр архайуй, уони бийнонтæмæ сæ цæстæ дардзæнæнцæ социалон агъазкæнуйнади къабази косгутæ. Алли къуæре дæр бæлвурд кæндзæнæнцæ еци бийнонтæн сæ царди уавæртæ, цæмæй син афойнадæбæл агъазгонд цæуа, ци гъæуагæ уонцæ, уомæй.

Фарстатæн сæ фулдæр баст æнцæ бийнонти æнæнездзийнади фарстати хæццæ, дзæбæх кæнунæн квотитæ райсун, дохтирти æркаст æма санитарон-курортон гъуддæгути хæццæ.

Уæлдай лæмбунæг æма бæлвурд æргом æздæхт цæудзæнæй, сæрмагонд тугъдон операций рæстæг се ’фсæддон ихæстæ æнхæст кæнгæй ка фæммард æй, уони бийнонтæн агъаз кæнуни гъуддагмæ.